Фæлладуагъд дуртулæн бынæтты

0
67

Ацы уалдзæг райдыдта æрдзон фыдбылызтæй. Тарскæйы фæндаджы уаццаг   дон аласта,  Дагестаны  та, тæрккъæвдаты аххоссæй цы æвирхъау цаутæ ‘рцыд, уыдон бирæ бæллæхтæ ‘рхастой республикæйы цæрджытæн, уæлдайдæр, хæххон районты чи цæры, уыцы адæмæн. Дон аласта æнæхъæн хъæутæ æд адæм, æд фос. Чи ма дзы баззад, уыдон ма адзалæй  тыххæй аирвæзтысты.

Центрон телеуынынады равдыстой, Гунибы  рагон  историон  цыртдзæвæн  куыд ныккалд, уый. Фесæфт æнæхъæн истори – «Ворота Шамиля», зæгъгæ, кæй хуыдтой,  ХIХ æнусы Кавказаг хæсты фæстæ кæй самадтой, уыцы æвæджиауы рагон къул. Бирæ быцæутæ æмæ хæстытæ федта,  ныббыхсыд сын, фæлæ нал бафæрæзта  æрдзы тыхмитæн. Фæстæмæ йæ саразынæн республикæйы разамындмæ  æхцайы фæрæзтæ уыйбæрц нæй, æмæ хъыггæнгæйæ сæ историктæ æмæ археологтæ дзурынц, цы историйы хай фесæфтой, уый фæдыл  æнкъардæй. Поэты загъдау, «Что имеем – не храним, потерявши – плачем». Фыдæлтæ кæд  институтты нæ ахуыр кодтой, уæддæр зонды скъола уыдысты. Зæронд фæлтæр зыдтой, хæхбæстæ æмæ быдыры дæр хæдзар цы ран амайгæ у, уый, фæлæ,  уыцы фарстатæ ныры адæмæй бирæтæ  нæ зонынц, æмæ ныл  бæллæхтæ дæр уымæй цæуы.

Хъæрмæдоны фыццаг хатт, æртæ æнусы размæ, зæй куы ракалд,  уæд авд Гæналы ныххафта, таурæгъы дæр ма  баззад, ацы историон цау. Аирвæзт ма дзы иунæг сылгоймаг æмæ йæ  куыдз. Куыдз, дам, иу былмæ рацыд æмæ ниудта. Уыцы хабарыл бирæ рæстæг рацыд, æмæ та Гæналдоны былтыл цæрæн хæдзæрттæ фæзынд. Иу сем нын сем нæу, ивгъуыдмæ  фæстæмæ фæкæс-фæкæсгæнгæйæ,  нæ рæдыдтытæй ницы хатдзæгтæ кæнæм, уæд куыд ис афтæмæй фидæн аразæн? Æндæр нæ фыдæлтæ нæ зыдтой, абон хæхбæсты хæдзæрттæ цы бынæтты аразынц, уым æмбæлд аразын æви нæ, уый? Рагон адæм  нал сты, фæлæ,  сæ бæсты  æрдзыхъæды митæ чи зоны бæлвырд, уыцы эксперттæ нын  æдзух  хъусын кæнынц, Хъолайы цъитийы уавæры бæрæггæнæнтæ иудадзыг нæ телефонтæм æрбацæуынц, тæрккъæвдатæ кæй уыдзæн, æмæ хæххон районтæм, доны былтæм ма цæут, зæгъгæ, ахæм хъусынгæнинæгтæ. Уæдæ бирæ ныхас ныр дæр  цыд, хæхбæсты уæлвæзты æмæ къултыл хæдзæрттæ аразæн кæй нæй, уый тыххæй, фæлæ дзæбидыры хъусы – уад. Коммæ ничи кæсы, хивæнд адæймагимæ та зын дзурæн у.

Азæй-азмæ хæхбæсты «цъæхсæр»  хæдзæртты нымæц фылдæрæй фылдæр кæны. Нырыккон царды «модæ» у хæххон уæлвæзты баулæфын, бур физонджытæ алæмæты æрдзы хъæбысы скæнын. Кæд раздæр сæрдыгон афон адæм уылæн кодтой Ирыстоны хæххон районтæм, уæд ныр та сæрдæй-зымæгæй кæмтты ногарæзт «коттеджтæ» суткæгай  ахст сты. Аргъыл дзургæ дæр нæ кæндзыс-тæм, сæр разилы, цæстытæ атартæ вæййынц, куы сæ фехъусæм, уæд.
Æрæджы мæ хорз зонгæтæй фехъуыстон ахæм хабар: Дыгургомы улæфынмæ уыдысты æмæ, цы ног хæдзары æрбынат кодтой, уый алыварс къæвдаты рæстæг кæрт æмæ дæлбыл фæндагмæ дуртæ æрызгъæлыдысты. Рацæуæн сын нал уыд, пъæлицæ фæндаг кæй æрæхгæдтой, уымæ гæсгæ,  æмæ дзы бон бафæстиат сты. Алкæй дæр фæнды хæххон уæлдæфæй аулæфын, æрдзы рæсугъддзинадмæ бакæсын, фæлæ, ныры рæстæг æхца бакусыны охыл тæссаг рæтты фæлладуадзæн агъуыстытæ чи аразы, уыцы адæймæгтæ хъуыды цæуылнæ кæнынц æдасдзинады фарстатыл?

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here