Къоста æцæгдæр нæ фæтæг у?
Нæхи Къоста йе ‘цæг дунемæ цы бон ацыд, зæронд нымадмæ гæсгæ, 1906 азы 19 мартъийы, дæлæ Лабæйы, ууыл сæххæст æнæхъæн 120 азы. Кæйдæр загъдау, кæнæ куырм бадæн, кæнæ къуырма, фæлæ уый, мæнмæ гæсгæ, Ирыстоны ничи бафиппайдта, ничи йæ æрхъуыды кодта, нæдæр – Фысджыты цæдис, нæдæр – мыхуыры фæрæзтæ, нæдæр – цалдæр азы размæ йæхи Къостайы номыл чи схуыдта, уыцы æхсæнад. Ницавæр номарæн мадзæлттæ арæзт æрцыдис.
Æз мыггагмæйы бузныг дæн, ивгъуыд æнусы чи цард, нæ уыцы ирон интеллигенцийы минæвæрттæй, кæцытæ сæ удтæй бацархайдтой, цæмæй Къоста уым ма баззайа, цæмæй йæ мард нæхи фæлмæн зæххыл сæмбæла.
Уыцы азты махмæ, Беслæныхъæуы, цард зындгонд рухстауæг Хъаныхъуаты Алмахсид, уый зылд хъæутыл, фылдæр – хохы хъæутыл æмæ амыты сывæллæттæн амыдта дамгъæтæ, чингуыты кæсын. Уый куыддæр æгъдауæй Къостайы хъустыл æрцыд, ныхасмæ йæ бацагуырдта æмæ йын ныффæдзæхста фыццаг ирон «Райдиан чиныг» ныффыссын. Йæ фæ-
дзæхст ын сæххæст кодта Алмахсид æмæ, дам, уæдæй фæстæмæ тынг балымæн сты. Гъемæ Къоста куы фæзиан, уæд, дам, ацы Алмахсид æмæ Къостайы иннæ хæлар, уый дæр рухстауæг Тхостаты Саукуыдз зыдтой, Къостайы чырын Лабæйæ ардæм кæцы бон æмæ цафон сласдзысты, уый, æмæ сыхаг гыццыл лæппуты, æфсæнвæндаджы вагзалмæ хæстæг цы уынгтæ уыдис, уыдоны адæмыл æрзилын кодтой, поезды размæ, дам, рацæуæнт. Хуымæтæг адæм: ирæттæ, сомихæгтæ, гуырдзиæгтæ, сывæллæттæ се скъуыдтæ хæдæтты, дам, сæ цæстысыг нæ урæдтой. Уый фæстæдæр йæ мысинæгты бафиппайдта Къостайы хо Ольгæ дæр…
Мæнæн мæхицæн кæцыдæр аз Беслæныхъæуы кадджындæр хистæртæй иу, Къомайты Ибрагим, радзырдта йæ фыд Мысосты мысинæгтæ: «Къостайы махæй Дзæуджыхъæумæ куы аластой, Ирыхъæуы аргъуаны астæу баныгæнынмæ, уæд Алмахсиды фыд Адылджери та йæ кæрты дуæрттæ ныттыгъта, адæммæ бадзырдта æмæ Къостайæн гыццыл хист акодта, фыццаг рухсаг, дам, Ирыстоны мах уым загътам нæ номдзыд поэтæн…»
Стыр хъыгагæн, Къостайæн хæрзчысыл бантыст ацæрын, æрмæст 47 азы, уыдонæй 3-4 азы тынг рынчын хаста, нæ куыста, нæ фыста. Æз ма мæхæдæг гыццыл лæппу куы уыдтæн, уæд мæм, йæ хуызмæ кæсгæйæ, афтæ каст, цыма Къоста, бирæ чи фæцард, ахæм адæймаг уыд, фæстæдæр æй бамбæрстон, æцæгæй та æрыгонæй кæй базæронд, уый. Уымæн æмæ йæхимæ
райста уæды заманы мæгуыр ирон адæмы сæрылхæцæджы уæззау æмæ тæссаг хæстæ, низтæ йыл æгæр раджы æртыхстысты.
Бирæ азты размæ æз республикæйы архивы зæрдылдарынæн рафыстон кæддæры зындгонд дохтыр, Брутæй, Тугъанаты Елбыздыхъойы (Бидойы) мысинæгтæй скъуыддзаг Къостайы царды фæстаг бонты тыххæй: «Æз уыдтæн дохтыр… Фехъусын мын кодтой, Къоста, дам, тыхст рынчынæй Ирыхъæуы хуыссы. Бацыдтæн æм, æрцыдтæн ахæм хъуыдымæ: ныццавта йæ прогрессивон æндзыгниз. Æмæ йæм уæд æрбахуыдтон нервыты низты дæсны дохтыр Солухайы, æмæ уый дæр уыцы хъуыдымæ æрцыд. Поэты хо Ольгæ йæхимæ райста йе стыр æфсымæрмæ зилыны хæстæ, хуыздæрæн æй аласта дæлæ Лабæмæ, фæлæ…
Æз ын фæндараст загътон, йе ‘нусон бынатмæ йæ куы хастой, уæд дæр. Фæндыр базгъæлæнтæ, йæ зæлтæ ма абон дæр мæнæн æнцой нæ дæттынц, иу хъуыды мæ æхсæвæй-бонæй тухæнæй мары: «Нæ бахъахъхъæдтам мах Къостайы!..»
Мæнæн хатгай чиныгкæсджытимæ фембæлдтытæ куы вæййы æмæ нæм Къостайы кой куы рауайы, уæд ме ‘мбал фысджытæй чидæртæ æппæлæгау ракæнынц, мах, дам, ын йе ‘мдзæвгæтæ фыццаг къласæй фæстæмæ зонæм. Æз афтæ никуыма загътон. Æвæццæгæн нын-иу, кæстæр кълæсты ма куы ахуыр кодтон, уæд дæр Къостайы тыххæй дзырдтой. Бауырнæд дæ, мæ кæсæг, æз дзы ницы хъуыды кæнын, фæлæ нын æхсæзæм къласы нæ ахуыргæнæг Кокайты Саламджери иу урочы фембæлд сарæзта не скъолайы фыццаг аразджытæй иу, дæсны сисамайæг, мæнæн ме ‘рвадæлты зæронд лæг Дауыраты Гæбылаимæ.
Гæбыла куыд загъта, афтæмæй, дам, мæнæ ныр кæм ахуыр кæнут, уыцы скъола саразынмæ нын æппæты тынгдæр баххуыс кодта нæхи Хетæгкаты Къоста.. Нæ республикæйы архивы кусджыты руаджы базыдтон, уæд куыдæй сырæзт скъола, уый.
Зæгъæм, 1893 азы Къоста газет «Северный Кавказ»-ы ныммыхуыр кодта уацхъуыд «Владикавказские письма», зæгъгæ. Уым уыдис мæнæ ахæм рæнхъытæ дæр: «В селениях Новохристиановское и Хумалаге по вине местных администраций непростительно затягивается строительство новых школ». Уыцы рæнхъытæ Хуымæллæджы интеллигенцийы минæвæрттæ куы бакастысты, уæд цалдæрæй сфæнд кодтой Къостаимæ фембæлын.
Нæ сын бантыст: хъæугæрон сæ йæ бæхыл раййæфта хъæуы уæды старостæ Æлбегаты Габола, нæ сæ уагъта дарддæр цæуын, хъуыддаг хылмæ рацæйхаста. Уæд сын старостæ зæрдæ бавæрдта, скъолайы арæзтад, дам, æз фæрæвдздæр кæндзынæн, æцæг мын ам Къостайы ма фенын кæнут. Æмæ йæ ныхасæн хицау разынд.
Цалдæр азы размæ дæлæ Мæскуыйы Къостайы 160 азы юбилей куы бæрæг кодтам, уæд нын уым Уæрæсейы зындгонд фысджытимæ сæрмагонд фембæлд уыдис, æз æй мæхæдæг амыдтон æмæ сын кæддæры уыцы цауы тыххæй радзырдтон æмæ ма йыл куы бафтыдтон, зæгъын, фæстæдæр уыцы скъолайы ахуыр кодтой Ирыстоны дыууæ фыццаг разамонæджы Хъулаты Хъуыбады æмæ Галазты Æхсарбег, мæнæ мæнæн мæхи стыр ахуыргæнæг, стæй зындгонд балеринæ Адырхаты Светланæ, зæгъгæ, уæд мын зæрдиаг æмдзæгъд фæкодтой… Уæдæ иу заман Уæрæсейы Фысджыты цæдисы уæды сæрдар Николай Иванов куы ракой кодта, Къоста Цæлыккаты Аннæйы куыд бирæ уарзта, цы фæлмæн æм-
дзæвгæтæ йыл фыста, зæгъгæ, уæд нал фæлæууыдтæн æмæ сын радзырдтон, Дауыраты Зоя, уыцы Аннæйæн йæ къаммæ кæсгæйæ, поэтикон хуызы цы уайдзæфы ныхæстæ загъта, уыдонæй скъуыддзаг: «Нæ зыдтат, нæ, уæды чызджытæ ‘взарын, Куырм уыдтæ, Аннæ, дурзæрдæ, æндон. Нæ базыдтай Къостайы хуримæ барын. Нæ аздæхтай хуыздæр иронмæ ком. Дæ ном дын, Аннæ, зонæм мах йæ фæрцы. Дæ фыды номыл бафтыдтаид кад. «Кæй чызг уыдис» æй иунæг дæр нæ фæрсы, Къостайы уарзон – афтæ дæ нымад…»
Кæсгæ йæ иронау бакодтон, иннæтæн та йын йæ мидис уырыссагау радзырдтон, æмæ дзы иу цалдæрæй ныккатай кодтой, гъе ныр, дам, Къостайы фæдыл цот куы баззадаид, уæд сын мах абон куыд стыр кад кæниккам….
Мæ зæрдыл бадардтон, кæцыдæр аз мæм Джызæлы скъола-интернаты иу ахуыргæнæг цы фарста ратта, уый дæр. Къостайы сфæлдыстад, дам, зонын, адæм ын бирæ аргъ кæнынц, уый дæр, фæлæ, дам, мæм диссаг кæсы уый, æмæ йæ нырмæ никуы ма ничи ницæмæй рафаудта. Уым дæр æй загътон: Къостамæ исты фау æрхæссын стыр тæригъæддзинад уаид, æз уымæ мæ ныфс нæ хæссын. Æз афтæ хъуыды кæнын: ирон прозæйы æппæты хуыздæр, æппæтæй æххæстдæр радзырд у Къостайы иунæг «Дзæбидырдзуан». Кæцыдæр бон республикон радиойы Кадзаты Станиславимæ бирæ фæныхас кодта зындгонд æхсæнадон архайæг Æлборты Иван æмæ уый цалдæр хатты загъта, махæн, дам, ирон адæмæн, Къоста нæ фæтæг у.
Æз йемæ разы нæ дæн. Уый йæ фæндгæ афтæ кæны. Не ‘ппæтæн нæу, нæ фылдæрæн, æндæр нæ абоны цардыуаг ахæм нæ уаид, не ‘гъдæуттæ, сæйрагдæр та нæ мадæлон æвзаг, ахæм уавæрмæ не ‘рцыдаиккой. Советон дуджы дæр бæрнон бынæтты куыстон, æмæ-иу æдзухдæр мæ кабинеты уыдис æрмæст дыууæ портреты ауыгъд: Къостайы – мæ сæрмæ, рахизæрдыгæй къулыл та – Иссæйы. Мæ кармæ гæсгæ куы нал куыстон, уæд сæ æристон, нæ хæдзармæ сæ рахастон.
Кæд мах Къостайы нæ фæтæгыл нымайæм, уæд ын амæй фæстæмæ газетты, чингуыты, нæ литературон журналты хъуамæ йæ мыггаг мауал фыссæм, радио æмæ йæ телеуынынады уыцы мыггагæй мауал амонæм. Æрмæстдæр иунæг дзырдæй – йæ номæй: Къоста-иу загъта, Къоста-иу фыста, Къостайы мысæм, Къостамæ хъусæм, Къоста у нæ фæтæг æмæ нæ ахуыргæнæг. Ирыстонæн дæр Гимн ис. Фæстаг хатт ма йæ азæлгæ кæд фехъуыстай, газеткæсæг? Къостайæн дзы йæ кой дæр нæй. Æмæ, дам, нæ фæтæг у…
«Рæстдзинад»-ы Цгъойты Хазбийы хъуыдытæ нæ бакастæ?.. «Фæстаг азты Къостайы номимæ баст цы хъуыддæгтæ уынæм, уыдон адæймагмæ æвзæрын кæнынц ахæм хъуыды, цыма ирон адæмы ‘хсæн фæзынд ахæм тыхтæ, йæ кадыл ын дæлæмæ хæцыныл чи архайы. Райдай Дзæуджыхъæуы йæ номыл парчы бакомкоммæ Сабырдзинады проспекты йæ цыртдзæвæнæй – мæгуыр, æдых æмæ фæкæсинагæй йæ чи æвдисы, уымæй, æмæ фæу йæ номыл паддзахадон премимæ æвдыст уацмыстæй. Мах Къостайы зонæм, Ирон академион театры раз йæ цыртдзæвæнæй куыд æвдыст цæуы, ахæмæй: ныфсдæттæгæй, нæ адæмы иугæнæг æмæ разамонæгæй. Мах ахæмæй хъæуы – фæзминагæй!». Исты мæнг зæгъы?
Сымахæн нæ зонын, фæлæ мæнæн мæхи удæн Къостайы цыртдзæвæнтæй æппæты зынаргъдæр у, Ирыхъæуы аргъуаны кæрты йын чи ис, уый. Мæнæн хатгай уырдæм æнæбауайгæ нæ вæййы, æмæ Къостайы ингæны цур алæууын, хъуыдытыл мæ бафтауы. Цы дзы бафиппайын? Æдзух дæр æй баййафын хорз уавæры, бæрæг у, зилынц æм, уый, фæлæ йын йæ цуры зыбыты иунæг хатт дæр иунæг адæймæджы дæр нæ фенын. Нæ йæм цæуæм, ды дзы фæстаг хатт кæд уыдтæ, мæ кæсæг? Æрхъуыды йæ кæнæм æрмæст йæ юбилейон бонты, уый дæр – нæ хицауады бардзырдмæ гæсгæ. Хъæугæ та нæ кæны, уый та нæ алкæмæн дæр йæхи зæрдæйы бардзырдмæ гæсгæ хъуамæ уа. Сыгъдæг удыскондимæ адæймаг ахæм номдзыд лæджы цырты цур куы æрлæууа, уæд æй уый цыдæр сагъæссаг хъуыдытыл хъуамæ бафтауа, цы дæн æз та, цавæр цардыуаг ис мæ алыварс цæрæг адæмæн, æз мæхæдæг та цы аразын.
Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Къостайæн нæ гыццыл Ирыстоны цыртдзæвæнтæ фылдæр рæтты хъуамæ уа æвæрд. Не стыр поэтæн нын цыртдзæвæнтæ нæй не стырдæр хъæутæ Хуымæллæг, Заманхъул æмæ Олгинскæйы, зыбыты иунæг уынг дæр ацы рæтты йæ ном нæ хæссы. Хуыздæр уавæры не сты иннæ районтæ дæр. Зæгъæм, æгас Кировы районы йын ис æрмæст иунæг цыртдзæвæн, Æрыдоны районы – дыууæ, æцæг ам уынгтæ йæ номыл ис Красногоры, Мичурины æмæ Рассветы, Дыгургомы дæр ын ис æрмæст дыууæ, иу – Чырыстонхъæуы, иннæ та – Цыколайы…
Фæсныхас. Дæуæн нæ зонын, фæлæ æз, Къостайы хуызмæ кæсгæйæ, уымæн йæ цæстæнгасæн бирæ нæ фæразын, цыдæр мæ фæдомы, зæгъын, цыдæр дзуапп мæ фæагуры, æз та уымæ æдзух цæттæ нæ вæййын, иу дзырдæй, æфсæрмы дзы кæнын, мæхи тынг æдыхæй банкъарын. Æз, уæртæ кæдæй ардæм кæнын сфæлдыстадон куыст, фæлæ нырмæ зыбыты иунæг поэтикон рæнхъ дæр нæма ныффыстон Къостайыл, мæ ныфс нæ хæссын, йæхæдæг нын кæй ныууагъта, уыцы æвзаджы уый аккаг дзырдтæ ссарынмæ. Мæнæ мады хæрзтæ куыд нæй бафидæн, афтæ, мæнмæ гæсгæ, нæй Къостайы хæрзтæ дæр бафидæн.
Бирæ номдзыд адæймæгтæ загътой сæ хъуыдытæ Къостайы тыххæй, нæ сæ нымайдзынæн, мæнæн дзы æппæтæй тынгдæр ма зæрдæмæ цæуы нæхи авд рухсы бадинаг Чеджемты Æхсары хатдзæг: «Дыууæ Ирыстонæн ис иунæг зæрдæ – Къоста. Кæй зонæм, кæй мысæм, кæй уарзæм, иу нæ чи кæны, кæрæдзийы кæй фæрцы æмбарæм. Къоста рæсугъд æмæ кадджын цæмæй у, уымæй рæсугъд æмæ кадджын у Ирыстон дæр, йæ дзыллæйы цины муртæ, йæ дзыллæйы хъыгтæ æмæ сагъæстæй æнусон зарджытæ чи сарæзта…»
Арæх нæ республикон радиойæ айзæлы зарæг, кæцыйы ис мæнæ ахæм ныхæстæ дæр: «Къостайы ном куы исæм мах стъалытæй уæлдæр». Нæ исæм, уымæн нын нæ хъуыддæгтæ – æвдисæн. Кæй дзы сайæм, цымæ, йæ фылдæр фæдзæхстытæ йын куы нæ æххæст кæнæм, уæд? Уæлдайдæр та нæ сыгъзæрин мадæлон æвзаджы тыххæй.
Иу чидæр афтæ загъта: «Къоста кæмæн ис, уыцы адæм амондджын сты». Махæй загъта. Фæлæ мах уыцы амонд æмбæлгæ хуызы нæ хъахъхъæнæм, фаг аргъ ын нæ кæнæм, нæ райсомы боныл фаг нæ хъуыды кæнæм. Кæдæм нæ æркæндзысты цымæ нæ фидæны фæндæгтæ? Уыдон алырдæмты ацæуынц…
Дауыраты Дамир,
Беслæныхъæу, 2026 аз, 16 мартъи














