Нæ республикæмæ кусæг балцы æрцыд, УФ-йы Фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæг, æфсæддон журналист, публицист Николай Иванов. Фыссæг фембæлдис Цæгат Ирыстоны фысджытимæ, æхсæнадон архайджытæ æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытимæ.
Фембæлды архайдтой нæ республикæйы Фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барис, фысджытæ: Агънаты Гæстæн, Цомартаты Изæтбег, Дзасохты Музафер, Касаты Батрадз, Скъодтаты Эльбрус, Баситы Зæлинæ, Хетæгкаты Къостайы номыл Национ-культурон центры сæрдар Æлборты Иван, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы администрацийы специалист Бигъуылаты Людмилæ, Цæгат Ирыстоны адæмон артист Цæриаты Валери, сывæллæтты журнал «Ногдзау»-ы редактор Сæлбиты Дианæ.
Николай Иванов Дзæуджыхъæуы иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдис, æмæ, куыд загъта, афтæмæй йæ алы æрбацыдыл дæр ын Ирыстоны адæм зæрдиагæй бацин кæнынц:
– Адæймаг йæхæдæг хорзæй цы дæтты, уый йæм фæстæмæ дывæрæй здæхы. Бæрæгбоны хуызæн вæййы мæнæн мæ уды равг, Ирыстонмæ куы абалц кæнын, уæд. Ам мын бирæ хæлæрттæ ис, иууылдæр мын æфсымæрты хуызæн сты. Фæлæ мын ныр бауайдзæф кодтой, куыд æрæгмæ нæм цыдтæ, зæгъгæ. Уæрæсе егъау æмæ æнæкæрон бæстæ у, æмæ мæ бирæ рæттæм цæуын бахъæуы. Мæ балцы нысан ацы хатт у, фæззæджы æртыккаг фестиваль «Ирон фæндыр» саразын æмæ фысджыты сфæлдыстадон уавæртæм лæмбынæгдæр æркæсын. УФ-йы Фысджыты цæдисы сæрдар Владимир Мединский бæлвырд йе ‘ргом аздæхта фысджытæн ахъаззаджы æххуыс кæныны фарстатæм. Бахæс нын кодта нæ бæстæйы алы регионы дæр сбæрæг кæнын, литературæйы æнтыстдзинæдтæ кæй къухы æфты, уыцы фысджыты, æмæ саразын фысджыты сæрмагонд регионалон минæварадтæ, бæлвырд æмæ ахадгæ уавæртæ – се сфæлдыстадон куыстæн. Ис нæм бирæ фæндтæ. 30 азы дæргъы нын фыццаг хатт субсидиты хуызы æхца дæр дихгонд цæуы литературон фестивальтæ аразынæн. Ахæм фестивальтæ та нæ бæстæйы бирæ ис. Дагестаны – «Белые журавли», «Осетинская лира» – Цæгат Ирыстоны, Читайы – «Забайкальская осень» æмæ бирæ æндæртæ. Фестиваль «Булæмæргъ» ирон æвзагыл цæуы, фæлæ нæ фæнды, цæмæй йæ аразой уырыссагау дæр. Раздæр фысджытæн материалон æххуыс цыдис афæдз иу хатт 72 мин сомы. Владимир Мединский та фæнд бахаста уыцы материалон æххуысы бæрц 140 мин соммæ сисын. Уымæй уæлдай æркæсын, Фысджыты цæдисы уæвгæйæ, æхсæнадон царды чи нæ архайы, уыцы фысджыты иумæйаг организацийæ аиуварс кæнын,– дзырдта Николай Иванов.
Нæ республикæйы Фысджыты цæдисы правленийы сæрдар Хозиты Барис та фæнысан кодта, фæззæджы Цæгат Ирыстоны фестиваль «Ирон фæндыр»-ы рæстæг Николай Ивановы уацмыс «Пока играет флейточка» ирон æвзагмæ тæлмацгондæй кæй фендзыстæм, уый. Тæлмац та йæ ракодта Цомартаты Изæтбег.
Фембæлды архайджытæ ныхас кодтой се сфæлдыстадон куысты лыггæнинаг фарстатыл, бирæ фарстытæ раттой Николай Ивановмæ æмæ сын бæлвырд дзуаппытæ лæвæрдта.
Саутæты Тамилæ














