Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Советы радон æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.
Депутаттæ æркастысты æмæ равзæрстой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст федералон æмæ республикон закъонты проекттæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы иуæй-иу субъектты закъонæвæрынадон хъæппæристæ.
«Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы территорийыл хъалонтæ æвæрыны хуымæтæгдæр системæйæ пайда кæнгæйæ, хъалонфидджыты хицæн къордтыл хъалон æвæрыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проекты фæдыл ныхас кодта Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдары хæдивæг Тауитты Алыксандр. Документы нысан у амалхъомадон куыстытæм гæсгæ амалхъомты хицæн къордæн сæ хъалонты уаргъ фæрогдæр кæнын, 1 кæнæ 5 процентæй фылдæр куыд нæ уа, афтæ.
«Рынчындæттæ, диспансертæ æмæ, Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады дæлбар чи ис, сæрмагонд хуызы уыцы медицинон кусæндæттæ æлхæнинæгтæ кæнынæн РЦИ-Аланийы Медицинон фæдзæхстады территориалон фондæй лæвæрд фæрæзтæй куыд спайда кодтой, уый сбæрæг кæныны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Цæстдарæн-нымайæн палатæйы бæрæггæнæн мадзæлтты тыххæй хъусынгæнинаджы» фæдыл Парламент амæй размæ рахаста уынаффæ. Уыцы уынаффæ куыд æххæстгонд æрцыд, ууыл уыд æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæдивæг Темырты Карэны раныхас. Куыд загъта, афтæмæй, паддзахадон нысаниуæджы æлхæнинæгтæ кæнгæйæ, медицинон кусæндæттæ æруагътой уыцы-иухуызон халæн цаутæ, бæлвырддæр: Иумæйаг информацион системæйы æлхæнинæгты тыххæй хъусынгæнинаг афоныл æвæрд нæ цыд; æлхæнинæгтæ кæнынæн сын афæдзмæ цы æхцайы фæрæзтæ лæвæрд цыд, се ‘лхæнинæгтæ-иу уыдонæй фылдæр рауадысты; афоныл-иу сайты нæ равæрдтой, æлхæнинæгтæ цы пъланмæ гæсгæ кæндзысты, уыцы хъусынгæнинаг æмæ афтæ дарддæр. Æппæт уыдæтты аххосæй хæлд цыдысты конкуренцийы бындуртæ, æппынфæстаг хъуыддаг æвзæрæрдæм ахадыдта медицинон лæггæдты хæрзхъæддзинадыл.
Æлхæнинæгтыл æмбæлгæ бæрцæй фылдæр схардз кодтой Æрыдоны, Дыгуры, Алагиры районты центрон рынчындæттæ, Республикон клиникон рынчындон, Тагъд æххуысы клиникон рынчындон, онкодиспансер. Ууыл ныхас кодта Медицинон фæдзæхстады территориалон фонды директоры хæдивæг Къарджиаты Ларисæ.
Фарстайы фæдыл ма ныхас кодта Цæстдарæн-нымайæн палатæйы сæрдары хæдивæг Бекъойты Хъазыбег.
Æмдоклад скодта Парламенты социалон политикæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ.
Советы уæнгтæ ма байхъуыстой Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Граждайнаг хъахъхъхъæнынад æмæ æнæнхъæлæджы цауты комитеты архайды фæдыл амынд комитеты сæрдар Александр Хоружийы докладмæ. Раныхасгæнæг бæстон æрдзырдта, граждайнаг хъахъхъæнынад æмæ адæмы æнæнхъæлæджы цаутæй бахъахъхъæныны тыххæй ивгъуыд аз цы мадзæлттæ арæзт цыд, уыдоны тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй, æнæнхъæлæджы цаутæ æрцæуыны рæстæг фæдзурын æмбæлы æххуысы телефон «112»-мæ. «Æххуыс бацагурыны тыххæй адæмæй суткæмæ вæййы 1 800-æй 3 мины онг дзæнгæрæджы. Иунæг дæр дзы æнæ дзуаппæй нæ баззайы. Ирвæзынгæнæг къордтæ æвæстиатæй атындзынц, се ‘ххуыс кæм бахъæуы, уырдæм. Цæттæгæнæн ахуыртæ арæзт цæуынц иудадзыгдæр», – загъта раныхасгæнæг. Республикон профессионалон агурæг-ирвæзынгæнæг службæйы тыххæй загъта, ивгъуыд аз ирвæзынгæнæг къордтæ фæдисы кæй рацыдысты 612 хатты, ацы азы 1 апрелмæ та – 181 хатты.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты промышленность, транспорт, бастдзинад æмæ амалхъомады комитеты сæрдар Киситы Мурат. Фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд Тускъаты Таймуразмæ, Парламенты Сæрдары хæдивæг Ортабайты Тимурмæ, депутат Хъамболты Дзамболатмæ.
Советы уæнгтæ ма цы федералон æмæ республикон закъонты проекттæ æмæ регионалон закъонæвæрынадон хъæппæристæ равзæрстой, уыдоны фæдыл ныхас кодтой Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Черчесты Аслан, Реуазты Ларисæ, Киситы Мурат.
Уымæй уæлдай, депутаттæ сбæлвырд кодтой Парламенты хæстæгдæр æмбырды боны фæтк æмæ йæ саразыны æмгъуыд.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ














