Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло сарæзта республикæйы Наркотикты ныхмæ къамисы æмбырд.
Фембæлды архайджытæ: Цæгат Кавказы федералон зылды УФ-йы Президенты æххæстбарджын минæвары аппараты Цæгат Ирыстоны сæйраг федералон инспектор Сергей Гончаров, нæ регионы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег æмæ барадхъахъхъæнæг ведомствæты минæвæрттæ – æрныхас кодтой регионы фæзуатыл наркотиктимæ баст уавæрыл, стæй наркотикон фæрæзтæ æмæ психотропон буаргъæдтæй пайда кæныны цаутæ æргом кæныны фæдыл бæрнон ведомствæты æмархайды фарстатыл.
Æмбырды архайджытæ уæлдай фылдæр æргом аздæхтой ивгъуыд азы регионы наркотиктимæ баст уавæрмæ цæстдард æххæст кæныны бæрæггæнæнтæм, стæй, Цæгат Ирыстон 2030 азы æмгъуыдмæ нымад УФ-йы Наркотикты ныхмæ арæзт паддзахадон политикæйы стратегийы раззаг къабæзтæ куыд æххæст кæны, уымæ. Нæ республикæйы наркотиктимæ баст уавæр цавæр у, адæмæн наркологон медицинон æххуысæй пайда кæныны фадат ис æви нæй, стæй, наркотиктæй пайдагæнджыты куыд дзæбæх кæнынц, уыдæттыл, бæлвырд доклад кæнгæйæ, æрныхас кодта Наркотикты ныхмæ къамисы аппараты разамонæг Луизæ Лебедева.
Наркотиктæй пайдагæнджытæ маргхъæстæ куы фæвæййынц, уæд дзæбæхгæнæндæттæ, барадхъахъхъæнджытæ æмæ эпидемиологийы оргæнтæ æмгуыст куыд фæкæнынц, уый тыххæй радзырдтой «Роспотребнадзор»-ы цæгатирыс-
тойнаг управленийы разамонæджы хæдивæг Къаболаты Заремæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Митциты Астан æмæ Мидхъуыддæгты министрады наркотикты зилдухмæ цæстдарды управленийы хицау Цопанаты Тотрадз.
Наркотикты ныхмæ къамисы бардзырдтæ æххæстгонд куыд цæуынц, уый тыххæй доклад скодта УФ-йы Тæрхон æххæсткæнынады федералон службæйы цæгатирыстойнаг управленийы хицау Константин Шулаков.
Ныхас кæуыл цыд, уыцы алы фарстайы фæдыл дæр рахастæуыд бæлвырд уынаффæтæ. Æмбырды архайджытæ уæлдай фылдæр æргом аздæхтой наркотиктæй бахизыны, стæй хъуыддагмæ бардарæг структурæты æмгуыстады фарстатæм.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг æмæ
Хицауады пресс-службæ














