Дзæуджыхъæуы Хъуылаты Бадзийы номыл спортивон галуан «Манеж»-ы ивгъуыд хуыцаубоны арæзт æрцыд профессион боксы изæр.
Йæ аразджытæ, промоутерон компани «Правда-Боксинг»-ы разамонджытæ боксы изæрæй ссардтой сæрмагонд хæстон операцийы архайджыты нæмттæ.
Ерысты архайдтой Уæрæсейы фараст регионæй уæлдай – Узбекистан, Хъыргъызстан æмæ Угандæйы боксертæ.
Ерысты архайджытæ æмæ æппæт уазджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой: РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министр Фрайты Сослан, нæ республикæйы культурæйы министр Гуыдиаты Батрадз, спорты сгуыхт мастер Тменаты Тамерлан, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Пагæты Алыксандр…
Ринджы цы дæс тохы ацыд, уыдон иууылдæр рауадысты цымыдисаг. Трибунæты уæвæг спортуарзджытæ разыйæ баззадысты ерыстæй. Уæлдай зæрдиагдæрæй разыйы сидтытæ æмæ къухæмдзæгъдæй размæ тырнын кодтой ирыстойнаг боксерты.
Не ‘мзæххон боксертæй рингмæ фыццагдæр рацыд астæуккаг уæзы хæцæг Гаджиты Олег. Йæ ныхмæлæууæг уыди дагестайнаг боксер Наби Юсупов. Цы цыппар раунды цыди сæ тох, уым фæуæлахиз Гаджиты Олег. Сæ размæ цы ‘ртæ тохы ацыдысты, уыдоны уæлахиздзаутæ систы Зафар Папиев (дыккаг æрдæгрог уæз, Нижневартовск), Максим Шведюк (æрдæгастæуккаг уæз, Севостополь), Артем Оганезов (рог уæз, Пятигорск).
Гаджиты Оледжы фæстæ рингмæ рацыдысты æрдæгастæуккаг уæзы хæцæг боксертæ Марк Урванов (Первоуральск) æмæ Владислав Айриян (Пятигорск). Сæ тох хъуамæ цыдаид 10 раунды, фæлæ фæци Владислав Айрияны пайдайæн 3-аг раунды. Уыдоны фæстæ дыккаг астæуккаг уæзы тохы бацыдысты Дзугаты Вадим æмæ Василий Штык (Ангарск). Сæ тох хъуамæ цыдаид 6 раунды, фæлæ 1-аг раунды 2-аг минуты Дзугайы-фырты тыхджын цæфты ныхмæ фæлæууын нал бафæрæзта йæ ныхмæлæууæг, æмæ тох ахицæн йæ пайдайæн. Сæ фæстæ фыццаг æрдæгастæуккаг уæзы фембæлдысты Тигран Сагоян (Дзæуджыхъæу) æмæ Надырбек Соибов (Узбекистан). Сæ тох хъуамæ цыдаид 6 раунды, фæлæ 3-аг раунды фæстæ уæлахиз лæвæрд æрцыд Сагоянæн.
Тынг хъазуатон рауад дыккаг астæуккаг уæзы Абайты Алан (Дзæуджыхъæу) æмæ Иса Исаевы (г.Тандо, Уæрæсе) тох. Цы цыппар раунды хæцыдысты, уым тæрхонгæнджытæ уæлахиздзауы сбæрæг кæнын нæ базыдтой æмæ йæ банымадтой хæрæгсастыл.
Уæззау уæзы Зæнджиаты Олег (Дзæуджыхъæу) æмæ Суннатило Бахадуров (Узбекистан) хъуамæ хæцыдаиккой 8 раунды, фæлæ фæци 2-аг раунды. Зæнджиаты Олег раунды 3-аг минутыл йæ ныхмæлæууæджы арвыста нокаутмæ æмæ сси турниры уæлахиздзау.
Боксы изæры сæйраг тохыл нымад уыд фыццаг æрдæгастæуккаг уæзы промоутерон компани «Правда-Боксинг»-ы уæлахиздзауы роныл фембæлд. Уыцы тохы фембæлдысты фæлтæрдджын богал Челæхсаты Георги (Дзæуджыхъæу) æмæ Африкæйы чемпион Фарахат Манирола (Угандæ). Сæ хъазуатон 8 раунды фæцæуæг тохы фæразондæр разынд Угандæйы минæвар, æмæ уæлахиз лæвæрд æрцыд уымæн.
Боксы изæр рауад спорты цымыдисаг бæрæгбонау. Ерысты уæвджытæн хæрзиуджытæ ратджыты ’хсæн уыдысты: Сергей Меняйло, таурæгъон боксер, дунейы 6 хатты чемпион Эрик Моралес, Олимпиаг хъæзтыты 3 хатты уæлахиздзау Таймазты Артур, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады администрацийы Сæргълæууæг Гобеты Ибрагим æмæ боксы изæры кадджын уазджытæ.
Баскаты Уырызмæг,
къам систа Татьяна Шеходанова














