Боны фæткы – коррупцийы ныхмæ архайды фарстатæ

0
90

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙЫ разамындæй уыд Коррупцийы ныхмæ тохы фарстаты фæдыл республикон къамисы радон æмбырд.

Фембæлды архайджытæ æрдзырдтой бюджетон фæрæзтæ афойнадыл æмæ сæ нысаныл хардз кæныны, хицаудзинады æххæстгæнæг оргæнты коррупцион фæзындтытæ ма ’руадзын æмæ æндæр ахæм ахсджиаг фарстатыл. Къамисы уæнгтæ сæрмагонд æргом æздæхтой, коррупцийы ныхмæ тохы фæдыл закъонæвæрынад РЦИ-Аланийы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрады системæйы куыд æххæстгонд цæуы, уымæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй 2021 азæй фæстæмæ паддзахадон нысаниуæджы бадзырдтæн дихгонд бюджетон фæрæзтæ (10 милуан сомæй уæлæмæ) цас раст хардзгонд цæуынц, уымæ бæстон цæстдард ис къазнайады специалистты ’рдыгæй. Уыцы куыст 2025 азы куыд æххæстгонд цыд, уый тыххæй уыд йæ раныхас Федералон къазнайады цæгат-ирыстойнаг управленийы разамонæг Мырыкаты Маратæн.

Докладгæнæджы ныхасмæ гæсгæ, ивгъуыд азы къазнайады цæстдардæй æххæстгонд цыдысты 160 паддзахадон бадзырды (дихгонд сын уыд 15,7 миллиард сомы бæрц). Къазнайад æмæ иннæ профилон ведомствæты æнгом æмархайды фæрцы бадзырдты фæдыл æппæт хæрдзтæ дæр сæ нысаныл афойнадыл сæмбæлдысты. Уыимæ, ахæм пайда-йаг æмгуыстады фæрцы 2025 азы республикæйы бюджетмæ уæлæмхасæн æфтиæгты хуызы бафтыд 290 милуан сомæй фылдæр. Уымæй уæлдай, докладгæнæг æрхаста ахæм хатдзæг дæр: ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Цæгат Кавказы федералон зылды субъектты  ‘хсæн регионты бюджеты хæрдзты фæтк æххæст кæнынæй нæ республикæ нымад æрцыд раззагдæрыл.

Мырыкаты Марат æмбырды архайджыты зæрдыл æрлæууын кодта, паддзахадон
бадзырдтæ æххæст кæнгæйæ, хæдзарадон æмæ финансон архайды тыххæй документаци уæлдай бæстондæр арæзт кæй хъуамæ цæуа, уый тыххæй дæр. Финансон закъонæвæрынады уыцы домæн куыд æххæстгонд цæуы, уымæ лæмбынæг цæстдард уыдзæн профилон ведомствæты ’рдыгæй.

– Бюджетон фæрæзтæй раст пайда кæныны хъуыддагмæ уыдзæн фыццаградон цæстдард. Сæвзæргæ уавæр домы, цæмæй бюджеты алкæцы сом дæр хардзгонд цæуа хæдзар-дзинæй, цæмæй паддзахады æппæт социалон хæстæ дæр æнæкъуыхцыйæ æххæстгонд цæуой. Уыцы нысантæ уын уæ размæ æвæрын, æмæ æнхъæлмæ кæсын бæрнон куыстмæ, – докладæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, бацамыдта Сергей Меняйло.

Æмбырды раныхас кодтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы цур Коррупцийы ныхмæ тохы фарстаты фæдыл управленийы разамонæг Баскаты Эльбрус, республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here