РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис видеобастдзинады руаджы бацархайдта, сæ уавæр бынтон хорз кæмæн нæу, уыцы федералон культурон бынтæ бахъахъхъæныны федералон æмбырды. Цæгат Ирыстонæй ма дзы архайдта Культурон бынтæ бахъахъхъæныны, спайда сæ кæныны комитеты сæрдар Гæлуаты Ацæмæз.
Ныхас рауад горæт Владимиры, æмбырд конд æрцыд Федерацийы Советы Сæрдар Валентинæ Матвиенкойы амынддзинадæй. Ацы ахсджиаг ныхас амыдта Федерацийы Советы экономикон политикæйы комитеты сæрдар Андрей Кутелов. Рæгъмæ рахастæуыд федералон культурон бынтæ бахъахъхъæныны нысанæн æнæбюджетон фæрæзтæ ссарыны, ведомствæты ‘хсæн æмгуыстады, историон цыртдзæвæнтыл фыццаградон куыстытæ райдайыны фарстатæ.
Андрей Кутеловы ныхасмæ гæсгæ, ацы хъуыддаджы ахадгæ фæрæзтæ кæрæдзийæн амонын у хорз фæлтæрддзинад, уæдæ регионтæ дæр сты æнтыстджын практикæты хицау. Сенаторы загъдау, иугæр хицæн адæймаджы бафæндыд кæцыдæр историон цыртдзæвæнмæ базилын, банывыл æй кæнын, уæд ын уыцы архайдæн æппæт фадæттæ дæр хъæуы саразын.
«Ацы ран цавæрдæр бюрократон цæлхдуртæн бынат нæй, хъуамæ хъуыддаг дзæбæх бантыса», – фæбæрæг кодта Федерацийы Советы сенатор. Уæрæсейы культурæйы министры хæдивæг Владимир Осинцев куыд радзырдта, уымæ гæсгæ 2026 азæй 2028 азмæ хъуамæ базилой 348 объектмæ, сæ иумæйаг аргъ 56,3 миллиард сомы, афтæмæй.
Ацы фембæлды кæронбæттæн Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстон у историон æмæ культурон цыртдзæвæнты егъау æмбырдгонды регион. Ныртæккæ уæрæсейаг адæмты культурон бынты объекттæй иумæйаг хыгъды сты Цæгат Ирыстоны æрбынæттон уæвæг 737.
Дзанайы-фырты ныхасмæ гæсгæ, историон æмæ архитектурон цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæнын у паддзахадон ахсджиагдæр хæстæй иу. «Культурон бынтæ бахъахъхъæныны, спайда сæ кæныны комитет 2024-2025 азты федералон центрмæ арвыста федералон ахадындзинадимæ 26 культурон объекты консерваци скæныны курдиат. Нырмæ дзы дыууæ объектыл куыст кæронмæ фæхæццæ кæны, сæ иу ис Æрæфы районы Фæсналы, иннæ – Уæлладжыры комы Дæллагхъæуы. А уалдзæг бавналдзысты Лисрийы аргъуан цалцæг кæнынмæ. Æппæт ацы хъуыддæгтæм тынг лæмбынæг у РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло», – загъта Хицауады Сæрдар.
Федералон ахадындзинадимæ культурон бынтæ бахъахъхъæныны тыххæй сæ хъуыдытæ рæгъмæ рахастой номдзыд, бæрнон адæм: Екатеринæ Алтабаева, Игорь Тресков, Евгений Дитрих, Михаил Борщев, Андрей Шохин æмæ иннæтæ.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














