Цымыдисаг у Дзæуджыхъæуы истори. Куы сæвзæрд, уæдæй абонмæ рæстæг бирæ фæлтæртæ ахаста. Се ‘хсæн уыдис зындгонд адæймæгтæ, нæ республикæйæн йæ хорз хъуыддæгтæй кад æмæ ном чи скодта, ахæмтæ. Фæлæ æхсæнады дæр уыцы иуты кой рацæуы, иннæтæ та рохуаты аззадысты.
Цалдæр азы нæ горæты сæйраг – Сабырдзинады проспект æмæ Горькийы уынджы историон бæстыхайы къулыл цавæрдæр æнæзонд нывгæнæг хъулон-мулон ахорæнтæй сныв кодта, бирæ азты уыцы ран тигъыл, балалайкæйæ цæгъдгæйæ, капекк чи куыста, ахæм магусайы. Уыимæ йыл бафыстæуыд «ирон Хъуыбады». Чи йын ратта бар, федералон ахадындзинад кæмæн ис, уыцы историон объектæй хынджылæг кæнын? Цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны комитет дæр уыцы бонты бæргæ дзырдта йæ ныхмæ, фæлæ нывгæнæджы фарс рахæцыдысты йæ хъузонтæ. Автор ахæм граффити цæуылнæ сныв кодта, ацы бæстыхай æмæ æнæхъæн проспектæн дæр ХIХ-æм æнусы кæрон проект чи скодта, уыцы архитекторæн, æви нæ уыдис уый аккаг, цæмæй йын къулыл чысыл фæйнæгыл йæ сурæт бакодтаиккой?
Хæрзæрæджы проспекты туристтæ, «музыканты» нывмæ кæсгæйæ, сæ фæрсты цæуæг нæлгоймаджы фарстой: «Извинитæ, пожалуйста, вы не могли бы нам рассказать, чей это портрет?» Цы сын хъуамæ загътаид нæлгоймаг, æмæ сын «нæ зонын», зæгъгæ бакодта. Чи зоны, йæхæдæг дæр æрцæуæг уыдис, æндæр куыд нæ фехъуыста ацы лæджы кой. Бирæ цыдис ныхас граффити фехалыныл, фæлæ йæм бавналын ничиуал бауæндыд, ныр дæр йæ бынаты æнæвнæлдæй лæууы. Чи у махæн ацы «ирон Хъуыбады», цы бар дары Къостайы уацмысы хъайтармæ? Советон Цæдис куы фехæлд, уæд нæ бæстæйы æфсымæрон республикæтæ сæхи аиуварс кодтой Уæрæсейæ, бафæндыд сæ хицæнæй цæрын, фæлæ цы рæсугъд æмæ фæрнджын цардмæ æнхъæлмæ кастысты, уымæй фыдæнхъæл фесты æмæ тæдзынæгæй-цыхцырæгмæ бахаудтой. Хæсты цæхæртæ ссыгъдысты Астæуккаг Азийы хурсыгъд республикæты. Бæстæ æмтъеры уыд, цæвæг марæджы нал æв-
зæрста, æмæ адæм лыгъдысты æдас рæттæм. Афтæ Цæгат Ирыстонмæ дæр бирæтæ æрбалыгъдысты. Уæд æрбафтыд «ирон Хъуыбады» дæр Дзæуджыхъæумæ. Æз йæ ныхмæ æппындæр нæ дæн, йæ хъалæй не ‘рбафтыд ардæм, фæлæ Ирыстоны хæрзамонд æмæ фарнæн дæр ницы сарæзта, Къостайы уацмыстæ дæр нæ зарыд, цæмæй йын йæ ном сæнусон кæнæм. Уый хыгъд, архитекторы ном та абон зонгæ дæр ничи кæны, æмæ хъыг дæр уый у. Аслан, куыд лыгъд адæмы минæвæрттæй иу, афтæ миграцион службæйы алы мæй дæр йæхи æвдыста, йæ къух-иу сæвæрдта. Уынгтæ æфснайæгæй йын куысты бынат лæвæрдтой, фæлæ не сразы. Куртаевы размæ та уыцы тигъыл бадтис уырыссаг куырм лæг, фæндырæй цагъта. Аслан æй уырдыгæй фæсырдта æмæ, цы фæцис адæймаг, уый бæрæг дæр нал сси. «Балалаечник» куы амард, уæд нæ адæм интернеты хызы фыстой, зæгъгæ, æхца æрæмбырд кæнæм æмæ йын цыртдзæвæн сæвæрæм. Уыцы æххуыс ын цæрдудæй куы бакодтаиккой, уæд хуыздæр уыдаид, йæ мæлæты фæстæ ма йæ адæмы хæрдзтæ цæмæн хъæуынц?
Ахæм хъæппæрисджын фæсивæд нæм куы разынид æмæ «ирон Хъуыбадыйы» ныв куы фехаликкой æмæ историон бæстыхайы къулыл куы бакæниккой Павел Шмидты къам. Уый уыдис канд ацы объекты нæ, фæлæ Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады проспект æмæ æндæр арæзтæдты архитектор. Павел Шмидт уыдис уырыссаг немыцаджы бинонтæй. Райгуырд Бетъырбухы 1873 азы. Сабийæ сидзæрæй баззад, æмæ йæ хъомыл кодта йæ фыдыфсымæр. Гимназ сыгъзæрин майданимæ каст фæци æмæ дарддæр ахуыр кæнынмæ бацыд цæгатаг горæты Граждайнаг инженерты институтмæ архитектурон æмæ сантехникон факультеттæм. Институты фæстæ æрвыст æрцыд командировкæйы Европæмæ. Куы æрыздæхт, уæд кусын райдыдта Эрмитажы центрон хъармгæнæн системæйы куысты нывыладыл. Йæ бинойнаг София тарнизæй фæрынчын æмæ бонæй-бон фыддæргæнгæ цыдис. Бетъырбухы дохтыртæ йын бацамыдтой Цæгат Ирыстонмæ фæцæуын, æрдзы-
хъæд дзы хуыздæр кæй уыд, уый тыххæй. Ныфс ын æвæрдтой, хæххон уæлдæф рынчынæн кæй фæахъаз уыдзæн, уымæй. Павел Шмидт Софияимæ æрцыд Дзæуджыхъæумæ æмæ кусынмæ бацыд Теркаг арæзтадон управленимæ кæстæр инженерæй. 1907 азы сарæзта йæхицæн дыууæуæладзыгон хæдзар, 1909 азы йæ снысан кодтой арæзтадон хайады хицауы хæдивæгæй, уый фæстæ та сси Терчы облæсты сæйраг архитектор. Павелы арæзт бæстыхæйттæ стиль «модерн»-ы абон дæр аив кæнынц Дзæуджыхъæу, цымыдисæй сын сæ архитектурон скондмæ кæсынц, сæ рæзты чи фæцæуы, уыдон иууылдæр. Бирæ хорздзинæдтæ сарæзта Павел Ирыстонæн. Куыста хъæууонхæдзарадон æмæ
хуызджын згъæрты институтты ахуыргæнæгæй. 1938 азы та разамынд лæвæрдта хуызджын згъæрты институты теоретикон-механикон кафедрæйæн. Йæхи хæдзар, абон Горькийы уынджы, Софияйы амарды фæстæ балæвар кодта театралон æхсæнадæн. Уый фæстæ дзы цардис Тæбæхсæуты Бало æмæ абон дæр Балойы хæдзар-музей у. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд Павел иннæтимæ, бел йæ къухы, афтæмæй къахта акъоппытæ, арæзта хъахъхъæнæн æмæ бомбæтæй хи бафæсвæдгæнæн объекттæ. Мæлгæ дæр акодта 1942 азы, Дзæуджыхъæуы фæзы иу ахæм хъахъхъæнæн объект аразыны рæстæг æваст ахауд. Павел Шмидт хорзæхджынгонд æрцыд бирæ хæрзиуджытæй, уыд зындгонд уæрæсейаг æмæ советон архитектор. Ныгæд æрцыд ирон уæлмæрды. Ныр æркæсæм æмæ равзарæм, кæй сурæт сæ у ахсджиагдæр, уыцы фарстамæ.
Цы бакæнын хъæуы, кæцæй райдайын, цæмæй Павел Шмидтæн мемориалон фæйнæг Сабырдзинады проспекты, йæхи проекты бындурыл арæзт бæстыхайы къулыл конд æрцæуа, уый тыххæй? Исчи ма фезмæлæд лæгау….
Саутæты Тамилæ














