Культурон бынты объекттæ цæудзысты хъахъхъæд

0
73

Дыууæ боны республикæйы Национ чиныгдоны Хуссайраг æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты субъектты хицаудзинады æххæстгæнæг оргæнты разамонджытимæ цæуы ныхас культурон бынтæ бахъахъхъæныны фарстаты фæдыл. Уæрæхгонд æмбырды архайынц Донецкы, Луганскы Адæмон республикæты, стæй Херсон æмæ Запорожьейы облæстты минæвæрттæ. Æмбырды райдайæны йæ архайджытæм фæсидт нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

– Сæйрагдæр у, цы ма дзы баззад, уыцы объекттæ бахъахъхъæнын. Уымæн та  хъæуы рæстæг. Ныридæгæн уыцы куыст  æххæстгонд цæуы, цы бынæттæ æмæ цыртдзæвæнтæ йæм бахастам, уыдоны бацæуæнты æвæрд цæуынц табличкæтæ æмæ штрихкодтæ. Нæ мæсгуытæ æмæ зæппадзтæ, культурон бынтæм республикæйы цыдæриддæр хаст æрцыд, уыдон бахæссын хъæуы реестрмæ. Æхцайы фæрæзты бæрц хынцгæйæ, архайæм сæ бындурон цалцæгыл, сæ иутæ уал реставраци æрцыдысты хицæн адæймæгты фæрцы. Иннæтæ хуыздæр рæстæг æмæ гæнæнтæм æнхъæлмæ кæсынц. Се ‘ппæты дæр хъæуы хыгъды сæвæрын. Ныридæгæн уал 360 объектæй сæвæрдтой 70, уыцы куыст дарддæр цæуы. Уый нæ истори у, æмæ йæ фидæны фæлтæртæн бахъахъхъæнын хъæуы. Æппæт дæр нæхицæй аразгæ у, – загъта республикæйы Сæргълæууæг.

Историон туризм цы бынæтты рæзы, уырдæм бацæуæггаг лæвар нæу. Хъуыдыйаг у, культурон бынтæм хаст чи æрцыд, уыдон сног кæнынæн фæрæзтæ хæрз чысыл уагъд кæй цæуы æмæ уый æнæзынгæ нæу куыстыл. Архайынц хицæн адæймæгтимæ сæ сног кæныны фарстайыл, каст цæуы, сæ бахъахъхъæныны химæ райст хæстæ чи нæ æххæст кæны, уыдон сæ цæмæй æххæст кæной, объекттæ хæссынц кадастр-мæ, æмæ уымæй баххæст кæнынц культурон объектты реестр. Æппæт дæр аразынц закъонмæ гæсгæ, дарддæр кусдзысты, гæнæн кæм ис, уым се сног кæныныл. Уый фæахъаз уыдзæн, историмæ йæ хъус чи дары, уыцы адæмæн. Цымыдисаг сты нæ музейты рагзаманты фондтæ. Нæ истори, культурæ, традицитæ æмæ ‘гъдæуттæ бахъахъхъæнын ахсджиаг у алы адæмыхаттæн дæр. Уый кæрæдзиуыл фæлтæрты бæтты культурон объектты руаджы.

Форумы куысты архайы Уæрæсейы Культурон бынтæ бахъахъхъæныны паддзахадон департаменты директоры хæдивæг Денис Сергейы фырт Проценко. Йæ архайджытæн арфæйы ныхæсты фæдыл хæрзиуджытæ ратта, ацы къабазы æнæзæрдæхудт фæллой чи кæны, уыцы адæймæгтæн. Йæ раныхасы темæ уыд «Культурон бынтæ бахъахъхъæныны закъонæвæрынад аивын æмæ барадæй спайда кæныны практикæ». Бæстон дзы æрлæууыд,
фæстаг рæстæг ацы къабазы цы ног закъонтæ фидаргонд æрцыдысты, уыдоныл. Культурон бынтæ хъахъхъæнын æмæ сæ пайда кæныны республикон комитеты сæрдар Гæлуаты Ацæмæзы раныхас баст уыд, Республикæ Цæгат  Ирыстон-Аланийы историон æмæ культурон цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны куысты цы райхалинаг фарстатæ ис, уый фæдыл.

Уæрæхгонд æмбырды архайы Хъырымы Культурæйы министрады культурон бынтæ хъахъхъæныны паддзахадон департаменты  сæргълæууæджы хæдивæг Александр Валентинович Жаворонков, уый бæстон радзырдта, ацы ахсджиаг хъуыддаджы цы лыггæнинаг фарстатæ æвзæры æмæ сæ бакусыныл куыд архайынц, уый тыххæй.
Республикæйы уазджытæ бæстон æрныхас кодтой тæссагдзинæдты бæрæггæнæнты ахадындзинадыл. Уæрæхгонд æмбырды архайджытæн абон фенын кæндзысты Дæргъæвсы æмæ Куырттаты кæмттæ, акæндзысты сæ Къæхтысæрмæ.

 ХУЫБИАТЫ Ларисæ,

къамтæ систа
Татьяна ШЕХОДАНОВА

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here