Кавказы инвестицион форуммæ…

0
59

Куыд иннæ регионтæ æмæ профилон федералон структурæты, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр дарддæр цæуы цæттæгæнæн куыст Кавказы инвестицион форуммæ. Ацы хатт амынд дунеон æмбырд цæудзæн 2026 азы 17-19 майы Стъараполы крайы равдыстыты дунеон центр «Минводы Экспо»-йы.

Амæй размæ куыд уыд, афтæ ныр дæр форум хъуамæ суа, федералон æмæ фæсарæйнаг структурæты, амалхъомады компанитæ æмæ Хуссар Уæрæсейы регионты, экспертон æхсæнады минæвæрттæ æмархайды фарстатыл, цымыдисаг æмæ ахадгæ инвестицион проекттæ царды рауадзыныл кæм æрдзурдзысты, ахæм фæзуат.

Цæгат Ирыстоны профилон ведомствæтæ дæр форуммæ цæттæдзинады мадзæлттыл кусынц. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй форумы куысты рæстæг республикæйы стендыл æрбынæттон уыдзысты регионы сæйрагдæр инвестицион проекттæ.

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæйы минæвар зæрдыл куыд æрлæууын кодта, афтæмæй фароны форумы Цæгат Ирыстон æмгуыстады бадзырдтæ бафыста Уæрæсейы Æфснайæн банкимæ, компани «OZON»-имæ, Санкт-Петербурджы паддзахадон технологон институт æмæ æндæр структурæтимæ. Ныр уыцы бадзырдтæ æххæст кæныныл кусынц æмбæлгæ ведомствæтæ æмæ компаниты минæвæрттæ.

Ахæм пъланыл куыст нысангонд цæуы ацы азы форуммæ дæр. Равдыст саразджытæ рагагъоммæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ацы хатт сæйрагдæр æргом здæхт æрцæудзæн Сау æмæ Хъаспы денджызты алыварс бæстæтимæ Цæгат Кавказы федералон зылды экономикон æмгуыстад парахатдæр кæнынмæ.

«Инвестицион форумы фæзуæттæ ацы хатт зынгæ фæуæрæхдæр уыдзысты, цæмæй Цæгат Кавказы регионты хъомыс æмæ авналæнтæ бæстондæр æвдыст æрцæуой, куыд экономикæйы, афтæ культурæ æмæ национ традициты къабазы дæр. Форумы программæмæ фылдæр равдыстытæ, презентацитæ, экспозицитæ, хъуыд-
даджы фембæлдтытæ кæй бахастам, уый фæрцы ахадгæдæр фадæттæ уы-
дзæн Цæгат Кавказмæ хъомысджындæр инвесторты æргом раздахынæн, цымыдисагдæр амалхъомадон хъæппæристæн цардмæ фæндаг раттынæн», – форуммæ цæттæдзинады фарстатыл дзургæйæ, бафиппайдта Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Новак.

Ацы азы равдысты цы ногдзинæдтæ фæзындзæн, уыдонæй иу уыдзæн секци «Ныхас губернаторимæ: Кавказы райрæзты рахæцæнтæ». Уыцы секцийы архайджытæ суы-
дзысты Цæгат Кавказы регионты сæргълæуджытæ – дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ æмæ эксперттæ сæ фарстытæ ратдзысты губернатортæм, аргъ скæндзысты федералон зылды субъектты дарддæры райрæзты пълантæн, бахæсдзысты сæ фæндæттæ…

Зындгонд куыд у, афтæмæй амынд дунеон равдыст арæзт цæуы Уæрæсейы Президент Владимир Путины уынаффæйæ. Форумы сæйрагдæр нысантæ сты Цæгат Кавказы федералон зылды дарддæры экономикон райрæзтæн ахъаз кæнын, ахадгæдæр инновацион проекттæ царды уадзын, егъаудæр инвесторты æргом регионмæ здахын.

Сланты Аслан

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here