Раззагдæр медицинон технологиты фæрцы…

0
67

Хæстæгдæр бонты Дзæуджыхъæуы клиникæ «МЕГА»-йы специалисттæ æххæст кæнын райдайдзысты, абоны онг æрмæстдæр Мæскуы æмæ æндæр центрон медицинон кусæндæтты кæй арæзтой, уыцы урологон операцитæ.

Сусæггаг нæу, абоны тыхст æмæ зын царды æууæлтæ комкоммæ кæй ахадынц адæймаджы æнæниздзинадыл, уый. Уæлдайдæр та, азтæ куы рацæуы, уæд арæх алыхуызон низтæ тыхсын кæнын райдайынц адæймаджы. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый хауы нæлгоймаджы æнæниздзинадмæ дæр. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй Ирыстоны нæлгоймæгты ’хсæн арæх сты урологон низтæ. Æмæ кæд сæ кой рæгъмæ арæх нæ рахастæуы, уæддæр сæвзæргæ уавæр домы, цæмæй тыхст адæймаг райса хъæугæ медицинон æххуыс, уыимæ йæ дард горæттæм цæуын ма бахъæуа, фæлæ Дзæуджыхъæуы ссара дæсны дохтырты…

Æппæт уыдæттæ зæрдыл даргæйæ, медицинон клиникæтæй иу – «МЕГА»-йы разамынд фадæттæ сарæзта, цæмæй æппæты нырыккондæр технологиты бындурыл урологон операцитæ райдайой кæнын ацы кусæндоны дæр. Æмæ ныр æппæтдæр – техникон гæнæнтæ, специалистты дæсныдзинад – цæттæ у. 5 апрелы клиникæйы фыццаг ахæм урологон операцитæ скæндзысты «МЕГА»-йы дохтыртæ: Урологты европæйаг иугонды уæнг Маликъиты Ибрагим, медицинон наукæты кандидат Александр Осадчинский æмæ медицинон наукæты доктор Нариман Гаджиев.

Иу ныхасæй, Цæгат Кавказ дæр цæттæ у федералон клиникæты æмвæзадыл вазыгджын урологон операцитæ раззагдæр технологиты бындурыл кæнынмæ. Уый, æнæмæнг, ахсджиаг хъуыддаг у. Нæ дохтырты архайд рæстмæ уæд…

Калманты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here