Кæстæртæн — иудзинады фарн

0
59

Дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй нæ бæстæйы Президенты Указмæ гæсгæ 2026 аз нымад у Уæрæсейы Адæмты иудзинады азыл. Уый фæдыл бæрæгбоны хъуыддæгтæ ацыдысты Дзæуджыхъæуы дæр, архайдта дзы РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Нæ ирон цардарæзтмæ лæмбынæг куы ‘ркæсæм, уæд бамбардзыстæм, нæ фыдæлтæм хæлардзинад бæрзонд æвæрд кæй уыд, уый. Зæгъæм, æппындæр сæм диссаг нæ каст æндæр адæмыхæттыты минæваримæ кæнгæ æфсымæр зæгъын. Бирæ адæмтæн сæ цытджындæр æгъдæуттæй иу у кæрæдзийы ‘хсæн хæлардзинады ахаст, уымæн æмæ æмбарынц, сæ иудзинады фæрцы сын сæ цардыуаджы хабæрттæ аразын рогдæрæй кæй æнтысдзæн, уый.

Сусæггаг нæу, нæ бæстæйы æмсæр-æмбар цæрæг адæмыхæттытæ æнусты дæргъы иумæйагæй кæй ныффæрæзтой сæ хъысмæты æппæт лæгæвзарæнтæн дæр, басæттынмæ сæ чи хъавыди, уыдон сæхæдæг дæрæнгонд кæй æрцыдысты, уый. Афтæ уыдис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг дæр. Ирыстойнæгтæ Сырх Æфсады сконды хъахъхъæдтой Мæскуы, уыдысты Ленинграды æрхъулайы, Сталинграды бынмæ тугкалæн хæстыты, фидар Бресты хъахъхъæнджыты ‘хсæн. Уæдæ Ирыс-
тоны зæххыл сæ туг ныккалдтой уырыссаг Николай Чесноков, украинаг Николай Роговский, дзуттаг Юлий Гунн, гуырдзиаг Спиридон Сичинава, тæтæйраг Фуад Сайфуллин æмæ бирæ æндæр адæмыхæттыты минæвæрттæ.

Ныр цыппар азы дæргъы цæуы сæрмагонд æфсæддон операци. Ам ноджы ирддæрæй рабæрæг, нæ егъау Фыдыбæстæ Уæрæсейы ныхмæ фыдмитæ чи аразы, уыдонæн карз ныхкъуырд кæй дæттынц уырыссæгты фарсмæ тæтæйрæгтæ, ирæттæ, якутæгтæ, бурятæгтæ, цæцæйнæгтæ, Дагъистаны адæмты минæвæрттæ — иу ныхасæй, нæ бæстæйы æппæт адæмыхæттыты минæвæрттæ тох кæнынц уæхски-уæхск неонацизм æмæ неофашизмы маргæйдзаг хъæстæ нæ бæстæмæ ма ‘рба-
уадзыныл.

Нæ районы адæмты иудзинады фарстамæ рагæй цæуы лæмбынæг цæстдард. Уымæн æвдисæн  – царды алы къабæзты æмгуыстады бадзырдтæ Кæсæг-Балхъары республикæйы Терчы æмæ Лесчены районтæ æмæ Кировы районы ‘хсæн къухбафыст. Уый фæлгæты арæзт цæуынц спортивон ерыстæ æмæ аивады хихъæппæрисадон къордты равдыстытæ. Адæмты ‘хсæн хæлардзинад фидардæр кæнынæн стыр ахъаз сты Ираны хъæуы фембæлдтытæ Афгайнаг хæсты архайджытимæ, кæцытæм хуынд æрцæуынц, нæхи районæй дарддæр, Кæсæг-Балхъары, Цæцæны æмæ Дагъистаны минæвæрттæ. Æмбал кæмæн нæ уыд, æрæджы ахæм хъуыддаг скодтой Комсомольскы хъæуы — Адæмты культурæты фестиваль. Нæ зæрдыл ма иу хатт æрлæууын кæнæм: архайдтой дзы, Ирыстонæй дарддæр, Ростовы облæсты, Хъалмыхъхъы, Дагъистаны, Кæсæг-Балхъары, Цæцæны, Хъæрæсе-Черкесийы республикæты минæвæрттæ. Уыдонæн зæрдиаг арфæтæ ракодта нæ республикæйы Парламенты Сæрдар
Тускъаты Таймураз.

Уæрæсейы цæрæг адæмыхæттыты Иудзинады азы ахсджиагдзинæдтæй иу у, цæмæй нæ рæзгæ фæлтæртæ дæр ныфсджын уой хорздзинадæй. Цæмæй нæ кæс-
тæрты фæхайджын кæнæм нæ адæмты иудзинады фарнæй æмæ иузæрдион уой нæ иумæйаг Фыдыбæстæйыл.

Куыд хистæр адæймаг, афтæ нæ кæстæртæн бафæдзæхсинаг дæн: æхцатæ, дзаумæттæ, зынаргъ хæдтулгæтæ дæр хорз сты, фæлæ уыдон сæйрагдæр не сты. Сæйрагдæр у адæймагдзинад æмæ кæрæдзийæн аргъ кæныны зæрдæйыхатт. Уыцы хорздзинæдтæ уæм куы уой, уæд уæ царды никуы фæкъуыхцы уыдзыстут.

 

КЪУБАЛТЫ Солтан,
РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг,
Цæгат Ирыстоны
кадджын ветеран

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here