Зындгонд журналист, Цæгат Ирыстоны АССР-йы
культурæйы сгуыхт кусæг Гаппуаты-Хъуылаты Зирæйы
райгуырдыл сæххæст 100 азы
Арф зонд, рæсугъд зæрдæ æмæ цæстуарзондзинад… Ацы æмæ адæймаджы æндæр арфæйагдæр миниуджытæй хайджын уыдис æмæ сæ йæ царды сæрыстырæй фæхаста Цæгат Ирыстоны радио æмæ телеуынынады зындгонд журналист, нæ республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг Гаппуаты-Хъуылаты Буцкийы чызг Зирæ.
Советон Цæдисы Журналистты цæдисы уæнг Гаппуаты-Хъуылаты Зирæ райгуырд 1926 азы 30 матъийы Æрыдоны. Йæ сабидуг æмæ æвзонг азты федта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæззау цард, фæлæ йæ зæрдæ мисхалы бæрц дæр йæ хъысмæты бардуагмæ нæ фæфыдæх. Ахæм уавæрты руаджы арфдæр æнкъардта цард, тырныдта ахуыр æмæ чиныджы зонды рухсмæ. Астæуккаг скъола каст куы фæци Зирæ, уæд бацыд дарддæр ахуыр кæнынмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театры цур скъола-студимæ. Йæ фыццаг сфæлдыстадон къахдзæфтæ кодта æнтыстджынæй, ирон, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг драматургты пьесæтæм гæсгæ æвæрд спектакльты адæмон сценæты архайгæйæ, рæстæгæй-рæстæгмæ-иу ын фæзындон (в эпизодах) рольтæ дæр бар кодтой.
Театралон аивады дунейы сусæгдзинæдтимæ Зирæйы зонгæ кодтой национ театры номдзыд режиссертæ æмæ артисттæ Тотраты Бесæ, Таутиаты Солæман, Борыхъуаты Бимболат, Икъаты Серафин, Хъариаты Тамарæ, Магкæты Арсен, Еленæ Маркова, Цæлыккаты Мæирбег…
Чи зоны, Зирæ, театры, куыд артисткæ, афтæ цæхæр калдтаид йæ царды кæронмæ дæр. Фæлæ йæ йæ хъысмæты фæндаг æрбакодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон радиомæ. Фæстæдæр та куыста телеуынынады. Цæмæй афтæ рауадаид, уымæн та фæахъаз, йæ царды æвзонг азты чи æрцыд, иу ахæм цау. Уый тыххæй нын йæхæдæг Зирæ афтæ радзырдта: «Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ Советон Цæдисы алы горæтты бæрæг кодтой номдзыд фыссæг Максим Горькийы мысæн бон. Цæгат Ирыстоны радио дæр фыссæджы бирæвæрсыг сфæлдыстады фæдыл цы радиобакаст цæттæ кодта, уым хъуамæ йæ зындгонд уацмыс «Уарийы зарæг» комкоммæ эфиры кастаид номдзыд артист Таутиаты Солæман. Фæлæ йæ рæуджытæ хъыгдæрд уыдысты, æмæ йæ бон нæ баци нысангонд бон Радиойы хæдзармæ æрбацæуын. Уæд мæм мæ ахуыргæнæг, зындгонд актрисæ Хъариаты Тамарæ фæдзырдта æмæ мын афтæ, Горькийы уацмыс «Уарийы зарæг» радиойæ бакæсын хъæуы комкоммæ эфиры (уæд радиобакастытæ пленкæйыл нæма фыстой), æмæ, зæгъы, ды цыма сарæхсдзынæ, афтæ мæм кæсы. Ныр æз, радиомæ хъусгæ цы кодтон, æндæр радиобакастыты никуы архайдтон. Радиобакаст эфиры цы бон цыд, уыйразмæ æмæ студийы тыхсæгау кодтон. Фæлæ мæ фыццаг сфæлдыстадон къахдзæф хорз рауад. Дыккаг хатт дæр, иуцасдæр рæстæджы фæстæ та дзы ногæй Максим Горькийы райгуырæн бонмæ бакастæн йæ уацмыстæй иу».
Суинаг артисткæ æмæ ирон аив дзырды дæсны Зирæ йæ æвзонгæй, йæ кардзыды азтæм йæ аив ирон дзыхы ныхасы уаг нæ фесæфта. Радиойы хæдзары уæды рæстæджы сæргълæууæг Дзæгъиаты Григори йын йæ ныхасы аив уагмæ куы байхъуыста эфиры, уæд йæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Ирон театры цур скъола-студи каст куы фæци Зирæ, уæд æрбацыд кусынмæ Радиойы хæдзармæ. Йе ‘гъдау æмæ уагæй, зонындзинæдтæм тырнынадæй йæхи бауарзын кодта ацы артдзæсты разамындæн, техникон æмæ сфæлдыстадон æппæт кусджытæн. Йæ хæс уыд радиойы хъæууон хæдзарад, культурæ æмæ аивады архайджыты тыххæй æрмæджытæ цæттæ кæнын.
– Радиойы хæдзары куы куыстон, уæд фыццагдæр радиобакаст кæй тыххæй сарæзтон, уый уыдис хъæууон хæдзарад æмæ ирон адæмон сфæлдыстады хихъæппæрисады зындгонд архайæг Кæсæбиты Митя. Уæд лæууыд Хуымæллæджы Сталины номыл колхозы сæргъы. Мæ фарсыл – зæлфыссæн хæсгæ магнитофон. Фæдзырдта мын йæ хæдзарады æнтыстыты тыххæй. Радиобакасты дыккаг хайы та дзырдтам, ирон адæмон зарæг йæ царды цы бынат ахсы, уый тыххæй. Заргæ дæр мын акодта Митя, æмæ йæ фыццаг хатт 1952 азы Ирыстоны адæм базыдтой, куыд ирон адæмон зарæггæнæг. Æрыдоны районы маргъдарæн фермæйы уæды сæргълæууæг Уырымты Марияйы цард æмæ фæллойадон сгуыхтыты тыххæй мæнæн баргонд уыд фыццаг радиобакаст саразын. Иннæ ахæм – зындгонд хъугдуцæг, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты йæ сæрыхицау кæмæн баззад æмæ бирæ хъæбултæн сидзæргæс чи уыд, уыцы ныфсхаст æмæ фæразон Дзæгъойты Сарæ. Хур-иу нæма скаст, афтæ-иу сыстад. Йæ кæстæртæ æмæ-иу йæ хадзары куыстытæ бабæстон кодта, уый фæстæ та-иу фермæмæ ацыд хъугдуцын афон. Фæлæ уæддæр йæ ныфс нæ асаст, цард, сомбон хуыздæрыл зæрдæ даргæйæ. Царды фæлтæрæнты æхсыст адæм уыдысты уыдон се ‘ппæт дæр. Радиобакастытæ æмæ суанг хицæн чингуыты аккаг уыд сæ цард æмæ сæ фæллойы фæндаг, – дзырдта нын Зирæ.
Ивгъуыд æнусы æхсайæм азты Цæгат Ирыстоны телеуынынад куы байгом, уæд ардæм кусынмæ æрбахуыдтой Радиойы хæдзар æмæ республикон газеттæ æмæ журналты хуыздæр редакторты, уацхæсджытæ æмæ техникон кусджыты. Семæ уыд Зирæ дæр. Йæ арф зонд, ныхасы аивдзинадæй уайтагъд фæндаг ссардта телеуынынадмæ кæсджыты бирæ фæлтæрты зæрдæтæм. Ам та фылдæр цæттæ кодта литературон-драмон, музыкалон равдыстытæ.
Йæ фадат куыд уыд, афтæ Зирæ, куыд телеуынынад æмæ радиойы раздæры уацхæссæг æмæ редактор, йе ‘ргом здæхта магнитофон æмæ кинойы пленкæйыл Ирон театры спектакльтæ æмæ национ литературæйы классикон æмæ уæды рæстæджы хуыздæр поэтикон æмæ прозаикон уацмыстæ фыссынмæ. Йæ литературон равдыстытæ æмæ радиобакастытæ йын-иу сæ аив æнкъарæнджын хъæлæстæй арæхдæр сфидауын кодтой зындгонд актерæ æмæ музыканттæ Цæрукъаты Алыксандр, Цырыхаты Петр, Темыраты Дауыт, Едзиты Нинæ, Хæдзарæгаты Алыксандр, Суанты Федыр, Гæздæнты Булат…
Йæ фæлладуадзынмæ куы рацыд Зирæ телеуынынадæй, уæддæр-иу æй арæх уынджы дæр базыдтой йæ аив конд æмæ хъæлæсæй адæм. Арфтæ-иу ын кодтой зæрдиаг æмæ æхсызгонæй. Уæдæ йæ зонд æмæ дзырдаивады зонындзинæдтæй, уацхæссæджы куысты фæлтæрддзинадæй кæй фæхайджын кодта, уыцы æрыгон фæсивæд – ныртæккæйы зындгонд журналисттæ иу æмæ дыууæ не сты.
Гаппуаты-Хъуылаты Зирæ цалдæр азы размæ йæ цардæй ахицæн. Фæлæ йæ ном æмæ сфæлдыстадон куыстмæ цæстæнгасы миниуджытæ æмæ профессион арæхстдзинад рох не сты нæ республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджыты хистæр æмæ астæуккаг фæлтæртæй.
ГАСАНТЫ Валери














