Æмгуыстады бадзырд

0
37

Хетæгкаты Къостайы номхæссæг университеты ректор Огъуаты Алан æмæ Адæмæн куысты бынæттæ дæттыны центры разамонæг Дзытиаты Сослан бафыстой æмгуыстады гæххæтт. Уый руаджы нырæй фæстæмæ студенттæн, рауагъдонтæн куысты бынæттæ агуырд цæудзæн, дæсныйад раивыны фадæттæ фæхуыздæр уыдзысты, уымæй дарддæр æргом аздахдзысты кадртæ цæттæ кæныны фарстамæ.

Æмгуыстады рæстæг нымад цæудзысты фæллойы базарады домæнтæ. Разыйы гæххæтты сæ къухтæ чи бавæрдта, уыдон æргом здахдзысты практикæ æмæ стажировкæмæ, куыстдæтджытæ архайдзысты ахуырады хъуыддæгты, кæронбæттæн фæлварæнты, нысанмæарæзт ахуырад парахатдæр кæндзæн.

Фылдæр æргом здахдзысты студенттæн куысты бынæттæ ссарынмæ, уыдонимæ уыдзысты алыхуызон домæнтимæ студенттæ дæр. Æххуыс сын кæндзысты куысты бынатмæ бацæуыны тыххæй резюме ныффыссыны, рагагъоммæ аныхас кæнынмæ сæ бацæттæ кæныны, карьерæйы пълантæ скæныны, рæстæгмæ куыст ссарыны фарстайы.

Адæмæн куысты бынæттæ дæттыны центры йæхирдыгæй университетæн дæтдзæн фæллойы базарады тыххæй аналитикон хатдзæгтæ. Æмгуыстады бадзырд бафыссыны архайдтой Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты проректортæ, декантæ, факультетты разамонджытæ. Огъуаты Алан куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Адæмæн куысты бынæттæ дæттыны центримæ æмгуыстад тынг ахсджиаг у студенттæн куысты бынæттæ агурыны, уымæй дарддæр ахуырады хъуыддаг хъуамæ фæллойы базары домæнтæн дзуапп дæтта.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты рауагъдонты зонынц æппæт бæстæйы дæр. «Ахсджиаг нын у, нæ рауагъдонтæ цавæр бынæтты кусынц, сæ мызд цас у, разы дзы сты æви нæ. Регион лæмбынæг у кадртæ цæттæ кæныны фарстамæ, адæймаджы капитал республикæйæн ахсджиаг æмæ хъæугæ у», – загъта университеты ректор.

Дзытиаты Сослан куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй æрыгон специалисттæн куысты бынæттæ раттын ахадгæ фарста у.

– «Дыууæвæрсыг архайдимæ баст сты Цæгат Ирыстоны  фидæн æмæ республикæйы рæзт. Университеты рауагъдонтæн сæ дæсныйадмæ гæсгæ куыст раттыныл тынг архайдзыстæм. Уыдон хъуамæ разы уой куыстæй. Цæгат Ирыстоны куыст-уæттæ хорз цæттæ кадртæй сифтонг кæнын нымайæм нæ хæсыл», – загъта Дзытиаты Сослан.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here