Цæгат Ирыстонæй Федерацийы Советы сенатор Виталий Назаренкойæн уыд хъуыддаджы фембæлд нæ республикæйы Транспорты комитеты сæрдар Захъаты Аланимæ.
Ног транспортон маршрутты арæзтады, бæлццæтты ласыны куысты хæрзхъæддзинад фæуæлдæр кæнын æмæ æппæт транспортон инфраструктурæ фæнывыл кæныны хъуыддæгтæм бар чи дары, фембæлды архайджытæ æппæт уыцы фарстатыл биноныг æрныхас кодтой. Уæлдай фылдæр æргом аздæхтæуыд транспорты къабазмæ дæсны специалистты æрбахоныны æмæ ацы адæмы профессион рæзтæн фадæттæ саразыны фарстатæм.
Захъайы-фырт хъуыддаджы фæдыл бæлвырд фæндæттæ бахаста. Удæнцой æмæ æдас уавæрты цæгатирыстойнæгты цæмæй ласой, уымæн хицаудзинады федералон æмæ регионалон оргæнты æмгуыстад ахъаз кæй кæны, Виталий Назаренко уый бафиппайдта.
– Цæгат Ирыстоны транспортон системæ нырыккон домæнты аккаг цæмæй уа, нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы бардзырдмæ гæсгæ ууыл биноныг архайæм. Алы адæймаджы дæр цæмæй удæнцой æмæ æдас уавæрты ласой, нæ хæс у ууыл архайын, – загъта Захъаты Алан.
Хицаудзинады федералон æмæ регионалон оргæнтæ нæ республикæйы транспортон къабазы ахсджиаг фарстатæ иумæйаг хъарутæй цæмæй лыг кæной, фембæлд уымæн фæпайда уыдзæн.
Æлборты Зæлинæ














