Алы курдиатмæ дæр акаст бæрнонæй

0
51

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло Уæрæсейы Президенты исæн уаты Дзæуджыхъæуы фембæлд тыхстаг фарстаимæ йæм æрбацæуæг цæгатирыстойнаг цæрджытимæ. Рæгъмæ рахастæуыд арæзтады, фæлгонцады, социалон инфраструктурæты фарстатæ.

Ацы фембæлды архайдтой сæйраг федералон инспектор Сергей Гончаров, РЦИ-Аланийы Хицауады уæнгтæ, районты разамынд. Рахизфарсы æхсæнадон палатæйы сæрдар Бургалаты Заремæ æрхатыд республикæйы Сæргълæууæгмæ, цæмæй Беслæны, Ленины номыл сквермæ дзæбæх базилой. Рахизфарсы районы сæргълæууæг Мрыкаты Хъазыбег куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы аз сквер бахастой «Горæтаг алфамбылæйттæн фадатджын уавæртæ саразын»-ы федералон проектмæ.

Мæздæджы районы цæрæг Александрæ Карнач та æрхатыд республикæйы Сæргълæууæгмæ Павлодольскаяйы станицæйы амбулатори саразыны курдиатимæ. Ныры амбулатори санитарон домæнтæн дзуапп нæ дæтты, станицæйы цы амбулатори ис, уый æппæт Павлодольскаяйыл не ‘ххæссы. Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Реутов куыд загъта, афтæмæй хъавынц ног, стырдæр бæстыхай саразынмæ.

Сергей Меняйло бафæдзæхста, цæмæй медицинон æппæт кусæндæттæ æххæст уой специалисттæй, æмæ дзы уа хъæугæ кабинеттæ. Павлодольскаяйы станицæйы амбулаторийы фæзуат уыдзæн 250 квадратон метры, куыстытæ кæронмæ фæуыдзысты 2026 азы октябры. Кæрдзыны хъæуы цæрæг Теона Иванишвилийы курдиатæй ацы аз бавналдзысты хъæуы сæйраг – Сабырдзинады уынг цалцæг æмæ ифтонг кæнынмæ. Уынг дæр хаст æрцыд «Горæтаг алфамбылæйттæн фадатджын уавæртæ саразын»-ы федералон проектмæ.

Дигорайы горæты Бердийы-фырты уынджы фæзындзæн сквер, Сунжæйы бавналдзысты «Хæлардзинады парк» аразынмæ. Уæллаг Санибайы фæзындзæн парчы фæзуат 800 квадратон метры. Дзæуджыхъæуы, Ног горæт»-ы микрорайоны цæрæг Томайты Виктория рæгъмæ рахаста Хъæбæлойы-фырты уынджы аллей банывыл кæныны курдиат. Хъуыддаджы бæрны бацыд Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло алы ирыстойнаджы курдиатмæ дæр акаст бæрнонæй.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ.

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here