Дегъуатæ – Æппæтуæрæсеон конкурсы уæлахиздзаутæ

0
73

Æхсызгон хабар сыхъуыст Æрæфы районæй – Дегъуаты Рустам æмæ Маринæ систы Æппæтуæрæсеон конкурс «Бинонтæ-2025»-ы уæлахиздзаутæ. Уый фæдыл сын зæрдиаг арфæ ракодтой се ‘мкусджытæ – районы Культурæйы галуаны коллектив.

Рустам æмæ Маринæйы царды аивад ахсы стыр бынат, бирæ азты дæргъы стыр æвæрæн хæссынц культурæмæ. Сæ къухы бафтыд æнгом бинонтæ саразын дæр – хъомыл кæнынц фондз сывæллоны, фæхайджын сæ кодтой хуыздæр миниуджытæй. Дегъуаты кæстæртæ сæ ныййарджытау уарзынц аивад, сæ гыццылæй фæстæмæ ахуыр кæнынц алы музыкалон инструменттыл цæгъдын, дæсны сты зарын æмæ кафынмæ, архайынц æхсæнадон царды дæр. Хæдзары сæ мад æмæ фыдæн алы хъуыддаджы дæр сты æххуысгæнджытæ.

Рустам æмæ Маринæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ царды сæйраг хæзна сты сæ бинонтæ, уый у се стырдæр курдиат.

Æвæццæгæн, рæдыд нæ уыдзæн, Дегъуаты Рустам æмæ Маринæйæн Æрæфы районы культурæ æрмæст сæ куысты бынат нæ, фæлæ сæ цардыуаг у, куы зæгъæм, уæд, æмæ ууыл цалх кæнынц сæ кæстæрты дæр.

Национ проект «Бинонтæ»-йы Æрæфы районы Культурæйы галуаны коллектив сæрæнæй архайы, йæ размæ цы нысантæ æвæры, уыдон Æппæтуæрæсеон конкурс «Бинонтæ-2025»-ы нысантимæ æмхуызон сты, æмæ уæлдай æхсызгондæр у, Дегъуатæ йæ уæлахиздзаутæ кæй систы, уый.

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here