УФ-йы Федерацийы Советы радон æмбырды рæстæг Цæгат Ирыстонæй сенатор Виталий Назаренко доклад кæй тыххæй скодта, уыцы ног федералон закъоны хæс у бæстæйы Горæтаразæн кодексы барадон хъæндзинад аиуварс кæнын æмæ фæзуæтты комплексон райрæзты фæтк бæлвырд фæхуымæтæг кæнын.
Цæрджыты æппæт домæнтæ нымайгæйæ, зæххы зæронд кæнæ раууатмæрцæуæг хæйттыл арæзтад ног уагæй кæмæ гæсгæ æххæст кæнынц, фæзуæтты комплексон райрæзт нымад у горæтаг æмæ хъæууон фæзуæттæ сног кæныны ахæм нырыккон мадзалыл. Фæзуæтты комплексон райрæзты тыххæй уынаффæ хæссыны заман æнæмæнг нымайынц объектты (скъолатæ, фæндæгтæ, дуканитæ, рынчындæттæ) нымæц æмæ сæ хуызтæ, стæй, адæмæн ацы объекттæй æнцонæй пайда кæныны фадат уыдзæн æви нæ, уый. Ацы бæрæггæнæнтæ алы хатт дæр бахæссынц горæтаразæн фæткмæ.
Виталий Назаренкойы ныхасмæ гæсгæ, фæзуæтты комплексон райрæзты хъуаг чи у, уыцы иуæй-иу фæзуæттæн горæтаразæн фæтк кæй нæ уыд, уый аххосæй-иу барадон къуыхцытæ сæвзæрдысты (уымæн æмæ официалон æрмæгæй райсæн кæй нæ уыд, закъон домдта ахæм бæрæггæнæнтæ бацамонын).
Виталий Назаренкойы æвдыст закъон хæссы амынд фарста хуымæтæджы уагæй алыг кæныны фæндон. Фæзуатæн горæтаразæн фæтк кæд нæй, уæд нырæй фæс-
тæмæ хъæугæ бæрæггæнæнтæ бæлвырдгонд цæудзысты горæтаразæн проспекты регионалон кæнæ бынæттон нормативты бындурыл. Ацы æууæлы фæрцы уыдзæн бынæттон фæтк æмæ стандарттæй пайда кæныны фадат, уынаффæтæ цыбыр рæстæгмæ хаст цæмæй цæуой, уымæн ахъаз кæнгæйæ.
– Адæмы цардæн удæнцой уавæртæ аразгæйæ, нæ горæттæ æмæ хъæутæ цæмæй нырæй рæвдздæр рæзой, ацы закъон уымæн фæпайда уыдзæн, – зæгъы Виталий Назаренко.
Сенатортæ закъоны проект æмхъæлæсæй хорзыл банымадтой.
Æмбырды архайджытæ æдæппæт æрныхас кодтой æртын фарстайыл (уыимæ къорд дунеон бадзырды сфидар кодтой).
ÆЛБОРТЫ Зæлинæ














