РЦИ-Аланийы Хицауады радон æмбырд амыдта йæ Сæрдар Дзанайты Барис. Фыццаг уыд кадрты фарста. Историон наукæты кандидат Батырты Асланы снысан кодтой РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæгæй.
РЦИ-Аланийы национ политикæ æмæ æддагон баст-
дзинæдты министры фыццаг хæдивæг уыдзæнис Петр Павлов.
Паддзахадон нысаниуæджы базарад кæныны республикон управленийы разамонæджы хæдивæгæй снысан кодтой Хъуысаты Хетæджы.
Хицауады уæнгтæ, ведомствæты разамонджытæ бæрнон ныхас кодтой нæ республикæйы социалон-экономикон рæзты фарстатыл. Сфидар кодтой Хица-
уады æмбырдты пълан.
«РЦИ-Аланийы артаг-энергетикон комплекс æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæ-
дзарады рæзт»-ы паддзахадон программæйы тыххæй дзырдта министр Хъараты Тимур. Рæгъмæ рахаста республикон нысанмæарæзт прог-
раммæ «РЦИ-Аланийы фæзуатыл цæрджыты кæлæтдзаг хæдзæрттæй раивын»-ы тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй ахæм уавæрыл нымад æрцыд 124 бирæфатерон хæдзары.
Фехъусын кодта æмбырды архайджытæн, майы йæ куыст кæй райдайдзæн, Цæгат Кавказы федералон зылды æмбал кæмæн нæй, бырæтты куыстгæнæн æмæ æфснайæн ахæм завод.
Нæ республикæйы арæзтады фарстатыл, ахуырадон артдзæстыты бындурон цалцæг æмæ сæ кусæнгæрзтæй ифтонг кæныны, паддзахадон программæты бындурыл радзырдта РЦИ-Аланийы арæзтад æмæ архитектурæйы министр Бетанты Марат. Уый тыххæй 2026 азы радих кæндзысты хъæугæ фæрæзтæ.
Сæрмагонд коммуналон техникæйы 25 иуæджы раттой районты исбонадмæ.
Æнæмæнгæй ацы хъуыддаг фæзындзæн коммуналон лæггæдты хæрзхъæддзинадыл æмæ æнæкъуылымпы куыстыл. Уый тыххæй дзырдта РЦИ-Аланийы паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министр Тедеты Руслан.
Регионалон электронон фæрæз «Память Народа Осетии» конд æрцыд нæ
республикæйы Сæргълæууæджы уынаффæйæ. Ног архивон бæрæггæнæнтæ дзы ис æмбырдгонд. Йæ ахадындзинад фæбæрзонддæр кæнынæн æмæ архивон куыст рапарахатдæрыл дзырдта Архивон службæйы разамонæг Хайманты
Барис.
Ивддзинæдтæ хаст æрцыд РЦИ-Аланийы Хицауады уынаффæ «Паддзахадон грант «Агромотиватор» дæттыны фæтк»-мæ. Нæ республикæйы хъæууон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Мæхъиты Алан дзырдта гранттæ уарыны фæткæвæрдыл. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архай-
джытæн цæуы алыхуызон, 30 хуызæй фылдæр æх-
хуыстæ, уыдонимæ – «Агромотиватор» дæр. Хицауады Сæрдар бафæдзæхста министрадæн, цæмæй хæстон фæсивæдæн алцыдæр бамбарын кæной.
Грант «Агромотиватор» у паддзахадон программæ. Фадат дзы ис сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ ветерантæн фермерон хæдзарад саразынæн, зæхх, техникæ, фос æмæ хъæугæ ифтонггарз балхæнынæн 30 милуан сомы онг æхца райсынæн.
Куыд зонæм, афтæмæй 28-30 апрелы горæт Минеральные Водыйы цæудзæн Кавказы инвестицион форум. «Нæ республикæйы экономикон хъомыс дзы аккаг хуызы хъуамæ равдисæм», – профилон ведомствæты раза-
монджытæн бафæдзæхста Хицауады Сæрдар.
Гугкаты Жаннæ,
къам систа Татьянæ Шеходанова














