Ног Адæмон программæ

0
70

Парти «Иугонд Уæрæсе» ног Адæмон программæйы цæрæнуатон къабаз фæфидардæр кæндзæн дардмæ ахадгæ хъæппæристæй. Уыдоны ’хсæн сты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады лæггæдты хæрзхъæддзинад фæбæрзонддæр кæнын, арæзтады рæзт æмæ хæрзвадатдзинады программæтæ рапарахат кæнын.

«Иугонд Уæрæсе» Ростовы сарæзта дыккæгæм дзуапдæттæн программон форум «Ис бæрæггæнæнтæ!» Ныхас дзы цыд цæрæнуатон-комуналон хæдзарад æмæ цæрæнуæтты арæзтадыл. Хицауад партийы раз дзуапп лæвæрдта, Адæмон программæйы уагæвæрдтæ амынд къабазы куыд æххæстгонд цæуынц, уый тыххæй. Хицæн æргом аздæхтой историон регионты рæзтмæ.

Форумы архайдтой партийы генералон советы нымæрдар Владимир Якушев, Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Марат Хуснуллин, Донбасс æмæ Новороссийы, Хуссайраг Федералон зылды разамонджытæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ, «Иугонд Уæрæсе»-йы активисттæ, арæзтадон базары эксперттæ, инженертæ æмæ архитектортæ.

Владимир Якушев куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй  «Иугонд Уæрæсе» сæххæст кодта Адæмон программæйы цæрæнуатон æмæ горæтаг алфамбылайы хæрзвадатдзинады хай. Уый тыххæй бавдыста, ацы къабазы фондз азмæ партийы къухы цы бафтыд, уый бæрæггæнæнтæ. Уыимæ, партийы проект «Горæтаг алфамбылай»-мæ гæсгæ цалцæггонд æрцыдысты 50 мин æхсæнадон бынаты æмæ кæрты. Программæ æххæстгонд кæдæй цæуы, уæдæй нырмæ та – 120 мин æхсæнадон бынаты.

– Уæлдай ахсджиагдæр у, уыцы объекттæ цæрджытæ сæхæдæг кæй равзæрстой, уый. Æрмæст ивгъуыд аз ахæм хъæлæскæнынады архайдтой 17 мин адæймаджы бæрц, 2021 азæй та – 70 милуан  адæймаджы, ома, нæ бæстæйы цæрджыты æмбис. Афтæмæй хæрзвадатдзинад сси нæ иумæйаг хъуыддаг, – загъта Владимир Якушев.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, Адæмон программæ кæдæй кусы, уæдæй нырмæ нæ бæстæйы арæзт æрцыдысты 500 милуан цæрæнуатон квадратон метры, фæуæрæхдæр бинонты ипотекæйы программæ.

Партийы проект «Æдас фæндæгтæ»-мæ гæсгæ 2019-2025 азты æппæт
бæстæйы дæр сарæзтой æмæ сцалцæг кодтой фæндæгты 150 мин километры. Коммуналон инфраструктурæйы модернизацийы программæмæ гæсгæ ивд æрцыдысты коммуналон хызы 7 мин километры, бындурон цалцæг æмæ арæзт æрцыдысты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады 600 объекты.

Форумы архайджытæ ног Адæмон программæмæ бахастой сæхи хъуыдытæ. Фехъусын кодтой бæстæйы регионты социалон-экономикон рæзтимæ баст ног хъæппæристæ.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ног Адæмон программæмæ фæндæттæ бахæссыны тыххæй  фехъусын кодта партийы сæрдар Дмитрий Медведев 19 февралы партийы фыццаг дзуапдæттæн форумы Екатеринбурджы.

Партийы регионалон хайады нымæрдар Едзойты Мараты ныхасмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны дæр ацæудзæн регионалон форум.

САНАТЫ Альбинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here