Æлыг алцы æнкъары

0
69

Дзаумааразæджы равг чи хаты æмæ мæнгдзинад адæймагæн чи нæ бары, æрмдæсны-керамист Зассеты Мæдинæ æлыг нымайы ахæм удæгас хомагыл. Ацы сылгоймагмæ йæ дæсныйады тыххæй цалдæр фарсты раттон.

– Мæдинæ, дурын дзаумæттæ аразын куыд райдыдтай? Æлыгимæ кæй архайдзынæ, уый кæд бамбæрстай?

– Райдайæны ахуыр кодтон Дзæуджыхъæуы педагогон колледжы ювелирон хайады. Фæлæ куыстæй нæ ахуыргæнджытæй иуы куы арвыстой, уæд ювелиры дæсныйад кæй нæ райсдзынæн, уый рахатыдтæн æмæ керамикон хайадмæ раивтон. Цхинвалмæ цæрынмæ куы æрбацыдтæн, уæд ам базонгæ дæн æвзонг техникты станцæйы директор Къалаты Нариманимæ. Ацы адæймаг мын бахаста ахуыргæнæг-керамистæй кусыны фæндон. Бинонты уавæр нымайгæйæ, уыцы заман мын Нариманæн разыйы дзуапп раттыны фадат нæ уыд. Фæлæ цалдæр азы фæстæ ома, фарон сентябры амынд станцæйы кусæн бынат куы фæзынд, уæд дзы кусын райдыдтон. Скъоладзауты ахуыр кæнын æлыгæй алыхуызон дзаумæттæ аразыныл.

– Æппæтæй раздæр æлыгæй цавæр дзаума сарæзтай?

– Фыццаг кæй сарæзтон, уый уыд цъиуты нывимæ къулыл ауындзгæ тæбæгъ. Ацы дзаума ныр дæр ме ’рмадзы æвæрд авджын скъаппы мидæг иннæ дзаумæттимæ иумæ дарын. Тæбæгъ сарæзтон мæ зонындзинæдтæ бафæлварынæн. Ацы дзау-
ма аразгæйæ, ахъуыды кодтон: «Суркæнынады, кæнæ судзыны заман тæбæгъ кæд афаз уа, уæд дурын дзаумæттæ аразыны хъуыддагæн кæрон сæвæрдзынæн æмæ компьютерон дизайны къабазмæ раивдзынæн». Фæлæ тæбæгъ нывыл уагæй сарæзтон, дзаума нæ афаз æмæ афтæмæй керамикæйы къабазы дарддæр кусын. Фыццаг арæзт дзаума æрмадзы зынгæ бынаты дарын, æрбацæуæг адæм æй куыд уыной, афтæ.

– Дæ равг дæ арæзт дзаумæттыл фæбæрæг вæййы æви нæ?

– Æнæмæнг, фæбæрæг вæййы. Æлыг æрмдæсныйы равг рахаты. Нывыл равгимæ кæй саразын, уыцы дзаумæттæ рæсугъд æмæ хæрзхъæд рауайынц. Хатгай фæлладæй, науæд истæуыл мæт кæнгæйæ дæр дзаумæттæ саразын. Зæгъæм, фæлладæй кæй сарæзтон, уыцы цайдан æддаг бакастæй рауад «тызмæг». Адæймаджы равг йæ арæзт дзаумайыл бæрæг дары. Æлыг алцы æнкъары.

– Дæ арæзт дзаумæттæ балхæнæн кæм ис? Дзаума аразын æлхæнджыты агурынæй зындæр у?

– Мæ арæзт дзаумæтты къамтæ рæстæгæй-рæстæгмæ кæм сæвæрын, социалон хызты мын ис ахæм фарс. Бафæдзæхсын кæй фæнды, уыцы адæймæгтæ мæм фæдзурынц. Хатгай фæдзæсæг адæймагимæ иумæ саразинаг дзаумайы хахныв скæнæм æмæ ацы дзаумайыл рагацау æрныхас кæнæм. Арæх мæ æлхæнджытæ сæхæдæг ссарынц.

– Ахуырады фæтк куыд æххæст кæныс? Ахуырадмæ фаг æргом чи не здахы, ахæм фæсивæдыл сæмбæлыс?

– Райдайæны сывæллæтты базонгæ кæнын æлыджы миниуджытæ æмæ хуызтимæ. Ахуыры азы райдайæны нæм чи æрбацыд, уыцы фæсивæдæй бирæтæ ныр сæхæдæг æлыгæй дзаумæттæ аразынмæ арæхсынц. Дæсны специалисттæ суæ-
вын кæй фæнды, уыцы лæппуты æмæ чызджыты ахуырад æнæкъуых-
цыйæ цæуы. Æрмдæсныйы зонындзинæдтæ райсын кæй нæ фæнды, хатгай нæм ныййарджытæ ахæм сывæллæтты дæр æрбакæнынц. Ацы сывæллæтты ахуырад арæх нæ фæрæстмæ вæййы. Æнæбары ахуырадæй пайда кæй нæй, ныййарджытæн уый бамбарын кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахуырдзаумæ цыбыр рæстæгмæ фаг зонындзинæдтæ нæ фæзындзысты. Зонындзинæдтæм тырнæг фæсивæд дæсны специалисттæ суыдзысты. Мин дыууæсæдæ градусы бæрц тæвд кæм у, æлыгæй арæзт хуымæтæджы чашкæ ахæм муфелон пецы мидæг дæс-иуæндæс сахаты дæргъы фæдарын бахъæуы. Дзаумайыл ныв скæнын кæд æмбæлы, уæд ыл фыццаг басыгъды фæстæ ныв скæнын æмæ йæ ногæй дæс-иуæндæс сахаты дæргъы судзаг пецы фæдарын.

– Æхсæвы кусæг пец æнæ цæстдардæй ныу-
уадзын тæссаг нæу? Дæ куыст æххæст кæнын дæ къухы куыд æфты?

– Хатгай æхсæвæй бонмæ чи фæкусы, уыцы пецмæ цæст дарын хъæуы. Не ’рмадзы кæд хъахъхъæнджытæ ис, уæд дæр кусæг пец бабæрæг кæнынмæ æрбацæуын, науæд та, куыст æххæстгонд цалынмæ не ’рцæуа, уæдмæ банхъæлмæ кæсын. Мæ цот æмæ мой зонынц: пец кæй кусы, уый тыххæй бафæстиат дæн. Фæлæ техникæйыл æууæндын. Нырыккон муфелон пецтæ фыдбылызы блоктæй ифтонггонд сты. Æнæнхъæлæджы цау кæд æрцæуа, уæд пец хæдбарæй ахуысдзæн. Ацы æууæл зонгæйæ, кæд сабырæй фæкусын, уæд дæр мæ саразинаг дзаумæттыл фæмæт кæнын. Æлыгæй саразæн  ис алыхуызон дзаумæттæ, фæлæ сæйрагдæр у куыст æнæхинæй, хæрзхъæдæй æххæст кæнын.

Тедеты Аннæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here