Педагогикæйы ветеран

0
50

Фæндзай азы дæргъы Дзæуджыхъæуы 3-æм скъолайы ахуырдзаутæн ирон æвзаг æмæ литературæйы уроктæ чи амоны, Уæрæсейы уыцы сгуыхт ахуыргæнæг Калоты Тамарæйыл æрæджы сæххæст нæуæдз азы.

Ацы сылгоймаджы педагогон стаж æдæппæт хæццæ кæны æвдай азмæ. Ахуыргæнæджы дæсныйад равзарæг Тамарæ зæгъы: «Рагæйдæр сывæллæттæм тырныдтæн». Фидæны педагог райгуырд 1936 азы Æрыдоны. Тамарæйы сабидуг ацыд хæсты зын заман. Чызгыл авд азы куы сæххæст, уæд ын скъоламæ ахуыр кæнынмæ бацæуыны фадат нæ уыд, уымæн æмæ 1943 азы райдайæны Æрыдонæй ацæуæг немыцаг æфсæдты фæстæ бынæттон скъолатæ дæрæнгонд уыдысты. Чызг иннæ сывæллæтты хуызæн, ахуыр кæнын райдыдта афæдз фæстæдæр.

Иуцасдæр рæстæджы фæстæ Тамарæ йæхи скъоламæ ахуыргæнæгæй æрбаздæхт. Æрыгон ахуыргæнæг ам афæдзы дæргъы бакуыста, фæстæдæр та фæллой кодта Мичуриныхъæу æмæ Октябрыхъæуы ахуыргæнæндæтты. Педагогикæйы ветеран схъомыл куодта ахуырдзауты цалдæр фæлтæры. Дæсны ахуыргæнæг йæ куысты хæстæ æнæлазæй æххæст кæны, йæ цоты дæр схъомыл кодта фæллой-
уарзаг, æнæхин адæймæгтæй. Тамарæйы лæппу, зындгонд æфсæддон ра-
замонæг, инæлар-лейтенант Калоты Хасан ахсы Коллективон æдасдзинады тыххæй бадзырды организацийы иугонд штабы хицауы хæдивæджы бынат.

Фæлтæрдджын педагог ирон æвзаджы ахуырадмæ стыр æвæрæн хæссы.
Ахуыргæнæндоны коллектив куыстыл æнувыд педагогикæйы ветеранæн стыр кад кæны.

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло йæ телеграм-каналы кæй ныффыста, уыцы арфæйы тексты ис мæнæ ахæм ныхæстæ: «Калоты Тамарæйы цардвæндаг баст у ахуырадимæ. Æмгуыстгæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ дзæвгар рæстæг педагогикæйы къабазы бафæллойгæнæг ахуыргæнæгæн стыр кад кæнынц. Ацы сылгоймагмæ æз бар дарын ноджыдæр ма мæнæ ахæм æууæлмæ гæсгæ. Иумæ кæимæ ахуыр æмæ службæ кодтам, Тамарæ у мæ уыцы хорз хæлар, æнæхин æфсæддон æмбал, инæлар-лейтенант Калоты Хасаны мад.

Тамарæйæн йæ юбилейы фæдыл зæрдиаг арфæ кæнын. Мæ зæрдæ йын зæгъы фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ циндзинад, йæ хиуæттæ йын алы бон дæр йæ зæрдæ куыд рухс кæной, афтæ».

 

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here