Æппæты фыццаг – продукцийы  æдасдзинад

0
70

Алы аз дæр 15 мартъийы бæрæггонд æрцæуы Фæлхасгæнджыты дунеон бон, йæ темæ вæййы алыхуызон æмæ ацы аз уыдзæн ахæм: «Æдас товартæ, ныфсхаст фæлхасгæнджытæ». Сфидар æй кодта Фæлхасгæнджыты дунеон организаци, афтæмæй уый суыдзæн «Роспотребнадзор»-ы РЦИ-Аланийы управленийы куысты сæйраг рахæцæн.

Управленийы куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй товартæ æмæ лæггæдтæ ныры дуджы кæнынц парахатæй-парахатдæр, онлайн-базарад стыр санчъехтæй цæуы размæ. Ахæм уавæрты продукцийы æдасдзинады фарстатæ систы алцæмæй дæр сæйрагдæр. Уæлдай тæссагдæр та у уыцы хъуыддаг, æмæ, уæй кæныны бар кæмæн нал ис æмæ базарады зилдухæй ист чи æрцыд, ахæм товартæн раздæрау кæй ис балхæнæн интернеты.

– Дзырд «æдасдзинад» амоны, зианхæссæг буаргъæдтæ продукцийы хъуа-
мæ кæй ма уа, техникон регламентæн æмæ хæрзхъæддзинады домæнтæн продукци хъуамæ дзуапп кæй дæтта, стæй йæ пайда кæнынмæ зæрдæ хъуамæ кæй ма ‘хсайа. Уый хауы æппæт товартæм дæр – хойраг æмæ сывæллæтты хъазæнтæй райдай æмæ фæу химиимæ баст цардыуаджы товартæ æмæ вазыгджын электроникæйæ, – зæгъы «Роспотребнадзор»-ы управленийы фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны хайады хицау Плиты Аннæ.

Абоны фæлхасгæнæг алцыдæр зоны, у æмбаргæ æмæ ныфсхаст, æмæ йе ‘ргом арæхдæр здахы йе ‘лхæнинæгты экологон сыгъдæгдзинадмæ: йæ цаст дары, товар цавæр гæххæтты тыхт кæнæ цавæр къоппы æвæрд у; арæхдæр равзары, алфамбылай æрдзæн зианхæссæг чи нæ уа, ахæм органикон продукци.

Фæлхасгæнджыты дунеон бон бæрæг кæныны фæлгæты «Роспотребнадзор»-ы РЦИ-Аланийы управлени РЦИ-Аланийы Гигиенæ æмæ эпидемиологийы центримæ иумæ сараздзысты рухстауæн æмæ æмбарынгæнæн мадзæлтты къорд, се ‘хсæн: иуда-
дзыгдæр кусдзæн телефоны тематикон бастдзинад; арæзт æрцæудзæн ацы къабазимæ баст закъонæвæрынад æмбарынгæнæн лекцитæ æмæ семинартæ; куыд фæлхасгæнæг, афтæ адæмы алы къордтæ дæсны цæмæй уой, арæзт æрцæудзæн ахæм уроктæ æмæ æндæртæ.

Дедегкаты Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here