Ирыстоны зындгонд меценат, Аланты Ныхасы Мæздæджы районы хайады сæрдар Гуццаты Фридон ныр бирæ азты зæрдиагæй архайы ирон æвзаг æмæ культурæ бахъахъхъæныныл. Уыцы хъуыддæгтæн нæ хæлæг кæны йе ‘хцайы фæрæзтæ дæр.
Цалдæр азы размæ Фридоны хъæппæрис æмæ хæрдзтæй æрхъуыдыгонд æрцыд, ирон æвзаг æмæ культурæйы хуыздæр æнтыстдзинæдтæ чи ‘вдиса, уыдоны орден «Хетæгкаты Къоста»-йæ схорзæхджын кæнын. Орден саразыны æппæт хæрдзтæ дæр Фридон райста йæхимæ. Уыцы хорз хъæппæрисыл архайы Цæгат Ирыстоны регионалон æхсæнадон организаци «Хетæгкаты Къостайы номыл наукон-культурон центр», йæ сæрдар – Æлборты Иван. Æрæджы центры уæнгтæ Бигъуылаты Людмилæ æмæ Гуццаты Фридон сæ сæрдар Æлборты Иван æмæ къамисы иннæ уæнгтимæ сбæрæг кодтой, уыцы хæрзиуæг ацы аз кæмæ æрхаудзæн, уыдоны нæмттæ. Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæн институты залмæ, хæрзиуæг кæмæн снысан кодтой, уыдонæй уæлдай æрæмбырд сты фысджытæ, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ, æхсæнадон архайджытæ æмæ культурæйы кусджытæ, интеллигенцийы минæвæрттæ.
Ацы азы конкурсы уæлахиздзаутæ систы Хуссар Ирыстоны Абайты Васойы музей-хæдзары директор Остъаты Мæдинæ, Уæрæсейы сгуыхт нывгæнæг, Хуссар Ирыстоны адæмон нывгæнæг Дзукъаты Никъала, иконæтæ нывгæнæг Айларты Олланæ, Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты директор Хъаныхъуаты Зæлинæ.
Хетæгкаты Къостайы номыл наукон-культурон центр ма сбæрæг кодта ноджыдæр иу конкурс – «Мæ хъайтар сæрмагонд æфсæддон операцийы». Архайдтой дзы республикæйы ахуырдзаутæ. Сæ хуыздæрты разамонджытæ-ахуыргæнджытæ – Солиты Лидæ – Дзæуджыхъæуы 44-æм скъола, Саламты Лидæ – скъола «Диалог», Уататы Верæ – Ногбæтæхъойыхъæуы скъола, Гæдзауты Зæирæ – 26-æм скъола, Ситохаты Зарæ – Дзæуджыхъæуы 15-æм скъола. Хорзæхджын æрцыдысты центры Кады гæххæттытæй. Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты хистæр ахуыргæнæг Милдзыхты Аиритæ ахуырады бирæ азты сыгъдæгзæрдæ æмæ æнтыстджынæй кæй фæкуыста, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд Кады гæххæттæй.
Кæронбæттæны Фысджыты цæдисы правленийы сæрдар Хозиты Барис зæрдæбын арфæтæ ракодта уæлахиздзаутæн.
Касаты Батрадз














