Адæмы цард хуыздæр кæнын

0
74

Ивгъуыд къуырийы горæт Краснодары кадджын уавæры сбæрæг кодтой æмæ раттой премитæ «Золотой фонд России» нæ бæстæйы регионты хуыздæр амалхъом адæмæн.

Уыцы преми 2007 азы сфидар кодта Регионалон рæзты фонд, æмæ уæдæй абонмæ у æхсæнадон хæрзиуæг, раттынц æй регионты ’хсæн экономикон æмæ культурон бастдзинæдтæм гæсгæ зынгæ æнтыстдзинæдтæ, амалхъомад æмæ граждайнаг пайдайаг, хъомысджын хъæппæристы тыххæй. Уыдонæн сæ сæйраг хæс у адæмы царды уавæртæ æмæ гæнæнтæ хуыздæр кæнын.

Конкурсы архайджыты æвзæрста Регионалон рæзты фонд «Перспектива». Уæрæсейы хуыздæр амалхъом адæймæгты конкурсмæ равдыстой сæ бынæтты муниципалон администрациты разамонджытæ, афтæмæй сын хорз æмæ пайдайагыл банымадтой се ’мзæххонты цард фæхуыздæр кæныны лæггæдтæ æмæ куыст.

Фонды кадджын преми чи райста, уыдонимæ уыди не ’мзæххон Магкæты Бертæ дæр, раттой ма йын майдантæ «Амалхъомады æнтыстытæ» æмæ «25 азы дæргъы хуыздæр разамонæг».

Хекъилаты Маринæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here