Уæ бон хорз, зынаргъ «Рæстдзинад»-ы кусджытæ! Мæ уарзон газет ме ‘рыгоны бонтæй нырмæ æхсызгонæй кæсын, рафыссын æй, уарзын иронау хабæрттæ кæсын. Мæн дæр фæнды арфæйы ныхæстæ ныффыссын хорз ирон лæджы тыххæй.
Цоты цот зæнджы магъз сты, уыдонæй уарзондæр, зæрдæмæ хæстæгдæр ницы ис. Æрæджы мæ авдаздзыд чысыл хур Арсен Арсенянæн йæ зæнг ныррæссыд, æрлæууын æй нал уагъта, æмæ нæхицæн бынат нал ардтам фырсагъæсæй. Дохтырмæ йæ акодтам, æмæ нæ уый арвыста хирург Кудзаты Хъазыбегмæ. Тынг дзæбæх цæстæй нæм ракаст ацы Хуыцауы уарзон адæймаг. Загъта, тагъд сывæллонæн операци скæнын кæй хъæуы, æмæ йын æй кæнгæ дæр скодта. Мах æй бафарстам, цас хъæуы ‘хца, зæгъгæ. Уый фæлмæн бахудт æмæ загъта, æз, дам, рынчын сабийæ æхца нæ исын.
Ныртæккæйы рæстæджы æнæ ‘хцайæ иу къахдзæф дæр нæ акæндзынæ, укол дæр бирæтæ æнæ ‘хца нæ кæнынц, æмæ махмæ уый тынг диссаг фæкаст. Ис ахæм адæм, кæцыты сæ бинонтæ дæр нал фæхъæуынц æхцайы охыл. Цард тæбæгъы донау кæй у, уый сæ ферох вæййы, кæцырдæм фæкъул уыдзæн, уый бæрæг нæ вæййы. Афтæ сæ дарддæры цардыл нæ ахъуыды кæнынц.
Ныр мах æппæт бинонтæй нæ сæрæй ныллæг кувæм Кудзаты Хъазыбегæн, сыгъзæрин къухтæ æмæ зæрдæйы хицауæн, нæ тыхсты заман нын ахæм æххуыс чи бакодта. Æнæниз æмæ æнæмаст уæд, бинонты амондæй хайджын, йæ куысты мидæг ноджы стырдæр æнтыстдзинæдтæ йæ къухы куыд æфта, Хуыцау ын ахæм арфæ ракæнæд!
ДАТИТЫ Нинæ, Хуссайраг поселок














