Зындгонд куыд у, афтæмæй хæстæгдæр рæстæг контролон-уадзæн пункт «Дæллаг Зæрæмæг» бавзардзæн бындурон рацарæзт. Ууыл сæ кусæг фембæлды æрдзырдтой Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны таможняйы службæтæ æмæ æндæр профилон структурæты минæвæрттæ.
Ныхасы архайæг уыдысты Цæгат Кавказы таможняйы управленийы хицауы фыццаг хæдивæг Дмитрий Штенберг, Цæгат Ирыстоны таможняйы разамынд, федералон паддзахадон кусæндон «Росгранстрой»-ы минæвæрттæ, Хуссар Ирыстоны таможняйы комитеты сæрдар Цоциты Алыксандр, республикæйы таможняйы зиллаччы хицау Константин Балашев, Уæрæсейы таможняйы службæйы минæвар Хуссар Ирыстоны Дмитрий Мосалев.
Фембæлды архайджытæ сбæлвырд кодтой, цалцæджы куыстыты рæс-
тæг контролон-уадзæн пункт куыд кусдзæн, уый фæтк. Куыд загъдæуыд, афтæмæй нысан æвæрд цæуы, цæмæй цалцæггæнæн-арæзтадон куыстытæ фæндаггон змæлд ма фæкъуыхцы кæной. Специалистты ныхасмæ гæсгæ, уымæн фæахъаз уыдзæн, «Дæллаг Зæрæмæджы» цы техникон цæстдарды комплекс æвæрд æрцыд, уый дæр. Ацы техникон фæрæзы фæрцы къаддæр рæстæг хардзгонд цæудзæн рог хæдтулгæты уавæрмæ цæстдардыл.
Профилон уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг ведомствæты минæвæрттæ куыд баныхас кодтой, афтæмæй контролон-уадзæн пункты модернизацийы куыстытæм уыдзæн бæстон иумæйаг цæстдард.
Дмитрий Астахов














