Республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд сарæзта, уым ныхас бацахста Кавказаг инвестицион форуммæ цæттæдзинад. Дзанайы-фырты ныхасмæ гæсгæ, æппæт хъуыддажы фарстатæ хъуамæ цыбыр æмгъуыдмæ лыггонд æрцæуой.
Цæгат Ирыстоны экономикон ведомствæйы разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Олег Быкадоров куыд радзырдта, афтæмæй ныридæгæн официалон делегацийы уæнгты номхыгъд у бæрæг, йæ сæргъы – РЦИ-Аланийы разамонæг Сергей Меняйло. Куыст ма цæуы, форумы бацархайынвæнд кæмæ ис, уыцы регионалон амалхъомады минæвæрттимæ.
Амалхъомты сразæнгард кæныныл архайынц Хъæууон хæдзарад æмæ Промышленность æмæ инвестициты министрадтæ. Бацæттæ уал кодтой Цæгат Ирыстоны стенды макет æмæ йæ сфидар кæнынмæ арвыстой Уæрæсейы Экономикон рæзты министрадмæ. Уым хъуамæ Кавказаг инвестициион форум саразыны кусæг къорд йемæ сразы уа. Цæгат Ирыстоны разамынд куыд нымайынц, афтæмæй хъуамæ форумы бафыссой разыйы цалдæр бадзырды æндæр регионтæ æмæ федералон центримæ. Рагагъоммæйы нымæц у 9.
Форумы нæ республикæ йæхи равдисдзæн хъуыддаджы, спорты, культурæйы, фæсивæды программæты. Дзанайты Барис куыд радзырдта, афтæмæй уыйас рæстæг нал баззад, æппæт цæттæгæнæн хъуыддæгтæ хъуамæ конд æрцæуой. «Нæ фæзуаты æнæмæнг хъуамæ уой амалхъомады минæвæрттæ, бацархайæм æппæт цæлхæмбырдты, афтæмæй нæ бон бауыдзæн бирæ фарстатæ алыг кæнын. Алы разамонæг дæр йæ уæлдæр, федералон æмвæзады бæрнон чиновниктимæ хъуамæ бакуса», – загъта Хицауады Сæрдар.
Куыд ма фæбæрæг кодта, афтæмæй форумы алы бон дæр Цæгат Ирыстонæн суа ирд æмæ зæрдылдаринаг. «Цæгат Ирыстон у хъæздыг историйы, культурæйы, рагон традициты хицау. Уæдæ спорт, промышленность, инвестицитæ – алцыдæр хъуамæ уа бæлвырд æмæ бæрæг», – бафæдзæхста Дзанайы-фырт. Форумы хъуыддаджы хайы архайдзысты паддзахадон хицаудзинады оргæнты бæрнон кусджытæ, уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг компанитæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ, фæсивæды æмæ наукон æмæхсæнады æрвыст адæм.
Ацы ран бафысдзысты æмгуыстады бадзырдтæ, паддзахад æмæ хицæн адæймæгты ‘хсæн инвестицион проекттæ. Уæлдай æргом аздахдзысты дунеон экономикон æмгуыс-
тад рапарахат кæнынмæ.
Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ.
Нæ уацхæссæг














