Театралон аивад Ирыстоны бæрзонд æвæрд кæй у, æхсæнады царды йын стыр ахадындзинад кæй ис, уымæн æвдисæн, йæ зæххыл аст паддзахадон æмæ æхсæз адæмон театры кæй кусынц, уыцы цау. Нымæцон дунейы рæзты заман дæр ыл къух нæ систой, иуварс æй нæ æрæвæрдтой. Уый нæ, фæлæ ма йæ тых фæхъомысджындæр. Театр у царды æцæгдзинад æвдисæг, адæймаджы философон хъуыдытыл æфтауæг, зæххон дунейы йын цы бынат лæвæрд ис, уый æвдисæг. Уымæн нæ зæронд кæны театралон аивад, уымæн æм тырны адæймаг цин æмæ масты.
Театрдзау залы спектакльмæ кæсынмæ нæ, фæлæ дзы архайынмæ иу хатт йæ ныфс куы бахæссы, уæд уый дæр уæлахизыл нымад цæуы. Чи йæ бавзæрста, æрмæст уый æмбары, театрмæ уарзондзинадæй зæры бонмæ кæй нал сцух уыдзæн, уый.
Хуымæллæджы Адæмон театр Ирыстоны рагондæртæй иу у, йæ равзæрдæй абонмæ дзы æвæллайгæйæ архайы РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Хъуылаты Аким. Авд азы йыл цыд, афтæмæй Хуымæллæджы скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Цæлойты Федя, Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй уæлахизимæ сыздæхгæйæ, йæ сæйраг хæстæй уæлдай бавнæлдта бынæттон клубы театры режиссеры хæстæ ‘ххæст кæнынмæ дæр. Йæ фæрцы сывæллон лæппуйы рæзгæ уды сæвзæрд театрмæ уарзондзинад æмæ абоны онг дæр нæ бамынæг йæ риуы. Афтæ кæй рауайдзæн, уый йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, театры хъазынмæ нæ тырныдта. Иугæр дын аивадон куыст æрдзæй лæвæрд у, уæд хъысмæты ныхмæ æрлæууыны тых кæмæ разындзæн, æмæ ацыд йæ ахуыргæнæджы фæндыл.
Хъæуы клуб фыццаг колхозы кæрты уыд, фæстæдæр, 1963 азы, йæ уæллаг фарс сарæзтой Культурæйы артдзæсты ног бæстыхай. Уыцы аз Хуымæллæджы хъæууон театрæн лæвæрд æрцыд адæмоны ном. Уæдæй абонмæ йæ хæссы кад æмæ радимæ.
– Хъуыстгонд кафæг Сопойты Батырбег мæ мады ‘фсымæр уыд, Сопойты Уырысхан та, фыццагдæр «Симд» чи сæвæрдта, уыцы хореограф. Уыцы хæстæгдзинады тæваг фæзынд мæ дарддæры цардыл. Куы-иу мæ бафарстой, кæмæй дæ, уæд иу, Сопойтæй дæн, зæгъгæ, уыд мæ дзуапп. Фыццаг кафджытæм цыдтæн, архайдтон скъолайы хи-
хъæппæрисадон къордты. Адæмон театры хъазынмæ мæ Федя разæнгард кодта. Цал ролы ахъазыдтæн, уый хъуыды дæр нал кæнын, ныр мæ 86-æм азы кары бацыдтæн, – худы Аким. Фæлæ театры фыццагдæр цы спектакль сæвæрдта Сопойты Уырысхан, уый «Грицко» кæй уыд, уый хорз хъуыды кæны.
Йæ зæрдыл дары Токаты Асæхы пьесæмæ гæсгæ спектакль «Усгуртæ»-йы Хъазийы роль, уарзон ын сси. Дыууæ сурæты равдисын ын дзы бантыст: фыццаг – Сæуджен, иннæ – Хъази. Фæстæдæр уыдысты «Æфхæрдты Хæсанæ» æмæ «Чермен», «Пæсæйы фæндон», ахъазыд дзы сæйраг рольтæ. Аким зарынмæ дæр дæсны у, Æхсарбеджы зарæг уæлдай зæрдæбынæй зарыд.
Алы азты Хуымæллæджы Адæмон театрæн лæггад кодтой дзæнæты бадинаг, зындгонд æмæ адæмæн уарзон артисттæ Мæхъиты Валодя, Цихиты Мæирбег, Цорæты Валери, Галазты Земфирæ, фæстæдæр – Бекмæрзты Æхсар. Тынг нæ кодтой размæ, зæгъгæ, мысы театры царды ивгъуыд бонтæ хъæуы
театры раззагдæр актер. Ныр та йæ режиссер-æвæрæг у Айларты Асæхмæт. Æхсæз спектаклы уал ын бантыст сæвæрын, æмæ дзы алы ран дæр хъазы Хъуылайы-фырт. «Фæззыгон дидинджытæ», «Сау лæппу», «Æз дæр дæ уарзын» æмæ иннæтæ тынг фæцыдысты адæмы зæрдæмæ. Царды дын театр цы ратта, зæгъгæ, куы бафарстон Акимы, уæд ныхъхъуыды кодта, стæй загъта:
– Цæмæй адæмы ‘хсæн уон, уымæ тырнын. Æртын азы къраныл бакуыстон Дзæуджыхъæуы, пенсийы раджы рацыдтæн, уæддæр æнцад бадын нæу мæ бон. Тракторыл бадын, къраныл кусын бынæттон колхозы. Ацы бонты быдырон куыс-
тытæ кæнын, минералон хъацæнтæ хæссын мæрмæ. Фæлæ мæ театры куыст дæр рох нæу, мæ зæрдæ йыл никуы сивтон. Зоныс, ивгъуыд æнусы 85 – 86-æм азты ахæм рæстæг ралæууыд, æмæ нæ театрæн йæ адæмоны ном куы айстаиккой, уымæй тæссаг уыд. Адæм æм архайынмæ нал цыдысты. Цæмæй нын æй ма сисой, уый тыххæй Дзгойты Сергейимæ дыууæйæ сæвæрдтам сценкæ, фысгæ дæр æй йæхæдæг ныккодта Сергей. Бакуыстам ыл, сцæттæ, æмæ йæ къамисы размæ рахастам. Уыйадыл нæ театр адæмонæй баззад. Цыфæнды роль дæр мын куы раттынц, уæддæр æй арф айсын мæ зæрдæмæ, зæрдиагæй йыл бакусын, цæмæй адæммæ бахъара, – зæгъы театралон аивадыл иузæрдион. Сæ хæдзарвæндагæй уыцы хъуыддагыл хæст ничи
фæцис йæ хъæбул Алинæйæ уæлдай. Уый зæрдæмæ дæр цæуы бынæттон театры архайын. Йæ рæстæджы республикæйы хъуыстонд уыд Хуымæллæджы героикон зарæггæнджыты хор, дзырддзæугæ хистæр Кæсæбиты Митя дзы зарыд, афтæмæй. Аким ам дæр уыд активон архайæг, канд хъырнæг дзы нæ уыд. Концертты рæстæг Уы-
рысты Фузæимæ зарыдысты адæмæн сæ уарзон зарджытæ. Сопойты Батырбеджы хæрæфырт йæ рæстæджы фæцалх йæ мады ‘фсымæрыл æмæ хæдахуыр хореограф хъæуы Культурæйы хæдзары æвæрдта кæфтытæ дæр. Ирон кæфтытæй уæлдай йын бантыст кæсгон, румынаг, мæхъæлон æмæ иннæ адæмыхæттыты кæфтытæ сценæмæ рахæссын.
Театры æппæтдунеон бон Хуымæллæджы адæмон театры коллектив нымайы йæ бæрæгбоныл. Адæмы удæнцойдзинадыл чи архайы, рæстуд цардыл сæ чи амидин кæны, йæ царды иу хай театрæн чи снывонд кодта, Ирыстоны уыцы хистæртæй иу у
Хъуылаты Аким – адæмон театры ветеран. Сæ бæрæгбоны та хæдахуыр артисттæ, фæткмæ гæсгæ, бацæттæ кæнынц æмæ адæмы размæ рахæссынц спектакль, цæмæй театрмæ уарзондзинады рухсæй батавой залы бадджыты зæрдæтæ.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ,
къамтæ ист сты
Хъуылаты бинонты
архивæй














