Гидрометеорологи æмæ нæ алфамбылайы æрдзмæ цæстдарæн федералон службæйы разамонæг Игорь Шумаков сæрдариуæг кæм кодта, уыцы æмбырды архайдта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис дæр. Ацы мадзал арæзт æрцыд, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло Мæскуыйы Уæрæсейы Федерацийы экологи æмæ æрдзон фæрæзты министримæ фембæлды бæрæггæнæнтæм гæсгæ. Æмбырды ныхас цыд, республикæйы æрдзон фæзындтæ бæрæггæнæг, метеорологон ифтонггарз сног кæныны фарстатыл. Ныхасы кæронбæттæны рахастой, ведомствæты ’хсæн, нысангонд мадзæлттæ æххæстгæнæг, кусæг къорд саразыны уынаффæ.
– Ацы фарста ахсджиаг у регионæн æмæ, сæрмагонд географион равæрд хынцгæйæ, домы бæлвырд цæстдард. Уымæ гæсгæ, æппæт фарстатыл дæр бæлвырд бакусын хъæуы федералон «Росгидромет»-имæ. Уыимæ, республикæ æппæт фадæттæ дæр сараздзæн, цæмæй ранымад мадзæлттæ æххæстгонд æрцæуой. Уыдон иууылдæр арæзт сты граждæнты царды нывыладмæ æмæ регионы дарддæры социалон-экономикон рæзтмæ, – фæбæрæг кодта Дзанайты Барис.
Æмбырды архайджытæ фæбæрæг кодтой æнæмæнгæй пълан саразыны æмæ нысангонд фарстатæалыг кæныны мадзалыл.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














