Фидараты хæстонтæ

0
68

Кæддæр, майы уæззау тохы бонты, нæ адæммæ æрцыди Уæлахиз. Циндзинад ивылди дæрдтыл, фæлæ цы бирæ уыдысты, ирон зæхх фенынмæ бæлгæйæ, йæ адзал чи ссардта, уыцы хъæбатыртæ. Мæлæты дымгæ сæдæ æвзагæй  куы ныхситт кодта, уæд туджы зæйы лæсæнтæ анхъæвзтой нæ Райгуырæн зæххыл.

Знаг хотыхджын уыд æмæ уыдоныл йæ зæрдæ дардта. Фæлæ йын йæ тых басаста советон салдат. Стырæй-чысылæй нæ бæстæйы цæрджытæ сыстадысты цыфыддæр знаджы ныхмæ. Ирыстоны алы хæдзарæй дæр араст кодта хæстхъом фæсивæд, фæлæ дзы  хæст  бирæты  нæмгуытау байуæрста алы фронтты быдырты. Чи æрыздæхт, уыдон та дудгæ хъæдгæмттимæ, хæствæлладæй дарддæр архайдтой пырх
бæстæ йæ къæхтыл слæууын кæныныл. Уыдонæй уыдысты Быдыры Дæргъæвсы Фидараты Боцайы фырттæ Петя æмæ Барис дæр. Цы хæстарыд фæндæгтыл рацыдысты, уыдон сын сæ зæрдæтæ æмæ удты арф ностæ ныууагътой, нæ бæстæйы æфсæддон намысы историйы та сæ нæмттæ кад æмæ радимæ фыст æрцыдысты. Æз сын сæ царды хабæрттæ бæлвырд нæ зыдтон, фæлæ Петяйы фырт Руслан æрбацыд «Рæстдзинад»-мæ æмæ æрбахаста йæ кадджын фыд æмæ фыдыфсымæры бирæ хæрзиуджытæ: майдантæ, ордентæ, Сталин æмæ Жуковы номæй арфæйы гæххæттытæ. Документтæ рæстæгимæ сбур сты, бирæтæн дзы сæ фыстытыл,  цыма хæрæмигъ æрбадтис, афтæ ма тыххæй ранæй-рæтты дамгъæтæ зынынц. Æз сæ арæхстгай фæлдæхтон æмæ кастæн хæстонты хабæрттæ.

Æрыгон фæлтæрмæ уыцы рæстæджы бирæ рæсугъд фæндтæ æмæ бæллицтæ уыдис, фæлæ сын сæ аскъуыдта хæст. Ралæууыд лæгæвзарæн дуг, кæнæ цард, кæнæ – мæлæт, ахæм карз уавæр сæвзæрдис уæд адæмы зæрдæты. Петя æмæ Барис хæсты  бирæ диссæгтæ бавзæрстой, Уæлахиз  хæстæгдæр  кæнгæйæ, сæ цардыл нæ ауæрдгæйæ, æххæст кодтой се ‘фсæддон хæс.

– Мæ фыдмæ дæр æфсæддон комиссарад фæсидтис,  æмæ 1941 азы ацыд тохы быдырмæ.   Уыдис  НКВД-йы  67-æм хицæн батальоны рæнхъыты, архайдта  Кавказ немыцаг фашисттæй бахъахъхъæныны тохы, Украинаг фронты, Хъырымы Керчы æрдæгсакъадахыл тохы уæззау цæфтæ фæцис. Хæстæй æрыздæхт 1947 азы  бирæ хæрзиуджытимæ. Бакодта бинонты хъуыддаг, йæ цард сбаста Тменаты Клавдияимæ.  Рухс дунемæ сын рацыд фондз сывæллоны, фæлæ дзы дыууæйæ хæрз чысылтæй амардысты. Иннæтæ,  Руслан, Аслæнбег æмæ Светланæ бахъомыл сты. Мæ фыд куыста, хъæуы нæ фарсмæ цы хуыйæн цех байгом, уый арæзтады, фæллой кодта колхозы дæр. Мах, Петяйы цот, нæ фыдæй хъæр ныхас, къухы  цæф нæ зонæм. Хæсты карздзинад чи бавзæрста, уыцы лæджы зæрдæ æппындæр нæ фæ-
хъæбæр. Агуырдтой йæ хъæуы æхсæны æппæт хабæрттæм дæр. Къухæй та цы  нæ хæдзары дзаума арæзта, ахæм нæ уыд, суанг ма-иу къахыдарæс дæр  сцалцæг кодта.  Петя йæ цардæй ахицæн 1993 азы 86-аздзыдæй.  Хæсты архайæг  уыдис мæ мад Клавдия дæр. Куыста совхозы бригадирæй, уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæсчъылдымы ветеран. Хæсты фæстæ куыста совхоз «Землероб»-ы звеноводæй, стæй 1970 азты  та   хуыйæгæй  нæ хъæуы  цехы, цалынмæ йæ нæ сæхгæдтой, уæдмæ.

Клавдия хорзæхджын  æрцыд бирæ майдантæй, уыдонимæ – «За доблестный труд  в Великой Отечественной войне 1941-1945 гг»  æмæ  «Медаль материнства»-йæ, –  дзырдта Руслан.

Иннæ æфсымæр Барисы тыххæй та мын телефонæй йæ чызг Ивæ  радзырдта:

– Мæ фыд хæсты размæ куыста Дæргъæвсы колхозы сæрдарæй, бухгалтерæй. Бинойнагæн æрхаста Цъæхилты Соняйы. Хъомыл кодтой фондз сывæллоны. Хæстмæ куы ацыд, уæд уыдис сапер, æмæ диссаг у, ахæм тæссаг куыст кæнгæйæ,  цардæгасæй куыд баззад, уый. Дзырдта нын, Берлины рейхстаджы сæрмæ советон салдæттæ сæ тырыса куы сагътой, уæд, уыцы къорды кæй уыд, уый тыххæй.

Берлинæй фæстæмæ здæхгæйæ, йе ‘мбæлттимæ Белоруссийы хъæды  цъымарайы ныххаудысты æмæ æнæхъæн æхсæв баззадысты уазал ламидоны. Куы сæ бафиппайдтой, уæд сæ аирвæзын кодтой,   госпитæлмæ сæ аластой. Фæлæ  мæ фыды  уазал афтæ тынг бацыд,  æмæ доннизæй фæрынчын.

Æрыздæхт нæхимæ 1945 азы,   йе ‘нæниздзинад  хъыгдард, афтæмæй. Æртæ азы фæхъизæмар кодта  æмæ йæ цардæй 1948 азы ахицæн, –  дзырдта Барисы чызг Ивæ.

Фидараты Петя æмæ Барисы  бирæ хæрзиуджытæ æмæ арфæйы гæххæттытæ та  абон сæ кæстæртæн хъæбатырдзинады  æвдисæн сты, сæ кадджын хистæртæ  Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ирон лæджы ном сæрыстырæй кæй фæхастой, уымæн.

Ацы æфсымæртæн сæ бинойнæгтæ дæр Уæлахизы боны сæрвæлтау хъардтой се  ‘рыгон удтæ. Хæсты цæхæры сæ сæрыхицæуттæ уыдысты, фæлæ бомбæты рæмыгъдтытæ   æмæ немыцаг салдæтты æфхæрдæй нæ аирвæзтысты,  фæсчъылдымы чи уыд, уыцы адæм дæр. Уæддæр  фашисттæн  тыхджын ныхкъуырд лæвæрдтой советон æфсæддонтæ.  Клавдия æмæ  Соня дæр къахтой акъоппытæ, архайдтой,   кæдæм сæм-иу фæдзырдтой æххуысмæ, уыцы  æппæт куыстыты. Сæ фыдæбонæн сын аргъ скодта Советон бæстæ. Хорзæхджын æрцыдысты бирæ майдантæй.

Цымыдисаг у Клавдияйы хъысмæт. Уый тыххæй газет «Дигорæ» бæстон ныффыста.  Украинаг поэт Алексей Максименко йæ рæстæджы цы æм-
дзæвгæты æмбырдгонд рауагъта, уымæн йæ фылдæр хайы ары Быдыры Дæргъæвсы цæрæг Тменаты Дайы  (Дауыты) бинонты, сæ чызг Клавдияйы ном. Знаг бырста Кавказмæ. Карз хæст цыдис Цæгат Ирыстоны Алагир æмæ Æрæфы районты. Советон салдат, 19-аздзыд Алексей Максименко уæззау цæфтæ фæцис, хæстæг госпитæль  кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ цæф салдаты сæ хæдзармæ бахастой Тменаты бинонтæ.   Мад Надеждæйæн йæхи дыууæ æфсымæры йæ цæстытыл ауадысты, кæд, мыййаг, уыдон дæр искæм… Уыдон дæр фронты уыдысты. Æрыгон хæстоны фæлурс цæсгоммæ кæсгæйæ,  сæ чызг Клавдия куыдта æмæ йын ныфсытæ æвæрдта, мах дæ адзæбæх кæндзыстæм, зæгъгæ.  Зылдысты йæм, йæ хъæдгæмттæ йын алы хосгæнæн кæрдæджытæй дзæбæх кодтой. Зæрдæхæлар бинонтæ æхсæвæй-бонæй цæф салдаты цурæй нæ цыдысты. Цастæ æххуыс ын уыдысты кæрдæджытæ, фæлæ бинонты лæгъз дзырд æмæ фæлмæн цæстæнгас Алексейæн æвдадзы хос уыдысты. Йæ къæхтыл куы æрлæууыд, уæддæр нырма лæмæгъ уыд, фæлæ йын хъæуы фæстиат кæнæн нал уыд. Алексей тынг бузныг уыд Тменатæй, загъта сын, кæй никуы сæ  ферох кæндзæн. Алексей Максименко ацыд йе  ‘мбæлтты агурæг дарддæр фронтмæ. Бирæ азты дæргъы дзы хабар нæ уыд, цалынмæ, хæсты фæстæ фондз æмæ ссæдз азы куы рацыд, уæд   Фидаратæм  постхæссæг фыстæг не ‘рбахаста, уæдмæ.

Клавдия чындзы æрцыд Боцайы хæдзармæ Петяйы номыл. Постхæссæгмæ Клавдия ракаст, æмæ йын уый радзырдта, Киевæй Дæргъæвсы постмæ фыстæг кæй æрбацыд æмæ автор куыд куырдта, цæмæй йын фехъусын кæной Тменаты бинонты хъысмæты тыххæй. Клавдия фыстæг фырдиссагæй йæ сæрыхицау Петямæ бадавта,  æмæ уый дæр бацин кодта, æгайтма Алексей æгасæй баззад, зæгъгæ.  Уый Клавдияйы йæ хо рахуыдта,  æмæ сæ дыууæйæн  дæр,  цалынмæ цардæгас уыдысты, уæдмæ  кæнгæ хо æмæ æфсымæры ахастдзинæдтæ уыд се ‘хсæн. Алексей Максименко каст фæци Киевы университеты филологон факультет, сси Украинæйы Фысджыты цæдисы уæнг дæр. Йæ иу æмдзæвгæ «Æри-ма дон»-ы фыссæг  мысы хæсты уæззау цаутæ, ирон бинонтæ йæ мæлæты дзæмбытæй куыд байстой, уый тыххæй:

«Затихла канонада,

В аулы возвратилась тишина.

И наклонилась надо мной она

Горянкой  юной, с милосердным взглядом.

Сквозь дымку расстоянья,

Сквозь вереницы отлетевших  лет

Ищу и окликаю тот рассвет,

И шлю Осетии в любви признанье!»

– Мæ хоимæ бабæрæг кодтам  Киевы Алексейы. Тынг хорз нæ суазæг кодта, фæкодта нын йæ хæстон фæндæгты хабæрттæ, – дзырдта Руслан.

Русланы бинойнаг Хъантемыраты Зæлинæ та,   йæ хицау Петяйы мысгæйæ, афтæ загъта:

– Æз ма æнахъом уыдтæн, уæдæй хъуыды кодтон Фидараты хæстонты. Раздæр бирæ хистæртæ уыдис хъæуы: Базраты Виктор, Хъуыдакаты Петка, Фидараты Измаил, Петя æмæ Зауырбег. Уынджы-иу куы æрбамбырд сты, уæд сæм-иу мах, сывæллæттæ,  цымыдисæй кастыстæм, куыд уæздан æмæ хæларзæрдæ уыдысты, уый зæрдæйæ æнкъардтам, – дзырдта Зæлинæ.

Хæст фæцис, бирæ азтæ рацыд, фæлæ та фæстæмæ райдыдта Украинæйы зæххыл. Уæд, 1941-1945 азты,  советон салдæттæ  цæмæй уыдысты æнхъæл,  залиаг калмы кæронмæ нæ ныххурх кодтой, уымæн. Сдардта та йæ сæр æмæ тугуарæн кæны адæмыл. Атындзыдтой та нæ лæппутæ уырдæм дæр.

Саутæты Тамилæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here