Уæлахизы бонмæ цæттæдзинад

0
32

Хæстон парадæй, акцитæ «Æнæмæлгæ полкъ», «Сæ цæсгæмттæм сын бакæс», «Георгийы лентæ» æмæ æндæр хъуыддæгтæй Цæгат Ирыстон сбæрæг кæндзæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты советон адæмы Уæлахизы 81-æм аз.

Æппæтадæмон бæрæгбонмæ цæттæдзинады фарстатæ равзæрстой республикон оргкомитет «Уæлахиз»-ы. Амыдта йæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Сæргълæууæг куыд радзырдта, афтæмæй ацы бæрæгбон нæ алкæй зæрдæйы дæр цæры, нацизмыл фæтыхуæвын æнцон нæ уыд.

«Нæ алкæмæн дæр цæвиттонау систы хæсты архайджытæ æмæ ветерантæ. Хъуамæ сæм æппынæдзух дæр нæ цæст дарæм. Уæдæ мемориалтæ, цыртдзæвæнтæ банывыл кæнын дæр ис боны фæткы. Уæлдай æргом аздахын хъæуы æрыгæтты хæстон-патриотон фарстатæм, аразын хъæуы тематикон уроктæ, скъолаты хъуамæ фæзыной тематикон къуымтæ», – фæбæрæг кодта Сергей Меняйло.

Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Реутов куыд загъта, афтæмæй Уæлахизы кадæн  Дзæуджыхъæу æмæ районты скæндзысты 200-мæ æввахс алыхуызон зæрдылдарæн хъуыддаджы.

Дзæуджыхъæуы 9 майы цы хæстон парад уыдзæн, уырдæм Сергей Меняйлойы амындæй хъуамæ æрхоной Хетæгкаты Къостайы номхæссæг университеты Хæстон ахуырадон центры курсантты, скъолаты кадетты кълæсты ахуырдзауты, хъазахъхъы минæвæртты. Уымæй дарддæр, Сæргълæууæг фæсидт Мидхъуыддæгты республикон министрадмæ, Уæрæсейы Национ гвардийы регионалон управленийы разамындмæ, цæмæй сæ номдзыддæр рæнхъонты рахоной Уæлахизы парадмæ.

Уæлахизы бон комкоммæ уагæй «Æнæмæлгæ полкъ»-ы архайджытæ Сабырдзинады проспекты рацæудзысты сæ кадджын фыдæлты, хиуæтты къамтимæ. Уыцы бон РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг фембæлдзæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæ, фæсчъылдымы фæллойы ветерантæ æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытимæ. Уæлахизы боны размæ, 8 майы, дидинджытæ кадджын уавæры сæвæрдзысты мемориалтæ æмæ цыртдзæвæнтыл.

Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй 2021 азæй кæй скæнынц, уыцы «Сæ цæсгæмттæм сын бакæс»-ы акци дæр йæ тыхы бацæудзæн. Дзæуджыхъæуы мэр Милдзыхты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй республикæйы сæйраг горæты ис 2 минæй фылдæр рекламон фæйнæджытæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты, ветеранты къамтæ та сты 10,7 минæй фылдæр. Ныр дæр курдиæттæ æрвитынц адæм. Сæ бон сæ администрацийæн, бирæкъабазджын центртæн исын у 16 апрелмæ.

Ноджыдæр ма иу патриотон проект – «Ирыстоны адæмы зæрдылдард». Архивон службæ сайт Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты тыххæй хабæрттæй дзаг кæны.
Ирыстоны цæрджытæ уыцы хабæрттæ æрвитынц. Хицæнæй æрныхас кодтой бæрæгбоны рæстæг æдасдзинад æмæ æхсæнадон фæткы тыххæй. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг бафæдзæхста уыцы бон базарты куыст бауромын, карз нозт уæй кæнын дæр бауромын Штыбы фæз æмæ Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады проспекты.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here