Нæ республикæйы кæронмæ фæхæццæ кæны хъармгæнæн рæстæг. Фæлæ амынд æмгъуыдмæ ахицæн уыдзæн æви нæ, уый аразгæ у боныхъæдæй.
Хъарм дæттыны нормæтæ куыд амонынц, афтæмæй, фондз боны дæргъы температурæ 8 градусæй уæлæмæ куы уа, уæд коммуналон лæггадгæнæг куыстуæттæ хæдзæрттæм хъарм хæццæ кæныны куыст бауромынц. Уыдонæй уæлдай, хъарм дæттыны тыххæй уынаффæ рахæссын сæ бон у муниципалитетты администрацитæн.
– Фæззыгон-зымæгон хъармдæттыны рæстæг бæрæггонд цыдысты газ кæнæ электрон тых къуылымпытимæ дæттыны цаутæ. Се ‘ппæт дæр цыбыр рæстæгмæ иуварсгонд цыдысты. Уыцы цаутæ цæй аххосæй æрцыдысты, уый равзардзысты бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæ æмæ коммуналон куыстуæттæ, хъармгæнæн рæстæг кæронмæ куыд ахæццæ, уыцы куысты хатдзæгтæ æвзаргæйæ. Сæ бындурыл сбæлвырд кæндзысты ног, 2026-2027 азты фæззыгон-зымæгон хъармгæнæн рæстæгмæ цæттæгæнæн мадзæлттæ, – загъта цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министры хæдивæг Надгериты Батрадз.
Дыууæ хъармгæнæн рæстæджы ‘хсæн специалисттæ сараздзысты профилактикон, стæй ифтонггæрзтæ æмæ техникæ цалцæггæнæн куыстытæ – ныхсдзысты æмæ ныссыгъдæг кæндзысты системæтæ æмæ хъармгæнæнтæ, сæххæст кæндзысты гидравликон куыстытæ. Уымæй уæлдай, къабазы кусджытæ – диспетчертæ, цалцæггæнджытæ – æнæнхъæлæджы æрцæуæг цауты ныхмæ цæмæй цæттæ уой, уыцы нысанимæ сын сараздзысты æмархайды мадзæлттæ.
Сæ нысан у, зымæгон рæстæг цæрæн хæдзæрттæм æмæ социалон кусæндæттæм хъарм хæццæ кæныны куыст куыд нæ фæкъуылымпы уа, æппынфæстаг, «Инфраструктурæ – цардæн», зæгъгæ, ацы национ проекты сæйраг нысантæ сæххæст кæнын къухы куыд бафта, уый.
Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрады пресс-службæ














