Цæгат Ирыстоны дарддæр æххæстгонд цæуы республикон программæ «Æхсарджын Ирыстон». Ныр йæ тыхы бацыд программæйы цыппæрæм къæпхæн. Кадджын уавæры йæ байгом кодта æмæ йæ архайджытæн арфæ ракодта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Реутов.
– Программæ «Æхсарджын Ирыстон» у бæрнон проект. Йæ сæйраг хæс у, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы, уыдон æмæ ветеранты бацæттæ кæнын, цæмæй сабыр царды рæстæг сæ бон уа профессионалон æгъдауæй разамынд дæттын царды алы къабазы дæр: промышленность, социалон æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабæзты. Мæ бон зæгъын нæу, цас æнтыстджын рауайдзæн нæ программæ. Уый сбæрæг кæндзысты, семæ цы профессионалтæ кусынц, уыдон. Абон райдыдта программæйы кæронбæттæны цыппæрæм хай. Дарддæр сæм æнхъæлмæ кæсынц фæлварæнтæ æмæ дипломон куыстытæ. Уыдон уыдзысты сæ зонындзинæдты бæрæггæнæнтæ, – загъта Александр Реутов.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, программæйы нысан кæй у сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ ветерантæй бацæттæ кæнын, бæрзонд профессионалон дæсныйад чи райсдзæн, ахæм разамонджытæ. Уый тыххæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ ветерантæй равзæрстой 32 адæймаджы. Афæдзы дæргъы семæ цыдис куыст. Цы программæмæ гæсгæ ахуыр кодтой, уый бацæттæ кодтой Уæрæсейы Адæмон хæдзарады академийы Паддзахадон разамынды уæлдæр скъола æмæ паддзахадон службæ, АНО «Россия – страна возможностей». Уымæй уæлдай семæ куыстой нæ республикæйы æппæт министрадтæ æмæ районты разамонджытæ дæр. Ныр сæ бон уыдзæн паддзахадон хицаудзинад æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнты, Цæгат Ирыстоны æхсæнадон æмæ æндæр организациты кусын.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло программæ куы байгом кодта, уæд афтæ загъта: «Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ хъуамæ æнкъарой паддзахады æххуыс æмæ сабыр царды рæстæг дæр сæ бон уа пайда æрхæссын нæ бæстæ æмæ йæ адæмæн. Нæ хъæбатыртæ алы бон дæр стыр сгуыхтдзинæдтæ æвдисынц тохы быдыры. Ныхасæй нæ, фæлæ хъуыддагæй æвдисынц, цы у патриотизм, цæттæ сты Уæрæсейы адæмты сæраппонд цавæрфæнды зындзинæдтæм дæр. Ахæм адæм хъæуынц алы къабазы дæр. Уыдон нæ никуы фæсайдзысты! Уыдон сты нæ ныфс!»
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














