Сæрдыгон туристон афонмæ цæттæдзинад æмæ фароны куысты бæрæггæнæнтыл ныхас рауад, Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг Дмитрий Чернышенко Туризмы рæзты хицауадон къамисæн цы æмбырд сарæзта, уым.
Къамисы æмбырды архайдтой федералон министрадтæ æмæ ведомствæты бæрнондæр разамонджытæ, видеобастдзинады руаджы – Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис. Бæстæйы вице-премьер Дмитрий Чернышенко куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй национ проект «Туризм æмæ уазæгуарзондзинад»-ы бæрæггæнæнтæ рауадысты зæрдæмæдзæугæ.
«Иумæйаг мидбæстон продукты туризмы хай рауад 3,1 проценты, туристон лæггæдтæ скодтам 8,75 миллиард доллæрæн, уый айразмæйы азимæ абаргæйæ, у 20 проценты фылдæр. Туристтæн фысымуæтты уæлдæр кълæстимæ номыртæ ис 1 милуанæй фылдæр. Фæсарæнтæй нæм æрбацæуæг туристон балцыты нымæц 13 проценты фылдæр фæцис. Бæстæйыл туристон балцыты нымæц 4,1 проценты фылдæр фесты», – загъта Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг.
Уый бафæдзæхста регионты минæвæрттæн, цæмæй фылдæр æргом аздахой бинонты туризммæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты фæлладуагъдмæ, æнæниздзинады цыбыргонд авналæнтимæ адæмæн туристон инфраструктурæ аразыны хъуыддæгтæм. Федералон разамынды минæвæрттæ дæр æрдзырдтой æппæт ахсджиаг фарстатыл.
РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис æмбырдæй хатдзæгтæ кæнгæйæ куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны стыр æргом здахынц туризмы рæзтмæ, транспортон æнцонвадатмæ. «Фæстаг азты транспортон æнцонвадаты нысантæ царды уадзæм фылдæр. Фæндаггон инфраструктурæйæ сарæзтам дæсгай объекттæ, уыимæ, хæхты дæр. Æппæт афонты кусæг курорт «Мамысон»-æн сарæзтам тъунел, фæндаджы дыууæ хайы. Нырмæ курорт сæмбæлд туристты 65 мин адæймагыл», – радзырдта Дзанайы-фырт.
Куыд ма бацамыдта, афтæмæй рацарæзтой хæххон Дыгурмæ хонæг тъунел æмæ фæндаг, Джызæлæй Хъæрмæдонмæ фæндагыл дæр къæпхæнгай куыст цæуы. «Æхсæнадон транспорты куыст нывылгонд цæуы РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы фæрцы. Балхæдтам ног автобустæ, хæхбæстæм фæзынд ног маршруттæ. Туристтæн аразæм удæнцой уавæртæ», – фæбæрæг кодта республикæйы Хицауады Сæрдар.
Уæдæ «Транспортон-логистикон комплекс»-ы фæлгæты сарæзтой ног Аэровагзалон комплекс аэропорты мидæг. Уæрæсейы Президент куыд бафæдзæхста, афтæмæй ныртæккæ бавнæлдтой хæххон курорт «Цъæй»-мæ хонæг фæндаджы рацарæзтмæ, «Хæххон Санибайæ Хъæрмæдонмæ» хонæг трассæ аразынмæ, æндæр ахсджиаг нысантæм.
Ацы сæрды туристон афонмæ республикæ йæхи цæттæ кæны, тагъд æхсызгонæй сæмбæлдзæн уазджытыл. Уæрæсейы Хицауады минæвæрттæ æмбырдмæ рахастой туристты æдасдзинады фарстатæ, вазыгджын маршруттæм рахизгæйæ, хæхты бæрзæндтæм цæугæйæ, æппæт уыдæттæ хъуамæ уой æдас уавæры.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














