Цæмæн аивта ирон адæймаджы удыхъæд? Ацы фарст мын æнцой нæ дæтты. Арæх бахауын хъуыдыты уацары. Нæ куырыхон фыдæлтæ, цыфæнды гуыргъахъ фæндæгтыл цæугæйæ дæр, цавæрфæнды зындзинæдты бахаугæйæ дæр, ирон рæсугъд æгъдæуттыл фидар куы хæцыдысты, уæд сæ абон сæ фæдонтæ цæмæн зыгъуыммæтæ кæнынц?
Журнал «Мах дуг»-ы адæмон фыссæг Агънаты Гæстæны аивадон-документалон уацау «Суджы уæрдон» куы бакастæн, уæд та мæ зæрдыл æрлæууыд мæ саби, ме ‘взонджы бонтæ цы фæрнджын хъæуы арвыстон, уыцы зæдбадæн Дзуары-хъæу. Растæр зæгъгæйæ, Гæстæны ацы æмæ ма йæ иннæ уацаутæ тынг зæрдиагæй раджы бакастæн, фæлæ та æрæджы мæ размæ фæци журнал «Мах дуг»-ы 2020 азы æхсæзæм номыр, æмæ, кæд, уацауты дзырд цæуыл цæуы, уый бæлвырд зыдтон, уæддæр та йæ кæрæй-кæронмæ тынг лæмбынæгæй бакастæн. Æмæ та хъуыдыты аныгъуылдтæн. Уæдæ, цæй фидар, фæразон æмæ быхсон разындысты нæ фыдæлтæ! Нæ бакуымдтой сæттын цыфыддæр знагæн. Ахъаззаджы ныхкъуырд раттой немыцаг балбирæгътæн. Нæ сыл фæтых сты нæдæр – æххормаг азтæ, нæдæр – мæлæтхæссæг низтæ. Цыфæнды уавæрты дæр Советон Цæдисы æппæт адæмтимæ Иры дзыллæтæ дæр бахъахъхъæдтой Фыдыбæстæ, ирон фарн, кад æмæ намыс. Уымæн сын стыр ахъаз уыдысты сæ иудзинад, кæрæдзимæ уарзондзинады æнкъарæнтæ. Æмвæнд, æмзонддзинад сын тых дæр, хъару дæр æмæ ныфс дæр лæвæрдта.
Нæ хъæу æмæ нæ сыхы Фыдыбæстæйы Стыр хæсæй ма цы иугай нæлгоймæгтæ æрбаздæхт, уыдон, сæ фæллад нæ нымайгæйæ, бавнæлдтой хæсты фæстиуджытæ аиуварс кæнынмæ. Фыццаджыдæр, банывыл кæнын хъуыд хъæууон хæдзарад. Æмæ нæлгоймагæй-сылгоймагæй, стырæй-чысылæй сæ дыстæ арф батылдтой æмæ, æхсæв-бон нæ хынцгæйæ, уæхскуæзæй архайдтой. Уæдæ хæст æнæдарæг цы бинонты фæкодта, уыдон дæр рохуаты нæ баззадысты. Иумæйагæй, æмдыхæй, æмзондæй сын алывæрсыг æххуыстæ кодтой…
Мæ фыд хæстмæ ацыд 1942 азы æмæ, кæд хæсты уæззау цæфтæ фæци, уæддæр 1945 азы, августы йæ бинонтыл сæрæгасæй сæмбæлд. Уæлахизы бон æй æрæййæфта æфсæддон госпитæлы. Кæд йæ цæфтæ бынтон нæма байгас сты, уæддæр йæ хъæуккæгты æмрæнхъ æрлæууыд – æвæллайгæйæ куыста семæ. Хæдзарад куы банывыл кодтой, уæд та бавнæлдтой, хæсты рæстæг цы хæдзæрттæ фехæлдысты, басыгъдысты, уыдон аразынмæ.
Мæ фыд куыддæртæй самал кодта хæрæгуæрдон æмæ уый руаджы хорз æххуыстæ кодта сыхæгтæн, сидзæргæстæн, зæрæдтæн. Сæумæцъæхтыл-иу йæ хъилхъус хайуаны аифтыгъта уæрдоны æмæ-иу хъæдмæ фæраст. Хур-иу йæ был нæма сдардта, афтæ-иу мæ фыд хъысхъысгæнаг сугæй дзаг уæрдон æрлæууын кодта сыхæгтæй куы кæй, куы кæй хæдзары дуармæ. Афтæ радыгай ласта суг, арæхдæр – сидзæргæс сылгоймæгтæн.
Уыцы рæстæг хъæдгæсæй куыста нæхи хъæуккаг Хæдарцаты Созырыхъо – æууæнкджын, бæрнон адæймаг, иузæрдион йæ куыстыл. Æмæ куыд нæ, Коммунистон парти йын бабар кодта ацы бæрнон хъуыддаг! Созырыхъо-иу арæх амбæлд мæ фыдыл, хъæдæй-иу суджы уæрдонимæ куы рацæйцыд, уæд. Кæм-иу уыд хъæдгæсæн æхсызгон, æмæ-иу мæ фыдæн бауайдзæф кодта:
– Сандыро, æгъгъæд нæма у, хъæд иууылдæр куы ныццагътай!
Мæ фыд дæр-иу, кæй зæгъын æй хъæуы, фефсæрмы ис æмæ йын-иу уæзданæй афтæ бакодта:
– Омæ, Созырыхъо, не ‘ххормаг сабитæн мæ бон æндæр ницæмæй
баххуыс кæнын у. Уадз æмæ, зæгъын, æртхуыз уæддæр уой. Стæй, мыййаг, мæлæты хорз сугтæ куы нæ сты, мæнæ хъæдхъыгдарæнтæ рамбырд кодтон, уазал сабитæ, зæгъын, сæм сæ гомгуыбынтæ уæддæр батавдзысты.
Мæ фыд æнæлаз, æнæхин, зæрдæхæлар, цæстуарзон лæг уыд. Фæлæ -иу зыдта, Созырыхъойæ кæй нæ аирвæздзæн, уый, æмæ-иу æй хин ми кæнын дæр бахъуыд. Уæрдоны гуыффæйы-иу бынæй сæвæрдта хорз, арты гуыргуырæй чи судздзæн, ахæм сугтæ, уæле та сыл-иу æркалдта фæрвы къалиутæ, пыхсытæ. Ома хъæдæн дæр бынтон знаггад нæ кодта, æрзылд-иу æмæ-иу зæронд, кæлæддзаг бæлæстæ алыгтæ кодта. Созырыхъо æмбаргæ лæг уыд æмæ йыл фæгуырысхо. Иу бон йæ фæдыл (мæ фыд суджы уæрдон куы ласта, уæд) гуырæй-гуырмæ фæцыд æмæ, сыхæгты кæрты суджы уæрдон куыд афтид кодта, афтæ йæ уæлхъус алæууыд. Уыцы рæстæг хæдзарæй цингæнгæйæ ракалдысты амæй-ай къаддæр бæгънæг, бæгъæввад, æххормаг фондз сывæллоны. Созырыхъо сæм куы фæкомкоммæ æмæ куы бамбæрста, сугтыл афтæ тынг кæй цин кæнынц сидзæр сабитæ, уый, уæд зæхмæ нымдзаст æмæ мæ фыдæн сабыргай загъта: «Дæ куыст кæн, æрмæст аивæй архай. Хицауады цæст дыл макуы æрхæцæд». Æмæ æнкъардæй, сæргуыбырæй кулдуары æдде фæци.
Нæ хъæуы мæ фыды хуызæн хæрзгæнджытæ уæды рæстæг чысыл нæ уыд.
Суанг ма, хæстæй уæнгхъуæгтæй чи сыздæхт, уыдон дæр æнцад бадын сæ сæрмæ нæ хастой. Сæ бон куыд уыд, афтæ æххуыстæ кодтой сæ сыхæгтæн. Адæм ма-иу, колхозы куыстытæй уæлдай, кæрæдзийæн баххуыс кæнынæн дæр рæстæг ссардтой. Кау бийынæй, хос кæрдынæй, хæдзар амайынæй, хæдзары сæр æмбæрзынæй – иууылдæр сæ кодтой æмдыхæй. Зиу нымад уыд æппæтæй ахсджиагдæр хъуыддагыл. Стыр худинагыл нымад уыд иумæйаг зиумæ нæ рацæуын. Ахæм куыстытæ-иу, фыццаджыдæр, бакодтой сидзæртæн. Рохуаты никуы баззадысты æдых, æвæрæз хистæр кары адæм. Кæстæртæ сыл-иу, æнæмæнг, баузæлыдысты. Уæды рæстæг, куыд фæзæгъынц, адæмæн сæ куыст дæр, сæ хæрд дæр уыд иумæйаг. Цардысты «а» æмæ «о»-йæ, кæрæдзийы æмбаргæйæ, кæрæ-дзийæн аргъ кæнгæйæ. Сæ уалдзыгон, сæрдыгон æмæ фæззыгон куыстытæ кæддæриддæр кодтой иумæ. Иумæ-иу арвыстой сæ зымæг дæр. Афтæ хæлар æмæ уарзонæй цардысты адæм советон дуджы…
Абон та? Абон суджы уæрдон нæ, фæлæ дын къæцæл дæр лæвар ничи ратдзæн, иу тихалæг дæр дын лæвар ничи ракæрддзæн, иу зæгæл дæр дын нæ ныххойдзæн, нæ дын сæппардзæн иу белгом дæр. Æнæ æхца фенгæйæ дæм фæстæмæ дæр ничи фæкæсдзæн. Гъе, афтæ цæхгæр аивта ирон адæймаджы удыхъæд. Нал ис йæ кой дæр рæсугъд æгъдау зиуæн. Æхца йæ йæ быны афсæрста. Бирæ рæсугъд æгъдæуттыл фæуæлахиз æхца. Акæсæм ма нæ алыварс. Бонджынтæ хæлоф кæнынц, галуантæ аразынц. Мæн фылдæр фæуайыл архайынц. Раст зæгъы Саутæты Тамилæ, ныры æнæфсис дуджы æхца бакусыны охыл суанг тæссаг рæтты дæр хæдзæрттæ аразынц. Æрцахстой Куырттаты комы суанг айнæг къæдзæхтæ дæр. Сæ æрдзон уагыл сæ нал уадзынц, фæлдахынц сæ. Суанг ма æрлæбырынæй тæссаг кæм у, уыцы рæтты дæр фæзынд хæдзæрттæ. Нæ куырыхон фыдæлтæ хорз æмбæрстой, æрдз не сфæлдисæг дæр æмæ нæ дарæг дæр кæй у, æмæ йын табутæ дæр уымæн кодтой. Хъахъхъæдтой йæ. Ныры дуджы та æрдзы фыдæхæй дæр ничиуал тæрсы. Мулкджынтæ алырдæм лæбурынц. Нæ тæрсынц знæт Фыййаджыдонæй дæр, кæрæй-кæронмæ йын йæ былгæрæттæ бацахстой. Ахæм зыдыкатæм æххуысы охыл куы баулæфай, уæд сæхи нæхъусæг, нæуынæг скæнынц. Афтæ, ныры фæлдурæджджын дуджы нæ ирондзинад, иудзинад, зæрдæхæлардзинад, уарзондзинад ивд æрцыдысты æхцайæ. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ирон адæймаджы удыхъæды рæсугъддзинад дæр мынæгæй-мынæгдæр кæны.
ФÆРНИАТЫ Рая, Уæллаг Фыййагдоны цæрæг














