Энергетикæ æмæ цæрæнуатон- коммуналон комплексы райрæзты нысантæ

0
71

Юрий Чайкайы разамындæй Дзæуджыхъæуы уыд Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвары цур кусæг советы радон æмбырд. Фембæлды архайджытæ æрдзырдтой федералон зылды энергетикон компанитæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады куыстуæтты дарддæры райрæзтыл.

Энергетикæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады комплексы дарддæры æнæкъуыхцы райрæзты фæлварæн федералон программæ куыд æххæстгонд цæуы, уый фæдыл сæрмагонд доклад скодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Æмбырды райдайæны Юрий Чайка куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй, амынд фарстатыл кусгæйæ, ахсджиаг у, цæмæй энергетикæйы комплекс æнæкъуыхцыйæ куса, цæмæй энергетикон фæрæзты фæстауæрцмæ аккаг цæстдард уа, цæмæй коммуналон лæггæдты хæрзхъæддзинад нывылдæр кæна. Уыимæ, йæ ныхасмæ гæсгæ, бæстон архайд хъуамæ цæуа хардзгонд энергетикон фæрæзты фиддонты хæстæ къаддæр кæныныл дæр.

Энергетикон æмæ коммуналон комплексты дарддæры райрæзты федералон программæйыл архайд куыд цæуы, уый тыххæй дзургæйæ, Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстон федералон зылды æртæ регионы номхыгъды программæйы уагæвæрдтæ æххæст кæнынмæ бавнæлдта 2023 азы. Уæдæй абонмæ бирæ мадзæлттæ арæзт æрцыд энергетикон комплексы куыстуæттæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады нывылад фæхъомысджындæр кæнынæн. Арæзт æрцыд иумæйаг республикон донуадзæн куыстуат, цалцæггонд цæуы энергетикон æмæ коммуналон инфраструктурæ, фæкъаддæр сты хардзгонд энергетикон фæрæзты фиддонты хæстæ…

Видеоконференцийы бастдзинады фæрцы ныхасы архайæг уыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды регионты сæргълæуджытæ, Уæрæсейы энергетикæйы министры хæдивæг Петр Конюшенко, экономикон рæзты министры хæдивæг Сергей Назаров, акционерон æхсæнад «Россети»-йы генералон директор Андрей Рюмин, акционерон æхсæнад «Газпром»-ы правленийы сæрдары хæдивæг Виталий Маркелов, акционерон æхсæнад «Газпром межрегионгаз»-ы генералон директор Сергей Густов, стæй æндæр федералон министрадтæ æмæ компаниты минæвæрттæ.

Советы æмбырдæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Юрий Чайка федералон зылды регионтæ æмæ профилон ведомствæты разамонджыты размæ сæвæрдта бæлвырд хæстæ. Уыимæ, боны фæткы фарстатыл ныхас адарддæр уыдзæн æппæт регионты æмвæзадыл дæр.

Фæстæдæр Юрий Чайка æмæ Сергей Меняйлойæн уыд сæрмагонд фембæлд дæр. Уым ныхас рауад Цæгат Ирыстоны абоны социалон-экономион уавæрыл, ахадгæдæр инвестицион проекттæ æххæст кæнын æмæ æндæр ахæм ахсджиаг фарстатыл. Фембæлды архайджытæ æрдзырдтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн уæлæмхасæн паддзахадон æххуыс дæттыны фарстатыл дæр.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here