Зынгзæрдæ Дзикка

0
75

Цытджын Октябры уæлахизтæ бахъахъхъæныны, Цæгат Ирыстоны Советон хицаудзинад æрфидар кæныны стыр æмæ зын хъуыддагыл сæ цард нывондæн æрхастой бирæ зынгзæрдæ революционертæ. Уыдоны рæнхъыты лæууыдысты Уæлладжыры комы фæсивæды хуыздæр минæвæрттæ: Бутаты Хъазыбег, Барахъты Гино, Таболты Лади, Тыджыты Налыхъ, Габолаты Ислам, Æккæлаты Дзикка æмæ бирæ æндæртæ. Сæ фылдæр хæрз æрыгонæй басыгъдысты революци æмæ кълассон тохы цæхæрты. Бирæтæ æнаххосæй баййæфтой æфхæрд. Уыдоны цард, сæ тох, сæ удыхъæд фæзминаг сты ныры фæсивæдæн.

Ам нæ ныхас уыдзæн революцийы салдат, советон хицаудзинадыл хъæбатыр тохгæнæг Æккæлаты Дзиккайы тыххæй. Йе ’взонг азты тыххæй лæмбынæг нæ дзурдзыстæм, Къостайы загъдау, æлгъыстæй, уæд надæй цы нæ бавзæрста Æккæлаты сидзæр лæппу. Фынддæсаздзыдæй фæстæмæ райдыдта æххуырсты цæуын. Уыдис хъомгæс, зæхкъахæг, уæзæгтæ хæссæг.

Азтæ згъордтой. 1904 азы Дзикка сфæнд кодта цардагур дард Харбинмæ ацæуын. Хæрзбон загъта Уыналы хъæубæстæн. Мæгуыр кæмдæриддæр мæгуыр уыд. Бирæ тухитæ, бирæ рахау-бахауты фæстæ амбæлд йе ’мзæххон Хъайтыхъты Дауытыл. Уый фæрцы ссардта æхсæвгæсы бынат. Иу афæдзы бæрц акуыстаид, афтæ амбæлд, паддзахы ныхмæ чи дзырдта, ахæм студенттыл. Дон Сунгарийы наулæууæнты арæхæй-арæхдæр уыдта сырхтырысаджын къордтæ.

«Иу студент мæм ратта сырх тырыса. Хæц, дам, ыл æмæ махимæ цом, нæ фæрæдидзынæ», – фыста Дзикка йæ автобиографийы. Уый уыд 1905 азы. Йæ зæрдæ ’хсайдта йæ райгуырæн къонамæ, Уыналмæ, Ирыстонмæ. Станцæ Челабины æрлæууыд поезд. Ам айхъуыст, зæгъгæ, иннæ поезды ис, Сыбырмæ кæй ласынц, ахæм æрыгон революционертæ. Дзиккайы зæрдыл æрбалæууыдысты йæ зонгæ студенттæ. Кæд адон дæр ахæм цардбæллон æмæ хъæбатыр лæппутæ сты, æмæ сын истæмæй феххуыс кæнын хъæуы? Тагъд-тагъд йæ дзыппæй фелвæста 15 сомы æмæ сæ вагоны рудзынгæй баппæрста. Æхца ахст адæмыл сæмбæлд, фæлæ Дзиккайы уадулыл дæр сæмбæлд жандармы цæф.

Чи цы у, чи цæуыл тох кæны, уый æмбарын райдыдта. Садоны æрзæткъахæнты кусгæйæ, йæ балцы хабæрттæ дзырдта йе ’мбæлттæн. Афтæ зæгъæн ис, уыцы рæстæджы равзæрста йæ цардвæндаг. Фæлæ йæ бахъуыд паддзахы æфсадимæ фыццаг империалистон хæстмæ фæцæуын. Æртæ азы дзы фæцис. Дыууæ хатты фæцæф. Австрийы фронты пулеметæхсджыты командæйы уæнг Æккæлайы-фырт Октябры революцийы хабар куы фехъуыста, уæд йе ’мзæххон æфсæддонты агитаци кодта большевикты фарс ралæууынмæ. Бирæ æфхæрæн ныхæстæ æмæ цæфтæ баййæфта уый тыххæй, фæлæ йæ хъуыды никуы аивта. Зыдта: æрмæстдæр большевиктæ хæцынц мæгуыр адæмы фарс.

Сæ полкъ ныппырх. Салдæттæ лыгъдысты фæйнæрдæм. Ныууагъта йæ Дзикка дæр. Æрыздæхт Ирыстонмæ. Бацагуырдта революцийы фарс хæцæг æмбæлтты. Æрлæууыд урсбандиттимæ тохгæнæг революцион къорды сæргъы. Йæ хъæбатырдзинады кой айхъуыст Ирыстоныл. Хорз зыдта йæ райгуырæн хæхты тæссаг фæндæгтæ. Знаджы размæ-иу февзæрд, æппындæр ын æнхъæл кæм нæ уыдаиккой, уым.

1918-1920 азты Уæлладжыры комыл Гуырдзымæ, Гуырдзыйæ Цæгат Ирыстонмæ цыдысты æфсæдтæ, Хуссар Ирыстонæй лыгъд адæм. Æфхæрдтой сæ алыхуызон абырджытæ, революцийы знæгтæ, истой сын сæ мулк, сæ хæцæнгæрзтæ. Дзиккайы разамындæй дæрæнгонд æрцыд куырттатыкоймаг Дзусуаты Хъуыбадыйы къорд. Сырх Æфсадæн æххуысмæ Гуырдзыйæ Цæгат Ирыстонмæ тагъд кодта Гегечкорийы къорд. Къорды разæй цы хай цыд, уый бандиттæ бастыгътой, Дзиккайæн хæсгонд æрцыд, цæмæй феххуыс кæна Гегечкорийæн. Æккæлайы-фырт кадимæ сæххæст кодта уыцы хæс дæр. Мызурæй Алагирмæ фæндаг æрæхгæдта æмæ йыл Гегечкорийы революцион къорд йеддæмæ цæуын никæй бауагъта.

1920 азы Гуырдзыйы меньшевиктæ Хуссар Ирыстонæй цы адæмы ратардтой, уыдоны æфхæрдтой æмæ стыгътой Æлдахъты Алихан æмæ Хъæрджыны-фырты къордтæ. Нæ сын ныббарста Æккæлаты Дзикка. Райста лигъдæтты маст.

Урсгвардионтæ, бынæттон знæгтæ Дзиккамæ кæд лæгæй-лæгмæ нæ уæндыдысты, уæддæр бирæ хæттыты хъавыдысты йæ амарынмæ. Сæ фыдвæнд не ’фтыд сæ къухы. Сæ маст-иу райстой æндæр хуызы: цалдæр хатты йын йæ райгуырæн хæдзар æд ис, æд бон бындзарæй сфæлдæхтой.

«Æз мæхи исбоныл никуы мæт кодтон. Бæх, æхсаргард æмæ дамбаца – мæ мулк. Фæлæ мын мæ документтæ, алыхуызон кады гæххæттытæ, æвдисæндартæ кæй басыгътой, уый мын тынг хъыг уыд», – фыста Дзикка.

Дзиккайы уыцы ныхæстыл дызæрдыг ничи кæны. Бандиттæй-иу цы хæцæнгæрзтæ æмæ цы мулк байста, уый-иу кæнæ революцийы къазнамæ, кæнæ, кæй уыдысты, уыдонæн ратта. Афтæ, Куырттаты комы æрцахста раздæры афицерты къорд, æдæппæт 35 адæймаджы. Уыдонимæ уыдысты булкъон Тугъаны-фырт, къниаз Астемыры-фырт. Булкъон Козайы-фыртмæ разынд тынг бирæ сыгъзæрин æхца. Æхца лæвæрд æрцыд къазнамæ.

1920 азы Æккæлайы-фырты снысан кодтой Алагиры районы милицæйы хицауæй. Фæлæ канд районы нæ тох кодта бандиттимæ. Йæ тохы быдыр уыд æнæхъæн Ирыстон, тынгдæр та йæ арф кæмттæ æмæ бæрзонд æфцгуытæ – знæгты æмбæхсæн ахстæттæ. Цыфæнды тæссаг уавæры, цыфæнды карз тохы дæр Æккæлаты Дзикка цæстыгагуыйау хъахъхъæдта ленинон партийы уæнджы ном æмæ кад. Знæгтæм – æгъатыр, æмбалыл – æнувыд, мæгуырæн баххуыс кæнынмæ – цæттæ. Ахæмæй зыдтой Дзиккайы йе ’мбæлттæ. Æккæлайы-фырты хорз куыстæн стыр аргъ кодтой партион, советон оргæнтæ. Бирæ кады грамотæтæ æмæ йын зынаргъ лæвæрттæ саккаг кодтой.

Бирæ хорз фæндтæ уыд Дзиккамæ. Сæ сæххæст кæнын йæ къухы нæ бафтыд. 1937 азы йæ æрцахстой. Фæцард æрмæстдæр 55 азы. Уæлладжыры комы хистæрты зæрдыл лæууы, фæлæ йæ хъуамæ зоной ног, æрыгон фæлтæртæ дæр. Хъыгагæн, йæ ном æвæрд не ’рцыд иунæг уынг, иунæг скъола, ногдзауты иунæг къордыл дæр. Уыцы рæдыд сраст кæнын æмбæлы ныр, æцæгдзинад адæмæн дзурыны рæстæджы.

Стæй ма ноджыдæр иу хъуыддаг… Куырыхон адæймæгты нæмттæ цы уынгтæ æмæ скъолатæ хæссынц, уыдон фæлгонцмæ. Хъуамæ, бирæ куы нæ уа, уæддæр дыууæ-æртæ раны фыст уа, уынг кæнæ скъола кæй ном хæссы, уый тыххæй цыбырæй, чи уыд, цы сарæзта. Уыцы хæс хауы хъæутæ æмæ горæтты разамонджытæм… Нæ разагъды лæгтæн аргъ кæнын хъуамæ зонæм.

ХЪАЙТТАТЫ Сергей
«Ирон хабæрттæ» Дзæуджыхъæу 1998 аз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here