Курорт «Мамысон»: бæлццæтты удæнцойæн

0
85

2026 азы райдайæнæй нырмæ курорт «Мамысон»-ы сæ фæллад суагътой 28 мин адæймагæй фылдæр. Уыимæ, курорт фарон куы байгом, уæдæй нырмæ та ацы фæлладуадзæн тæлмы уазджытæ систы 65 мин туристæй фылдæр.

Ахæм нымæцтæ фехъусын кодта компани «Кавказ.РФ»-йы пресс-службæ.

Компанийы минæвары ныхасмæ гæсгæ, ног курорт фидарæй рæзты фæндагыл æрлæууыд. Бынаты ныртæккæ кусынц дыууæ канатон фæндаг æмæ лыжæтыл бырæн трассæты 10 километры бæрц. Архайд цæуы, цæмæй бынаты фылдæр кæна фæлладуадзæн глемпингтæ æмæ хойраджы тæлмыты нымæц дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, куыст цæуы иннæ фæлладуадзæн структурæйы райрæзтыл дæр.

Уыимæ, «Кавказ.РФ» йæ размæ нысан æвæры, цæмæй 2031 азы онг курорты саразой ноджыдæр ма æртæ канатон фæндаджы (уыдонæй кæройнаг станцæ æрбынæттон уыдзæн 3300 метры бæрзæндыл). Уымæй уæлдай, лыжæтыл бырæн трассæтыл бафтдзæн ноджыдæр ма 13 километры.

Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй «Мамысон»-ы кой ныридæгæн айхъуыст, сæрдæй-зымæгæй чи кусы, ахæм курорт кæй у, уый тыххæй. Зæгъæм, зымæгон Мамысонгоммæ тырнынц лыжæты спорт уарзджытæ, сæрдыгон та уырдæм абалц кæнынц, экологон туризмыл æнувыд чи у, уыцы адæм.

Курорт «Мамысон»-ы райрæзтæн стыр ахадындзинад ис республикæйы экономикон царды. Кæй зæгъын æй хъæуы, регионы туристон хъомыс бæрзонддæр кæнынæй уæлдай, курорты объекттæ ахъаз кæнынц амалхъомады райрæзтæн, ног кусæн бынæттæ гом кæнынæн… Æппæт уыцы гæнæнтæй аккаг хуызы спайда кæныныл бæстон архайд цæуы.

Калманты Аслан

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here