Ныхас – ахсджиаг фарстатыл

0
67

Дзанайты Барис дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй уыд РЦИ-Аланийы Хицауады радон æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ, районты бынæттон хиуынаффæйады администрациты сæргълæуджытæ бахыгътой, ивгъуыд къуырийы дæргъы сæ къухы цы нысантæ бафтыд сæххæст кæнын, уый.

Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег йæ раныхасы фехъусын кодта оперативон уавæр.

– Республикæйы хæххон районты дарддæр дæр тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. Ивгъуыд къуырийы дæргъы сæхи æгъдауæй рацыд аст зæйы. Хъыгдард дзы ничи баййæфта. Цæгат Ирыстоны сæрмагонд службæтæ архайынц бæрзонд цæттæдзинады уавæры. 13-19 апрелы республикæйы æрцыд авд зынгсирвæзты. Хъыгдард дзы ничи баййæфта. Цæгат Ирыстоны автоинспекцийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы фæндæгтыл æрцыд 81 фæндаггон фыдбылызы. Хъыгдард дзы баййæфтой 11 адæймаджы, æмæ сæ æвæстиатæй рынчындонмæ аластой. Æртæ адæймаджы дзы фæмард сты. Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтæ ныртæккæ гом сты æппæт автотранспорты хуызтæн дæр. Республикæйы фæндæгтыл лæууы 3000 транзитон уæзласæн машинæйы, электронон рады та – 2500. Уæрæсейы Федераци æмæ Гуырдзыстоны арæныл уæлдæр амынд рæстæгмæ дыууæрдæм ахызтысты 12 000 автотранспортон иуæджы æмæ 34 000 адæймаджы, – загъта Томайы-фырт.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимуры ныхасмæ гæсгæ, боныхъæды уавæртæм гæсгæ хъармгæнæн афоныл ма бафтыд 15 боны. Хъармгæнæн системæ ахуыссын кæндзысты 1-5 майы.

Республикæйы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, æрвылбон дæр бæрæг кæнынц цæугæдæтты доны æмвæз. Арæзт цæуынц æппæт хъæугæ мадзæлттæ дæр æрдзон фыдбылызтæ ма ’руадзынæн. Уæлдай тæссагдæр районты гидрологон æмæ инфраструктурæйы уавæр бæрæг кæнынæн арæзт æрцыдысты оперативон къордтæ. Уыдон сæ цæст дарынц цæугæдæтты былгæрæттæ æмæ хидтæм.

Районты администрацитæ рагацау бацæттæ кодтой, æрдзон фыдбылызы рæстæг адæм сæхи кæм бафæсвæд кæндзысты, ахæм рæстæгмæйы бынæттæ.

Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй ахæм уавæрты фылдæр æргом аздахын хъæуы æппæт ведомствæтæ æмæ службæты æмархайдмæ.

– Дарддæр дæр цæст дарæм оперативон уавæрмæ. Боныхъæд нæ нырма нæ уадзы æрвылбоны фæткмæ рахизын, – фæбæрæг кодта Хицауады Сæрдар.

Цæгат Ирыстоны «Роспотребнадзор»- ы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ивгъуыд къуырийы бæрæггæнæнтæ куыд амонынц, афтæмæй республикæйы эпидемиологон уавæр у нывыл. Гриппæй рынчынтæ республикæйы бæрæггонд не ’рцыд. Ног коронавирусон инфекци разынд иу адæймагмæ.

Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ивгъуыд къуырийы дæргъы регионы æрцыд 159 фыдракæнды, раргом кæнын дзы бантыст 91. Барадхъахъхъæнæг оргæнтæ сбæрæг кодтой, ахуыргæнæндæттæм чи фæхæццæ, терроризмы тыххæй уыцы дыууæ хъусынгæнинаджы мæнг кæй уыдысты.

РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæйы ныхасмæ гæсгæ, республикæйы ныртæккæ грипп æмæ ОРВИ-йы аххосæй карантины æхгæд скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ нæй. Ноджы ма, министры ныхасмæ гæсгæ, Дагестанæй æрбацæуæг сывæллæттæй фондзмæ разынд ОРВИ, æмæ ныртæккæ сты рынчындоны.

– 20-25 апрелы Цæгат Ирыстоны уыдзæн сывæллæтты профессионалон дæсныдзинады дыккæгæм республикон чемпионат «Мастерята Алании-2026». Архайдзысты дзы райдайæн кълæсты 207 ахуырдзауы республикæйы 80 скъолайæ. Ацы аз чемпионат арæзт у 15 компетенцийæ. Сывæллæттæ фыццаг хатт сæ хъарутæ бавзардзысты ног компетенци – «полицейское дело»-йы.

Дзанайты Барис æппæт ведомствæты разамонджытæн дæр бафæдзæхста, 21 апрелы йæ ныййарджыты уæлмæрдтæ бабæрæг кæнын кæй фæнда, уыдоны куыд нæ бакъуылымпы кæной.

Æмбырды ма ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here