Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Советы радон æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.
Ацы хатт Советы уæнгтæ се ‘мбырд ахастой Рахизфарсы районмæ, Беслæныхъæумæ. Афтæмæй, æмбырды сæйраг фарста уыд «2025 азы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Рахизфарсы муниципалон районы муниципалон сконды фæзуаты национ проекттæ æххæст кæнын, социалон-экономикон рæзты бæрæггæнæнтæ æмæ ацы азы нысантæ».
Уый фæдыл ныхас кодта районы сæргълæууæг Мырыкаты Хъазыбег. Куыд загъта, афтæмæй ивгъуыд аз сæ куысты сæйраг нысан уыд районы цæрджытæн, уæлдайдæр сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуысы мадзæлттæ аразын, адæмы царды уавæртæ хуыздæр кæнын. «Районы цæрджытæй 600 адæймаджы ныртæккæ архайынц сæрмагонд æфсæддон операцийы. Афæдзы дæргъы арвыстам 30 мин тоннæйы гуманитарон æххуыс», – загъта районы разамонæг. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ивгъуыд аз районы бюджет æххуысы хуызы райста 1,758 милуан сомы, 2024 азимæ абаргæйæ, къаддæр. Хи æфтиæтæ, уымæй размæйы азимæ абаргæйæ, фæфылдæр сты 95 милуан сомæй. Фæлæ уæддæр бюджет уыд кадаварджын. Афæдзы кæронмæ район æфстау æхцатæй хæс дары 179 милуан сомы. Хæрдзтæн сæ фылдæр уыдысты социалон хæрдзтæ.
Афтæ, бæстон Мырыкаты Хъазыбег æрныхас кодта, районы хъæууон хæдзарад, ахуырад, арæзтад, культурæ æмæ царды иннæ къабæзты районы арæзт цы æрцыд æмæ ацы аз цæуыл кусдзысты, уыцы нысантыл.
Районы экономикон рæзт цы уавæры ис æмæ йæ нысантæ цавæр сты, уый фæдыл ныхас кодта Парламенты промышленность, транспорт, бастдзинад æмæ амалхъомады комитеты сæрдар Киситы Мурат æмæ йе ‘ргом фылдæр аздæхта æнæлыггонд фарстатæм. Куыд загъта, афтæмæй районы дыккаг аз ныллæгæй-ныллæгдæр кæнынц фосдарынады къабазы бæрæггæнæнтæ. Афтæмæй та хъуыддаг фæнывыл кæнынæн районæн лæвæрд цыд субсидитæ: 2023 азы – 130 милуан сомы, 2024 азы – 118 милуаны æмæ 2025 азы – 75 милуан сомы. Районы иннæ лыггæнинаг фарста – донхорыггæнæн системæ, раздæры азты куыд уыд, афтæ ногæй рацаразын, бар кæм нæй, ахæм ран цæрджытæ бырон кæм калынц, уыцы бырондæттæ бафснайын æмæ æндæртæ. Фарстатæ алыг кæныны хъуыддæгтæ домынц уæлæмхасæн мадзæлттæ.
Парламенты наукæ, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Еленæ Князева ныхас кодта, социалон политикæйы фарстатæ районы куыд лыггонд цæуынц, ууыл. Ахуырады фарстайыл ныхас кæнгæйæ, депутат загъта, скъолаты кусæг æрыгон ахуыргæнджыты нымæц районы кæй фæфылдæр. Куыд хуыздæр астæуккаг ахуыргæнæндæттæ, афтæ Цæлыччы æмæ Олгинскæйы скъолатæ фарон рамбылдтой республикæйы Сæргълæууæджы гранттæ. Районы æппæт скъолаты гæнæнтæ дæр дзуапп дæттынц ахуырады нырыккон домæнтæн.
Фарон ацы рæстæг Парламенты Советы уæнгтæ, Рахизфарсы районы уæвгæйæ æмæ йæ социалон-экономикон рæзты бæрæггæнæнтыл ныхас кæнгæйæ, уавæр фæхуыздæр кæнынæн цы уынаффæтæ рахастой, уыдон куыд æххæстгонд æрцыдысты, уый фæдыл уыд йæ раныхас Парламенты закъонæвæрынад, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Асланæн. Æмæ, депутат куыд бафиппайдта, афтæмæй сæ фылдæр сæххæст кæнын къухы бафтыд. «2029 азмæ æххæстгонд цæудзысты, сæ иумæйаг аргъ 6 миллиард сомæй фылдæр кæмæн у, районы социалон-экономикон уавæр ноджы фæхуыздæр кæныны уыцы мадзæлттæ. Рацараздзысты донуадзæнтæ æмæ донсыгъдæггæнæн хызæгты 120 километры. Зæронд Бæтæхъойыхъæуы, Раздзог æмæ Бруты арæзт æрцæудзысты культурæйы хæдзæрттæ», – загъта Черчесы-фырт.
Раныхæсты фæдыл фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд Тускъаты Таймуразмæ, депутаттæ Цæгæраты Руслан æмæ Уататы Зелиммæ. Парламенты Сæрдары хъуыдымæ гæсгæ, районы разамындæн йе ‘ргом фылдæр аздахын хъæуы инвестицион проекттæ æххæст кæнынмæ æмæ сын уыцы нысанимæ зæххы хæйттæ дæттынмæ.
Парламенты Советы æмбырды фæстæ Тускъаты Таймуразæн уыд фембæлд районы спортивон къабазы минæвæрттимæ – тренертæ æмæ сæ хъомылгæнинæгтимæ. Йæ архайджытæ ныхас кодтой, спорт адæймаджы, уæлдайдæр æрыгон адæймаджы царды цы стыр æмæ ахсджиаг бынат ахсы, ууыл. «Тренерты фыдыбæстон скъола у æппæты хуыздæр. Алы чемпион, алы уæлахиздзау спортсменæн йæ æнтыстыты ратæдзæн у тренеры удуæлдай куыст», – загъта Парламенты Сæрдар. Фембæлды рæстæг ныхас цыд спорты алы хуызтæй архайынæн районы хуыздæр гæнæнтæ аразыныл æмæ къабазы æнæлыггонд фарстатыл.
Æмбырды архайджытæн – æнтыстджындæр спортсментæ схъомылгæнæг хуыздæр тренертæн, се ‘хсæн – Дудайты Эльбрус, Коцты Аветто, Наниты Юри, Цъæхилты Таймураз, Бестауты Энвер æмæ Уататы Сослан – лæвæрд æрцыд РЦИ-Аланийы Парламенты Кады гæххæттытæ æмæ РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдары Арфæйы фыстæджытæ.
Рахизфарсы районмæ йæ кусæг балцы рæстæг Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта, ног арæзт чи æрцыд, уыцы объекттæ: стадион «Пищевик», БМК-йы Культурæйы галуан æмæ ССР Цæдисы Хъæбатыр Иван Недвижайы номхæссæг Беслæны 2-æм астæуккаг скъолайы «Уæлахизы музей».
Уый фæстæ Тускъаты Таймураз йæ кусæг балцæн хатдзæгтæ скодта æмæ районы сæргълæуæг Мырыкаты Хъазыбегимæ дзуаппытæ ратта дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæртты фарстытæн.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ














