Æцæг хъæбатыртæ!

0
56

1986 азы 26 апрелы, хуыцаубоны, срæмыгъта Чернобылы атомон электрон станцæйы цыппæрæм блок. Уæлдæфмæ скалд ядерон артаджы 50 тоннæйы бæрц, уыцы мæлæтхæссæг артагæй 70 тоннæйæ фылдæр та атомон электростанцæйы кæрты «анхъæвзта». Атомон арты æппæты разæй сыгъдысты зынгхуыссынгæнджытæ, хъахъхъæнджытæ, милицæйы кусджытæ, ирвæзынгæнджытæ, æфсæддон химиктæ-сгарджытæ æмæ дозиметристтæ, граждайнаг хъахъхъæнынады службæгæнджытæ…

Чернобылы АЭС-ы фыдбылызы фæстиуджытæ аиуварс кæныны тыххæй запасæй æрсидтысты 47 мин адæймаджы бæрцмæ, сарæзтой сæ 100 æфсæддон хайæ фылдæр. Фыццаджыдæр уал æрсидтысты химион хъахъхъæнынады æфсæдтæм æмæ сæ баппæрстой иртæст ранмæ. Æрмæст 1986 азы фыццаг мæйты æнæзынгæ цæхæрыл ахызтысты Чернобылы фыдбæллæхы фæстиуджытæ иуварсгæнæг 400 мин æфсæддоны бæрц. Уыдон уыдысты лæгдзинадæй æххæст æцæг хъæбатыртæ. Æхсæвæй-бонæй архайдтой, цы реактор срæмыгъта, уый хъуыр сæрмагонд таддаг æмæ здыйæ байдзаг кæныныл.

Семипалатинскы, Ног Зæххыл, Тоцкы пъæлигонты ядерон хæцæнгарз фæлварыны фæстиуджытæ, стæй Челябинскы облæсты горæт Озерскы куыстадон иугонд «Маяк»-ы бæллæхтæ фæстейы аззадысты, ницы уыдысты Чернобылы атомон электростанцæйы срæмыгъды раз. «Уазал хæсты» азты ацы объекттæ уыдысты сусæггонд, сæрмагонд паддзахадон ахадындзинад сын кæй уыд, уымæ гæсгæ. Чернобылы АЭС-ы срæмыгъды фæстæ иннæ æвирхъау бæллæхты тыххæй дæр æргомæй дзурын райдыдтой адæм, чи дзы архайдта, уыдон, сæ бинонтæ, æхсæнад…

Æнæзынгæ мæлæты ныхмæ чи тох кодта, уыдонимæ уыдысты Ирыстоны бирæ минæвæрттæ. Се ’хсæн – Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæ дæр. Зæгъæм, инæлар-лейтенант Коцойты Айтег Даргъ-Къохæй, хæсты архайæг, Байконуры, Капустин Яры, Плесецкы ветеран, контр-адмирал Цæллагты Пантелеймон станицæ Новоосетинскаяйæ, Майрæмададжы карз тохы архайæг, ядерон полигон «Новая Земля»-йы хицау, булкъон Сабеты Виктор Дигорайæ, æвзонг партизан, 1942 азы, хуымтæ минæтæй сыгъдæг кæнгæйæ, фæцæф, 30 азæй фылдæр куыста ирвæзынгæнæгæй Байконуры полигоны, фембæлд фыццаг зындгонд космонавттæй бирæтимæ; академик Александр Кемурджиан Дзæуджыхъæуæй, афицер-артиллерист, хæцыд Ленинграды, Курскы, бахызт Одер æмæ Вислæйыл 1945 азы, уыд Чернобылы, æрхъуыды кодта æмæ сарæзта робот Чернобылы АЭС-ы уæлхæдзар ядерон хауæццæгтæй ссыгъдæг кæныны тыххæй; булкъон Дзопойты Юри Черноярскы станицæйæ, уыд 3-аг Украинаг фронты, ирвæзынгæнæг Джезказганы, Байконуры; майор Иннокентий Беляев, 1944-1945 азты хæцыд Японы ныхмæ, фæстæдæр та Семипалатинскы ядерон фæлварæнты архайæг; взводы командæгæнæджы æххуысгæнæг, сержант Гаглойты Цуцук Алагирæй, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты фæллойадон фронты сæрæн архайæг, 1954 азы Тоцкы пъæлигонты атомон хæцæнгарз фæлварджытæй; майор Бæдоаты Муратбег Беслæнæй, 1942 азы Елхоты арæзта хæстон фидæрттæ, æххуыс кодта фронтæн, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты фæсчъылдымы фæллойгæнæг, 1956-1958 азты куыстадон иугонд «Маяк»-ы сæрмагонд объекттæ хъахъхъæнæг районы ротæйы командæгæнæг.

Куыстадон иугонд «Маяк»-ы Чернобылы æмæ бæстæйы ядерон объектты æндæр тæссаг хайæдты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ирыстойнаг ветеранты фарсмæ æнæзынгæ ядерон мæлæтимæ тохы бацыдысты нæ республикæйы сæдæгай æрыгон минæвæрттæ, æфсады службæгæнджытæ. Уыдон ныффæрæзтой зындзинæдтæн, разындис сæм  фыдбæллæхы фæстæ цæрын æмæ фæллой кæныны ныфс, пенсийы рацæугæйæ дæр зæрдиаг æхсæнадон куыст кодтой, фæндыд сæ Ирыстоны æхсæнадæн дарддæр дæр пайдайаг уæвын.

Мингай адæймæгты удуæлдай архайды фæрцы ядерон объектты фыдбылызты бæрц дзæвгар фæкъаддæр. Уыцы мингæйттæй 1750 уыдысты нæ республикæйы цæрджытæ. Уыдон ацы тæссаг тохы равдыстой стыр лæгдзинад, уæззау уавæрты ныфсджынæй иуварс кодтой ядерон фыдбæллæхты фæстиуджытæ. Сæ лæгдзинады, фæразондзинад æмæ удуæлдай куысты фæдыл не ‘мзæххонтæй дæс æмæ дыууиссæдзæн лæвæрд æрцыд Лæгдзинады ордентæ, сæдæгай ирыстойнæгтæ хорзæхджын æрцыдысты æндæр ордентæ æмæ майдантæй, Советон Цæдисы, Уæрæсе æмæ Ирыстоны æндæр кадджын нысантæй…

Мах хъуамæ æдзухдæр нæ зæрдыл дарæм ацы æнæзынгæ фронты архайджыты хъæбатырдзинад. Не ’хсæн ма сæ чи ис, уыдоныл хъуамæ аудæм, æххуыс сын кæнæм алы хъуыддаджы дæр. Æхсæнады хæрзаудæн архайд куы ‘нкъарой сæхиуыл, уæд нæ фарсмæ фылдæр азтæ фæуыдзысты ацы хъæбатыртæ.

Юрий ТИТАРЕНКО,

Чернобылы фыдбæллæхы фæстиуджытæ иуварсгæнæг, отставкæйы булкъон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here