Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау

0
78

РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз хæстон цауты ветерантимæ – республикæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы Ветеранты ассоциацийы уæнгтимæ фембæлд. Магкæты Олег, Туаты Артур, Саламаты Осмæн, Алыбегты Раман сты алыхуызон хъыстмæтты хицæуттæ, фæлæ сæ æрбаиу кодта Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау тохы бацæуыны фæнд.

Сæ фылдæр сæ хæдзæрттыл сæмбæлдыс-ты уæззау цæфты фæстæ, фæлæ æхсæнады цардæй дæрддзæф уæвын сæ бон нæ бацис. Ассоциацийы разамонæг Магкæты Олег ахъаззаг куыст кæны, цæмæй сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæн социализаци кæной, агуры сын куысты бынæттæ, сæ бинонтæн сын æххуыс кæны,  гуманитарон уæзæгтæ æрвиты.

Стыр æргом здахынц патриотон хъомыладмæ, ветерантæ арæх цæуынц скъоладзаутимæ фембæлдтытæм, ныхас кæнынц рæзгæ фæлтæртимæ, «лæгдзинады уроктæ» аразынц. Парламенты Сæрдар уыцы куысты тыххæй бузныг загъта, идеологон архайд раззагдæр бынатмæ кæй рахызт, уый фæбæрæг кодта. Уæрæсейы Адæмты иудзинады аз тынг ахсджиаг у, рæзгæ удтæн хъæугæ ныхæстæ ссарын сæ чысыл æмæ стыр Райгуырæн бæстæйы хæзнадзинады тыххæй сын радзурын.

«Ветеранæ æмæ рæзгæ фæлтæримæ кусгæйæ, ахсджиаг у кæрæдзийы уынгæйæ, дзурын. Хъуамæ æрыгæтты удты бавæрæм хæрзæгъдаудзинады миниуджытæ, цæмæй идеологон æгъдауæй цæттæйæ рæзой, уарзой сæ Фыдыбæстæ, æцæг патриотизм цы у, уый æмбарой. Уыцы тырнындзинады хъуамæ æрбангом уæм. Карз фæлварæнты сæрты ахызтыс-тут, фæлæ уæддæр рес-публикæйæн кад, лæггад кæнут. Бузныг уын уый тыххæй», – загъта Тускъаты Таймураз.

Ветерантæ сæхи ‘рдыгæй радзырдтой сæ царды хабæрттæ, рæгъмæ
рахастой хъуыддæгтæ банывыл кæныны фæндæттæ. Зæгъæм, куысты бынæттæ агурын æмæ æндæр ахуырад райсын. Уæлдæр кæнæ техникон ахуырад тагъд хуызы (экстерн) райсын ветерантæн у тынг хъæугæ æмæ вазыгджын фарста. Тускъаты Таймураз уыцы хъæппæрис банымадта растыл, хъуамæ сын уыцы уавæртæ кæй уой, уый тыххæй загъта йæ хъуыдытæ: «Фронты чи хæцыд æмæ ахуыр кæнын кæй фæнды, уымæн хъуамæ ахæм фадæттæ уа. Æнæмæнг, мах уыдæттыл бакусдзыстæм», – загъта Парламенты Сæрдар æмæ депутат Бæззаты Аланæн бафæдзæхста фарста комитеттимæ раиртасын.

Уымæй уæлдай, Тускъайы-фырт куыд радзырдта, афтæмæй бацæттæ кодтой федералон центрмæ курдиат, цæмæй тыхы структурæтæм куыстмæ райсыны тыххæй ветерантæй скæной кадрты фæстауæрц. Уымæй паддзахады æдас-дзинад хъæддыхдæр кæндзæн. Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæн ма Тускъаты Таймураз иу хатт раарфæ кодта, Цæгат Ирыстоны хæрзæбонæн сæ архайд ахъаз кæй кæндзæн, уый загъта.

РЦИ-Аланийы
Парламенты
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here