Хистæр фæлтæры минæвæрттæй ныр дæр рох чи нæу, 1986 азы 26 апрелы Украинæйы сæйраг горæт Киевы облæсты Чернобылы æрбынæттонуæвæг атомон электростанцæйы чи æрцыд, дунейы дзыллæты зæрдæтæ сæнкъуысынгæнæг ахæм егъау техногенон бæллæх.
Йæ заманы америкæгтæ амынд фыдбылызы тыххæй кæй систой, кинонывы уыцы сериал «Чернобыль»-ы тыххæй мæм ис цалдæр фиппаинаджы. Æз мæхæдæг архайдтон амынд бæллæхы фæстиуджытæ иуварс кæныны куысты, æмæ, хъуыддæгтæ куыд цыдысты, уый мæ рох нæу. Документалон чи нæу, уыцы сериал «Чернобыль»-мæ бакастæн, æмæ мæм кинонывы тыххæй сæвзæрæг хъуыдытæ дзыллæты рæгъмæ хæссын.
Америкæгты хъуыдымæ гæсгæ, Советон Цæдисы алцы æвзæр уыд, хъуыддæгтæ иууылдæр сусæггæндтæ уыдысты, адæймагмæ хи хъуыды раргом кæныны бар нæ уыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, иуæй-иу хъæн-дзинæдтæ нæ бæстæйы уыд, фæлæ, аиппытæ нæ нымайгæйæ, нæ раздæры бæстæйæн егъау техногенон фыдбылызы фæстиуджытæ цыбыр рæстæгмæ аиуварс кæнын бантыст.
Атомон электростанцæйы æрцæуæг бæллæхы рæстæг æз куыстон Ростовы облæсты арæзтадон объекттæй иуы. Чернобылаг фыдбылызы ахадындзинад ам дæр бæрæг дардта. Арæзтадон объекттæн сæ фылдæр хай сæхгæдтой. Цемент, хуыр, арматурæ æмæ арæзтадон техникæ æрвыстой Чернобылмæ. Зæгъæн ис, æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг куыд уыд, афтæ ныр дæр бæстæ архайдта «Все – для фронта, все – для победы!»-йы фæткæвæрдмæ гæсгæ.
Афæдз фæстæдæр, 1987 азы, мæнмæ дæр иуварсгæнæджы (ома, «ликвидатор»-ы) хуызы фыдбылызы бынатмæ фæсидтысты æмæ егъау фæз-уат, стæй дзыллæты бæллæхы фæстиуджытæй куыд ирвæзын кæнынц, уый комкоммæ уагæй уыдтон. Амæй размæ адæм ахæм лыггæнинаг фарстатыл кæй никуы сæмбæлдысты æмæ хъуыддæгтæ фæлварæнты уагæй аразын кæй бахъуыд, уый нын зындзинæдтæ æвзарын кодта.
Радиацион тынтæй тæрсгæйæ, техногенон фыдбылызы фæстиуджытæ иуварс кæныны рæстæг æфсæддон службæгæнджытæ сæ хæслæвæрдтæ нывыл уагæй не ’ххæст кæндзысты, зæгъгæ, хицаудзинады кусджытæ афтæ æнхъæл уыдысты, фæлæ, хъуыддæгтæ куыд равдыстой, афтæмæй, радиацион тæссагдзинад нæ нымайгæйæ, æфсæддонтæ цыфæнды вазыгджын хæслæвæрдтæ ныфсхастæй, æнæлазæй æххæст кодтой. Хъахъхъæнынады фæрæзтæй æнæмæнг пайда кæнын кæй хъæуы, хатгай-иу техногенон фыдбылызы фæстиуджытæ иуварсгæнæг æфсæддон службæгæнджытæн уый сæ зæрдыл ноджыдæр ма иу хатт æрлæууын кæнын бахъуыд.
Æнæрхъуыдыдзинады æндæр цаутыл дæр-иу сæмбæлæн уыд. Зæгъæм, нуазыны донласæг хæдтулгæты скъæрджыты хæс уыд хæрæндонмæ сыгъдæг дон ласын. Сыгъдæг доны гуырæнтæм дард цæуын кæй хъуыд, уый нымайгæйæ, амынд скъæрджытæ доны хæстæгдæр гуырæнтæ агуырдтой, фæлæ ацы гуырæнтæй цæуæг дон сыгъдæг уыд æви нæ, скъæрджытæ ууыл нæ хъуыды кодтой, æмæ-иу хатгай ацы æууæлы аххосæй хылтæ дæр рауадысты.
Атомон электростанцæйы æрцæуæг техногенон бæллæхы рæстæг æндæр уагæй æркæсын кæмæ бахъуыд, ахæм фарстатæ дæр рабæрæг сты. Зæгъæм, адæймаг-иу йæ уæлæ цалдæр сахаты дæргъы кæй фæдардта, уыцы противогазты-иу бамбырд радиацион рыг, æмæ-иу афтæмæй ацы противогазтæ сæхæдæг радиацион тынты гуырæнтæ систы. Техногенон фыдбылызы фæстиуджытæ иуварсгæнæг адæймæгтæ сæ улæфæн оргæнтæ хъахъхъæдтой респираторты æххуысæй. Фыдбылызы фæстиуджытæ иуварсгæнæг адæймæгтæн æрвылбон ног респиратортæ лæвæрдтой.
Кинонывы сериал иуæй-иу æцæг цаутæ мæнг хабæрттимæ æмхæццæ кæны. Киноныв саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, сериалмæ чи бакæсдзæн, уыцы дзыллæтæм хъуамæ сæвзæрдаид мæнæ ахæм хъуыды: «Политикон уагæй раст арæзт чи нæу, уыцы паддзахад, Советон Цæдисы, хъуамæ æнæмæнг æрцæуой чернобылаг техногенон фыдбылызы хуызæн бæллæхтæ». Царды æцæгæй чи æрцыд, сериал уыцы цаутæ æвдисы æндæр уагæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, техногенон фыдбылызы фæстиуджытæ иуварсгæнæг адæм стыр зындзинæдтæ æвзæрстой, уымæн æмæ амынд
хъуыддаг æнцонæй сæххæст кæнæн нæ уыд.
Сериал «Чернобыль» куыд æвдисы, афтæмæй фыдбылызы фæстиуджытæ иуварсгæнæг адæм иууылдæр расыггæнджытæ уыдысты. Фæлæ ацы хабар раст нæу. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæстиуджытæ иуварсгæнæг адæм карз нозт дæр-иу хатгай анызтой, фæлæ ацы адæм фыднозт нæ кодтой, къупыритæ схонæн сæ нæй. Карз нозт Чернобылмæ арæхдæр ластой Киевæй. Чернобылмæ цæуæг фæндæгтыл æвæрд цæстдарæн-уадзæн бынæтты рад чи хаста, уыцы æфсæддон службæгæнджытæ фыдбылызы тæлммæ цæуæг хæдтулгæты джигул кодтой æмæ-иу, хæдтулгæты мидæг кæй ссардтой, карз нозтимæ уыцы бæрцуæттæ-иу фæндаггæрæтты саст æрцыдысты. Сусæгæй карз нозтласджытæ хатгай стырдæр æфхæрд дæр-иу баййæфтой.
Радон хæслæвæрд æххæст кæныны тыххæй шахтертæн æхца сын бафидынæй зæрдæ куыд бавæрдтой, киноныв ахæм сценæ æвдисы. Фæлæ шахтертæ се ’нæниздзинад æхцайыл баивыныл не сразы сты. Уæ хæслæвæрд кæд не ‘ххæст кæнат, уæд сæдæгай мин адæймæгтæ фæмард уыдзысты, зæгъгæ, æрмæст ахæм хабар фехъусгæйæ, шахтертæ сæ хæслæвæрд æххæст кæнын райдыдтой. Ацы сценæ банымайæн ис сериал «Чернобыль»-ы æвдыст æнæхин цауыл. Сценæ дзурæг у советон адæмы удуæлдайдзинады миниуæгыл.
Чернобылаг хабæрттыл дзургæйæ, бафиппайын хъæуы иу ахæм æрхæндæг цау. Радиацион тынтæ кæй бахъыгдардтой, ахæм тæлмы цæрæг адæмы цæрынмæ раивтой æдас регионтæм. Фæлæ чернобылаг тæлмæй æдас регионтæм раивæг адæмы цард иттæг бæллиццаг нæ рауад, уымæн æмæ бирæ рæстæг рады лæууын-иу кæй тыххæй бахъуыд, ацы адæмæй домдтой ахæм алыхуызон справкæтæ æмæ æндæр гæххæттытæ. Зындзинæдтæн нæ бафæразгæйæ, æндæр регионтæм раивæг адæмæй бирæтæ фæстæмæ сæ цæрæнуæттæм æрбаздæхтысты. Радиаци кæй бахъыгдардта, уыцы фæзуатыл цæрын тæссаг у, зæгъгæ, ахæм уайдзæфæн дзуапп дæтгæйæ, амынд адæймæгтæ загътой: «Алыхуызон къантортæм бирæ хæттыты цæуыны æмæ дзы дзæвгар рæстæг рады лæууыны бæсты фæлтау нæхи хæдзæртты, исты амал кæнгæйæ, цæрдзыстæм. Хъуыддæгтæ куыд æвдисынц, афтæмæй, радиациимæ абаргæйæ, бирæ рæстæг рады лæуд адæймагæн къаддæр зындзинæдтæ не ’взарын кæны». Æвæццæгæн, зындзинæдтæ бавзарæг адæм сайгæ нæ кодтой.
Юрий Петросов, æхсæнадон уацхæссæг














