Журнал «Мах дуг»-ы æхсызгон фембæлд

0
88

«Адæймаг хъуамæ йæ цард-цæрæнбонты агура йæхицæн хæлæрттæ, хъуамæ сæ ссара æмæ хъахъхъæна цæстыгагуыйау. Мах стæм иу хохаг хъæу «Кавказ»-æй рацæугæ, æмæ нæ хъуамæ алчи дæр хорздзинæдтæ ракæнынмæ тырна, цæмæй нæ адæмтæ кæной æнгомдæр».

Национ наукон чиныгдоны уыд журнал «Мах дуг»-ы сæрмагонд номыры презентаци.  Журналы мыхуыргонд æрцыдысты Абхазы фысджыты уацмыстæ ирон æвзагмæ тæлмацæй. Дыууæ республикæйы фысджыты ‘хсæн хæлардзинад дарддæр фидар кæныны фæнд фæзынд журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæйы хъæппæрисæй. Бæрæгбоны кадджын уазæг уыд  Абхазы Республикæйы национ газет «Абсны»-йы сæйраг редактор Ахра Анкваб. Æхсызгон фембæлд байгом кодта æмæ цыбырæй Абхаз æмæ Ирыстоны фысджыты рагон хæлардзинады уидæгтæ зæрдыл æрлæууын кæныны фæстæ Хетæгкаты Оксанæ бæрæгбоны архайджытимæ æрымысыдысты абхазаг журнал «Алашара»-йы сæйраг редактор-поэт, прозаик, публицист Анатолий Лагулаайы рухс ном. Уый дæр æхсызгонæй сæмбæлд ацы хъæппæрисыл, фæлæ йын фембæлдыл бацин кæнын нал бантыст. Йæ журналы редакцийæ, йæ ном хъуыдыгæнгæйæ, сæрвыстой видео-арфæ. Æхсызгон фембæлды архайдтой фысджытæ, журналкæсджытæ, журналисттæ, æхсæнадон архайджытæ.

Уазджытæ æмæ фысымтæн зæрдæбын арфæты фæстæ Хетæгкаты Оксанæ сæрмагонд бузныг загъта Национ чиныгдоны сæргълæууæг Хайманты Иринæ, ЦИПУ-йы журналистикæйы факультеты декан Хæбæлаты Фатимæ, ирон факультеты декан Гуыриаты Эльмирæ, газет «Северная Осетия»-йы сæйраг редактор Битарты Маринæ, Фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барис æмæ бæрæгбоны æппæт уазджытæн.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here