Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты фæндзайæм æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.
Æмбырды архайдтой республикæйы Хицауады уæнгтæ, УФ-йы Федерацийы Советы уæнг Цæгат Ирыстонæй Виталий Назаренко, цæстдарæг, барадхъахъхъæнæг æмæ тæрхонадон оргæнты, стæй муниципалон скондты разамонджытæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.
Депутаттæ байхъуыстой Мидхъуыддæгты министрады 2025 азы куысты бæрæггæнæнты тыххæй ведомствæйы разамонæг Демьян Лаптевы дзуап-
пон ныхасмæ. Куыд загъта, афтæмæй афæдзы дæргъы барадхъахъхъæнджытæ цæст дардтой, республикæйы сабыр æмæ нывыл цард цæмæй уа, уымæ. Æхсæнадон фæтк æмæ æгъдау бахъахъхъæдтой, ивгъуыд аз Цæгат Ирыстоны цы цыппар мин дзыллон мадзалы арæзт æрцыд, уым. «Фыдракæндты нымæц нæм фæкъаддæр 18,6 проценты. Цæгат Ирыстон у, фыдракæнды нымæц кæм фæкъаддæр, Уæрæсейы уыцы дæс субъектæй иу», – загъта министр. Йæ ныхасмæ гæсгæ, фæкъаддæр, æнахъомтæ кæм архайдтой, ахæм фыдракæнды нымæц дæр. Уый хыгъд фондз хатты фæфылдæр нырыккон технологитимæ баст фыдракæндты нымæц. Уыдонæн кæрон сæвæрыны æмæ дзы адæмы бахъахъхъæныны нысанимæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты мыхуыргонд æрцыд 16 мин æрмæгæй фылдæр.
Афæдзы дæргъы Æдасдзинады федералон службæимæ æмархайды фæрцы кæрон æрцыд фыдгæнæг 72 къордæн, æхгæд æрцыд, наркотиктæ республикæмæ кæ-
уылты цыдысты, 42 ахæм «фæндаджы». Наркотиктæ чи парахат кодта, 157 ахæм адæймаджы æрцахстой. Уыдонæй 130 уыдысты Уæрæсейы Федерацийы граждæнтæ. Æхгæд æрцыд интернеты фæрцы психотропон æмæ наркотикон буаргъæдтæ парахатгæнæг 577 сайты. Фыдгæнджытæй байстой 26 килограммы наркотиктæ.
Афтæ бæстон министр æрныхас кодта, æнæзакъонæй хæцæнгарз дарыны, карз нозт уадзыны фыдракæндты ныхмæ пъæлицæйæгтæ куыд тох кодтой, терроризм æмæ экстремизм не ‘руадзыны нысанимæ цы мадзæлттæ арæзт цыд, æппæт уыдæттыл. Уымæй уæлдай, радзырдта, паддзахадон миграцион цæстдард æххæст кæнгæйæ, кæй баурæдтой миграцион закъонæвæрынад фехалæг 3,5 мин фыдгæнæджы.
Сæрмагонд ныхасы аккаг уыд, фæндæгтыл цæуыны æдасдзинады домæнтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уыцы фарста. Министры ныхасмæ гæсгæ, ивгъуыд аз фæндаггон-транспортон бæллæхты нымæц, уымæй размæ азимæ абаргæйæ, 14,8 проценты фæкъаддæр. 17,9 проценты фæкъаддæр, уыцы бæллæхты чи фæмард, уыдоны нымæц дæр. Фыдракæндтæн сæ фылдæр æрцыд нозтджын шофырты аххосæй. Сæ аххосæй фæмард 12 адæймаджы, 90-йæ фылдæр та баййæфтой уæззау цæфтæ. Уæвгæ та, ивгъуыд аз фæндаггон-транспортон бæллæхты хъыгдард баййæфтой 1 182 адæймаджы.
Раныхасы фæдыл фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд депутаттæ Дыдарты Сослан, Цæгæраты Руслан, Джиоты Георги, Бæдтиаты Алан, Хæдарцаты Аслæнбег æмæ Цæллагты Жаннæмæ.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты закъонæвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан.
Депутаттæ фыццаг бакасты равзæрстой, республикæйы Сæргълæууæг æркæсынмæ кæй бацæттæ кодта, уыцы закъонты проекттæ. Уыдоны фæдыл ныхас кодта рес-публикæйы Сæргълæууæджы минæвар Парламенты, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæджы фыццаг хæдивæг Ортабайты Виктор. Документты ныхас цæуы коррупцийы ныхмæ тохы мадзæлттæ фæахадгæдæр кæныныл æмæ уыцы нысанимæ, Хицауады уæнгтæ æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ се ‘фтиæгты тыххæй цы дзуапдæттæг гæххæттытæ бацæттæ кæнынц, уыдон бавдисыны уагæвæрд баивыныл.
Æппæт закъонты проектты фæдыл дæр æмдоклад скодта Черчесты Аслан. Афтæмæй, закъонты проекттæ фыццаг бакасты фидаргонд æрцыдысты.
Депутаттæ дыккаг бакасты равзæрстой, Парламенты профилон комитеттæ кæй бацæттæ кодтой, уыцы закъонты проекттæ. Демографион фарста къуырцдзæвæнæй ракæнын æмæ бинонты политикæйæн ахъаз кæнын, зæххы ахастытæ нывыл кæнын æмæ уыимæ бастæй хъæууонхæдзарадон нысаниуæджы зæххытæ æндæр категоритæм раивыны хъуыддагæн уаг дæттын, чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомадæн æххуысы мадзæлттæ аразын – ацы æмæ æндæр фарстатыл ныхас цыд, депутаттæ цы закъонты проекттæ равзæрстой, уыдоны. Ныхас сыл кодтой Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Реуазты Ларисæ, Киситы Мурат, Качараты Олег. Æппæт документты фæдыл дæр закъонтæ фидаргонд æрцыд.
Дыккаг бакасты ма æвзæрст æрцыд «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы хъазахъхъæгты æхсæнæдтæн паддзахадон æххуысы тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Рес-
публикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект. Раныхасгæнæг уыд Парламенты национ политикæйы æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Георги. Нырæй фæстæмæ хъазахъхъæгтæн сæ бон уыдзæн Уæрæсейы хъахъхъæнæг структурæты службæ кæнынæн сæхицæй кандидаттæ æвзарын æмæ сæ уырдæм æрвитын. Ахæм бар сын дæтты ног закъон.
«Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй» закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект фыццаг бакасты йæм æркæсынмæ депутаттæн сæ размæ рахаста ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ. Документы куыд амынд ис, афтæмæй нырæй фæстæмæ нæ республикæйы уыдзæн паддзахадон хæрзиуæг «РЦИ-Аланийы фæсивæды сгуыхт зондамонæг». Йæ саразыны хъæппæрис равдыста республикæйы Сæргълæууæг ахуыргæнджыты августы æмбырдтæй иуы рæстæг. Хорзæхджын дзы кæндзысты, æхсæнадон архайды алы къабæзты дæр дæсны æмæ куыстуарзаг кæстæртæ чи бацæттæ кодта, стæй, рæзгæ фæлтæры патриотон хъомыладмæ стыр бавæрæн чи бахаста, ахæм ахуыргæнджыты, хъомылгæнджытæ æмæ зондамонджыты.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Черчесты Аслан, афтæмæй закъоны проект фидаргонд æрцыд.
«Муниципалон сахат»-ы фæлгæты депутаттæ байхъуыстой «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Горæтгæрон районы муниципалон сконды социалон-экономикон райрæзты тыххæй» районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы хъусынгæнинаг»-мæ. Раныхасгæнæг – бынæттон хиуынаффæйады адми-
нистрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Плиты Алан – бæстон æрныхас кодта социалон æмæ экономикон æппæт къабæзты дæр районы ивгъуыд азы бæрæггæнæнтыл, сæ къухы цы бафтыд æмæ ацы аз сæ размæ цы нысантæ æвæрд ис, уыдоныл.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ,
къам систа
Татьянæ Шеходанова














