Зындгонд куыд у, афтæмæй, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн Ирыстоны цæрæг адæм арæх æрвитынц гуманитарон æххуыс. Ацы арфæйаг хъуыддагмæ аккаг æвæрæн хæссынц Куырттаты комы цæрджытæ дæр. Бынæттон администрацийы специалист Бæгъиаты Аллæйы дæсны разамындæй куырттатæгтæ дæр æнæкъуылымпыйæ нæ хæстон лæппутæн æрбамбырд кæнынц гуманитарон æххуыс. Администрацийы кусæн уаты сæ Аллæ бабæлвырд, бабиноныг кæны. Зæрдиагæй бацархайы, цæмæй афойнадыл сæмбæлой не ‘фсæддонтыл.
Аллæйы хъæппæрисæй ныр цал æмæ цал хатты арвыстам нæ зæрдиаг лæвæрттæ нæ хъæбатыр хæстонтæн алыхуызон хъæугæ дзаумæттæ, хæлцы продукттæ, æмбæхсæн хызтæ. Администрацийы бæстыхайы байгом кодта хызтæ бийæн сæрмагонд æрмадз. Ардæм æрвылбон æрбамбырд вæййынц сылгоймæгтæ, сæ къухвæллой не ‘вгъау кæнынц, абон Райгуырæн бæстæ чи хъахъхъæны, неонацизмы ныхмæ карз тох чи кæны, уыцы æмбæстæгтæн. Ацы ахсджиаг хъуыддагмæ – гуманитарон æххуысмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, алкæд йе ‘ххуысы хай чи бакæны, уыцы хæларзæрдæ, алцыæмбараг адæймæгтæ рох не сты районы разамындæй, сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæй. Æрæджы бынæттон администрацийы кусæн уаты кадджын уавæры ветерантæ Голоты Альберт, Дадианаты Олег æмæ амалхъом Голоты Руслан 30 адæймагæн – Уæлахиз хæстæгдæргæнджытæн раттой арфæйы фыстæджытæ, кæцыты загъд ис: «Благодарность за участие в сборе гуманитарной помощи, неравнодушие, активную гражданскую позицию и неоценимый вклад в общее дело победы». Арфæйы фыстæджытæ лæвæрд кæмæн æрцыд, уыдоны ‘хсæн ис ахуыргæнджытæ, хъомылгæнджытæ, медицинон кусджытæ, хæдзары æфсинтæ, пенсиисджытæ, поселочы куыстуæтты коллективтæ. Цыбыр дзырдæй, Уæлахизы бон цæмæй рæвдздæр æрбахæццæ уа, ууыл чи архайы, уыдон рох не сты. Комбæсты сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хадыхъаты Аслан æмæ администрацийы специалист Бæгъиаты Аллæ та ма сæхи хардзæй сылгоймæгтæн балæвар кодтой дидинджытæ.
Фронтæн æххуысгæнджытæ иууылдæр ай-гъай арфæйы аккаг сты, фæлæ уæлдай арфæйы аккаг у, æххуысгæнджыты чи æрбамбырд кæны, уый – администрацийы специалист. Нæ уазджытæ зæрдиаг арфæ ракодтой ацы арфæйаг хъуыддаг аминдингæнæг Бæгъиаты Аллæйæн æмæ йæ схорзæхджын кодтой сæрмагонд майданæй.
Арфæйы фыстæджытæ чи райста, уыдон банкъардтой æхцондзинад, фыццаджыдæр, уымæй æмæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ Голоты Альберт æмæ Дадианаты Олег, хæсты быдыры лæгдзинад, сгуыхтдзинæдтæ æвдисгæйæ, сæрæгасæй кæй сæмбæлдысты сæ бинонтыл. Сæ хъæбатырдзинад æвдисæг – сæ риутæй цалдæргай майданты æрттывд. Нæ сæрæн лæппутæ, сæ фыдæлтау, тæппуддзинад не ‘вдисынц, удуæлдайæ хъахъхъæнынц Фыдыбæстæ.
«Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ алкæй хæс дæр у, абон Украинæйы зæххыл нын нæ сабырдзинад чи хъахъхъæны, уыцы сæрæн гуырдтæн иудадзыг æххуыс кæнын. Мах уе ‘ппæтæн дæр стæм стыр аргъгæнæг. Сымах æмæ уе ‘мхæстон ирыстойнæгтæ кад æмæ намыс кæнынц Ирыстонæн, Иры дзыллæтæн. Стæм уæ сæрыстыр æмæ уын сæрныллæгæй арфæ кæнæм, зæгъæм уын стыр бузныг! Уæ уæлдай лæмбынæгдзинад та махæй дæр рох нæ уыдзæн. Хуыцауы зæрдыл хорзæй лæуут! Æнæнизæй сабыр царды уæ кæстæрты хуртæй æфсæст у! Тагъд рæстæджы алкæй хъæбул дæр йæ хæдзарыл сæрæгасæй, Уæлахизимæ сæмбæлæд!», – загътой фысымтæ сæ уазджытæн.
Арфæйы фыстæджытæ, хорзæхтæ кæй къухтæй райстой фыййагдойнæгтæ, уыдонимæ уыд амалиуæггæнæг, Ногхъæуы цæрæг Голоты Руслан. Бæлвырд куыд у, афтæмæй Руслан йæхи сыгъдæг удвæллойæ фронтмæ ныридæгæн арвыста 59 уæзæгтæ ласæн хæдтулгæйы дзаг гуманитарон æххуыс, вæййы дзы алыхуызон хъæугæ товартæ, техникон ифтонггæрзтæ. Ахæм бæркадджын гуманитарон æххуыс арæх аласы йæхæдæг æмæ, йæ лæвæрттæ цалынмæ бынатыл нæ сæмбæлын кæны, уæдмæ нæ раздæхы. Кæуылты хорз æмæ ахадгæ хъæппæрис æвдисы не ‘мдугон Руслан! Ацы уæздан адæймаг йæхицæй не ‘ппæлы, фæлæ дзы, кæй зæгъын æй хъæуы, хæстонтæ алы хатт дæр стыр бузныг вæййынц. Стыр бузныг дзы стæм мах дæр. Гъемæ йын Хуыцау арфæгæнæг уæд! Дунесфæлдисæг æй кæддæриддæр амалхъом æмæ æххуысхъомдæр кæнæд! Йæ дзыппы бæркад уæлейæ исгæ, бынæй ахадгæ куыд уа, йæ бæркад хорз хъуыддæгтыл куыд хардз кæна, ахæм арфæ йын Дунейы фарн ракæнæд!
Сæххæст уæд не ‘ппæты бæллиц – ахуыссæд хæсты цæхæр! Нæ хъæбатыр лæппутæ рæхджы сæрæгасæй, уæнгрогæй Уæлахизимæ сæмбæлæнт сæ бинонтыл!
ФÆРНИАТЫ Рая,
Уæллаг Фыййагдоны цæрæг














