Фыдыбæстæйы сæраппонд

0
59

Алы ахуыргæнæндон дæр йæ рауагъдонтæй вæййы сæрыстыр, афтæ рауад Алагиры Цæгат-Кавказаг хъæды хæдзарады механизацийы, автоматизацийы æмæ разамынд дæттыны техникумы дæр. Йæ рауагъдон –
Фардзинты Руслан равзæрста Фыдыбæс-тæйы сæраппонд тохмæ ацæуын. Æмæ знаджы ныхмæ æрлæугæйæ мæлæт ссарын.

Уым, сæрмагонд æфсæддон операцийы, хъæбатырæй фæмард. Йæ номыл техникумы сфæнд кодтой мемориалон фæйнæг байгом кæнын. Ацы зæрдылдарæн хъуыдда-
джы бацархайынмæ æрбацыдысты Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады ветерантæ, пъæлицæйы кусджытæ, йæ хиуæттæ, æмбæлттæ, студенттæ æмæ ахуыргæнджытæ. Рæнхъгай дидинджытимæ ралæугæйæ техникумы студенттæ кад кодтой хъæбатыр Фардзины-фыртæн.

Мемориалон фæйнæг байгом кæныны бар раттой Русланы хо Фардзинты Натальяйæн æмæ Цæгат-Кавказаг хъæды хæдзарады механизацийы, автоматизацийы æмæ разамынд дæттыны  техникумы разамонæг Мæрзойты Игорæн. Æрбацæуæг адæм фехъуыстой Русланы биографи, йæ царды фæзилæнты тыххæй хабæрттæ. Фæзынд ын бинонтæ, йæ куыст фæсахуыр дзæбæх цыдис.

Фæстæдæр, 2025 азы, Фардзинты Руслан сфæнд кодта бархионæй сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ ацæуын. Уыдис механик-шофыр, йæхи равдыста уæндон, ныфсджынæй, кæддæриддæр цæттæ уыд йе ‘мбæлтты цур балæууынмæ. Уыд раст равджы хицау, уымæй дæр йе ‘мбæлттæн ныфс лæвæрдта. Штурмы цæуæг 73456-æм гранаттææхсæг мотоæхсæг хайады ефрейтор йæ хæстæ æххæстгæнгæйæ фæмард 2026 азы 28 январы…

Ацы аз 10 мартъийы йыл сæххæст уыдаид 43 азы, æнæ фыдæй баззадысты цыппар сывæллоны. Мемориалон фæйнæг байгом кæнынмæ чи æрбацыд, уыдон тæфæрфæсы ныхæстæ загътой йæ ныййарджытæн, хиуæттæн, ахæм хъомылад ын кæй раттой, уый тыххæй дæр сæ хъуыдытæ загътой…Ацы сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыдоны нæмттæ æдзæмæй минут алæугæйæ ссардтой.

 

Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы
мидхъуыддæгты
хайады инспектор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here