Уæрæсейы адаптивон (ома, сахуыруæвæн) спорты райрæзты сæйраг æууæлтыл ныхас кæм цыд, УФ-йы Федерацийы Советы Сæрдар Валентина Матвиенкойæн уыд хъуыддаджы ахæм фембæлд бæстæйы иугонд паралимпаг командæйы уæнгтимæ.
Æмбыры архайджытæ (адоны æхсæн уыд Цæгат Ирыстонæй амынд Советы сенатор Виталий Назаренко дæр) æрныхас кодтой паралимпаг спортæн æххуысы, стæй æнæниздзинады цыбыргонд гæнæнтимæ спортсментæн æмхуызон уавæртæ саразыны ахсджиаг фарстатыл.
Дзыллон паралимпаг спортивон мадзæлтты архайды фæлтæрддзинад кæмæ ис, паратхэквондойæ дунеон ерысты цалдæр хатты ахæм чемпион Виталий Назаренко сæрмагондæй бафиппайдта адаптивон спортæн паддзахадон æххуысы ахадындзинад.
– Уæрæсейаг спортсментæ Италийы ацæуæг цыппæрдæсæм Паралимпаг хъæзтыты заман æнтыстдзинæдтæ кæй равдыстой, уый банымайæн ис канд спортивон сгуыхтдзинадыл нæ, фæлæ ма спортсменты тренерты æмæ сæ зондамонджыты бирæазон куысты æмæ удуæлдайдзинады æвдисæныл дæр. Уæрæсейаг спортсментæ дунеон ерысты парахатæй цæмæй архайой, уымæн фадæттæ аразыны фæдыл куыст дарддæр æххæст кæнын хъæуы. Адæм адаптивон спорты секциты цæмæй архайой, Федерацийы Советы фæндонæй уымæн спортивон объектты æппæтуæрæсеон интерактивон картæ саразыны фæдыл куыст дарддæр цæуы. Уæрæсейы Спорты министрад æмæ бæстæйы субъекттимæ иумæ амынд нывыл карст фæзты нымæц фæфылдæр кæнынмæ хъавæм. Нæ иумæйаг хæс у алы адæймаджы – йæ физикон фадæттæ йын нæ нымайгæйæ – гæнæнтæ баххæст кæнынæн иттæг нывыл уавæртæ саразын, – загъта сенатор.
Уымæй уæлдай, фембæлды архайджытæ æрныхас кодтой тренертæн æххуысы, ног сæрмагонд спортивон базæтæ аразыны, стæй, паралимпиадæмæ йæхи чи цæттæ кодта, фæлæ дзы архайыны фадат кæмæн нæ уыд, ахæм адæмæн ерыстæ саразыны фарстатыл дæр. Ацы хъуыддæгтæм цæст лæмбынæг дардзысты.
Æлборты Залинæ














